Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

83 РАДЗЫРД

Иерусалимы систӕ

Иерусалимы систӕ

ӔРКӔС МА, адӕм цы кусынц, уымӕ. Израилӕгтӕ амайынц Иерусалимы систӕ. Сӕдӕ фӕндзай дыууӕ азы размӕ паддзах Навуходоносор Иерусалим куы ныппырх кодта, уӕд ын йӕ систӕ дӕр зӕххы ӕмвӕз скодта, йӕ кулдуӕрттӕ та йын басыгъта. Израилӕгты фыццаг къорд куы ӕрыздӕхт Вавилонӕй, уӕд Иерусалимы алыварс ног систӕ нӕ самадтой.

Цымӕ уал азы дӕргъы, сис цы сахары алыварс нӕ уыди амад, уым йӕ цӕрджытӕ сӕхи куыд хатыдысты? Ӕдас нӕ уыдысты. Се знӕгтӕн сӕрибарӕй уыд сӕ бон сахармӕ бацӕуын ӕмӕ сӕ амарын. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг Нееми баххуыс кодта адӕмӕн сахары систӕ ногӕй самайынӕн. Нееми чи у, уый зоныс?

Уый у израилаг. Ӕрцыд, Мардохей ӕмӕ Есфир кӕм цӕрынц, уыцы сахар Сузӕйӕ. Нееми лӕггад кодта паддзахы галуаны, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хорз зонгӕ уыд Мардохей ӕмӕ паддзахы ус Есфиримӕ дӕр. Фӕлӕ Нееми паддзах Артаксерксӕн, Есфиры сӕрыхицауӕн, кӕй лӕггад кодта, уый тыххӕй Библи ницы дзуры. Нееми лӕггад кодта, йӕ фӕстӕ чи уыд, уыцы паддзах Артаксерксӕн.

Хъуыды ма кӕныс, уыцы хорз паддзах Артаксеркс Ездрӕйӕн бирӕ ӕхца кӕй радта, цӕмӕй сӕ Иерусалиммӕ ахастаид ӕмӕ Иегъовӕйы кувӕндон сцалцӕг кодтаид. Фӕлӕ уӕд Ездрӕ сахары систӕ нӕ самадта. Базонӕм, уыцы хъуыддаг бакӕнын Неемийӕн куыд бантыст, уый.

Артаксеркс кувӕндон сцалцӕг кӕнынӕн Ездрӕйӕн ӕхца куы радта, уӕдӕй рацыд ӕртындӕс азы. Нееми у паддзах Артаксерксы сӕйраг сӕндар. Уый паддзахӕн ӕрбахӕссы сӕн ӕмӕ йӕ хъус дары, цӕмӕй йын марг мачи бадара. Уый тынг бӕрнон хӕс у.

Иу хатт Израилӕй Неемимӕ бӕрӕггӕнӕг ӕрцыд йе ’фсымӕр Ханани ӕндӕр лӕгтимӕ. Радзырдта йын, израилӕгтӕ цы фыдбонтӕ ӕрвитынц ӕмӕ Иерусалимы систӕ нырма дӕр арӕзт кӕй не сты. Неемийӕн уыцы хабар тынг зын уыди ӕмӕ уый тыххӕй куывта Иегъовӕмӕ.

Иу бон паддзах фӕхатыд, Нееми йӕхимидӕг цӕуылдӕр кӕй тыхсти ӕмӕ йӕ афарста: «Цӕмӕн афтӕ ӕнкъард дӕ?» Нееми йын радзырдта, Иерусалим куыд ӕдзӕллаг уавӕры ис ӕмӕ йӕ систӕ дӕр амад кӕй не сты, уый тыххӕй. Уӕд ӕй паддзах бафарста:

– Цӕмӕй дын у мӕ бон баххуыс кӕнын?

– Ауадз мӕ Иерусалиммӕ,– лӕгъстӕ йын кӕны Нееми,– цӕмӕй сахары систӕ самайон.

Паддзах Артаксеркс тынг хӕларзӕрдӕ у. Неемийы ауагъта ӕмӕ ма йын арӕзтадӕн хъӕдӕрмӕг самал кӕнынӕн дӕр баххуыс кодта. Куыддӕр Нееми Иерусалиммӕ ӕрхӕццӕ, афтӕ адӕмӕн радзырдта йӕ фӕндты тыххӕй. Йӕ фӕнд сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ йын загътой: «Райдайӕм аразын!»

Израилы знӕгтӕ куы федтой, сис уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр кӕны, уӕд загътой: «Цӕуӕм, ныццӕгъдӕм сӕ ӕмӕ сын сӕ куыст бауромӕм». Фӕлӕ Нееми уый куы базыдта, уӕд кусджытӕм радта хъаматӕ ӕмӕ ӕрцытӕ, ӕмӕ сын загъта: «Знӕгтӕй ма тӕрсут. Хъахъхъӕнут уе ’фсымӕрты, уӕ сывӕллӕтты ӕмӕ уӕ устыты, хъахъхъӕнут уӕ хӕдзӕрттӕ».

Адӕм сӕхи равдыстой тынг хъӕбатырӕй. Ӕхсӕвӕй-бонӕй сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ цӕттӕйӕ дардтой, ӕмӕ афтӕмӕй амадтой сахары систӕ. Фӕндзай дыууӕ бонмӕ сӕ фесты амад. Ныр адӕм сахары сӕхи хатынц ӕдас. Нееми ӕмӕ сын Ездрӕ амонынц Хуыцауы закъон, ӕмӕ адӕм сты амондджын.

Фӕлӕ уӕддӕр сӕ цард, Вавилоны уацары размӕ куыд уыд, афтӕ нал у. Адӕм сты Персы паддзахы дӕлбар ӕмӕ уымӕн хъуамӕ лӕггад кӕной. Иегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, ног паддзах кӕй рарвитдзӕн ӕмӕ уый адӕмӕн сабырдзинад кӕй ӕрхӕсдзӕн. Цымӕ уыцы паддзах чи у? Зӕхмӕ сабырдзинад куыд ӕрхӕсдзӕн? Цалынмӕ адӕм уый тыххӕй фылдӕр базыдтой, уӕдмӕ рацыд 450 (цыппарсӕдӕ фӕндзай) азы бӕрц. Уӕд зӕххыл райгуырд, фӕстӕдӕр ӕппӕты стырдӕр ахадындзинад кӕмӕн хъуамӕ уыдаид, уыцы саби. Фӕлӕ уый тыххӕй базондзыстӕм иннӕ радзырды.