Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ӔВДӔМ СӔР

Чи нын амард, уыдон райгас уыдзысты

Чи нын амард, уыдон райгас уыдзысты
  • Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый кӕцӕй зонӕм?

  • Йегъовӕйы мӕрдты райгас кӕнын кӕй фӕнды, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

  • Чи райгас уыдзӕн?

1–3. а) Адӕмӕй алкӕй фӕдыл дӕр цавӕр знаг зилы? ӕ) Мӕлӕты тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый нын стыр удӕнцой цӕмӕн хӕссы?

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн, цыма дӕ фыдгӕнӕг фӕстейӕ ӕрбасуры. Уый дӕуӕй бирӕ тыхджындӕр у ӕмӕ лидзгӕ дӕр дӕуӕй тагъддӕр кӕны. Зоныс ӕй, куы дӕ баййафа, уӕд дыл нӕ бацауӕрддзӕн, уымӕн ӕмӕ дын де ’мбӕлттӕй дӕр кӕйдӕрты амардта. Куыд дзы аирвӕзай, ууыл дӕ тых, дӕ бонӕй архайыс, фӕлӕ дӕм хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны. Ӕмӕ дӕхицӕн загътай, фесӕфтӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ӕвиппайды дӕ фарсмӕ февзӕрд, де знагӕй бирӕ тыхджындӕр чи у, ахӕм чидӕр – дӕ ирвӕзынгӕнӕг. Ӕмӕ дын зӕгъы: «Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн». Хӕрзаг, дӕ риуы дзаг сулӕфис, тӕссаг мын нал у, зӕгъгӕ.

2 Зӕгъӕн ис, ӕмӕ ахӕм знаг дӕ фӕдыл ӕцӕгдӕр зилы. Стӕй уыцы знаг ӕрмӕст дӕ фӕдыл нӕ зилы, фӕлӕ адӕмӕй алкӕй фӕдыл дӕр. Айразмӕйы сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Библи мӕлӕт хоны знаг. Никӕй бон дзы у алидзын дӕр ӕмӕ бамбӕхсын дӕр. Ӕвӕццӕгӕн, зӕххыл ахӕм адӕймаг нӕй, ӕмӕ уыцы знаг йӕ хиуӕттӕй кӕмӕн нӕ байста. Фӕлӕ Йегъовӕ мӕлӕтӕй бирӕ тыхджындӕр у. Йегъовӕ у нӕ уарзӕгой Фыд, нӕ Ирвӕзынгӕнӕг, ӕмӕ, уыцы знагыл йӕ бар кӕй цӕуы, уый иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ равдыста. Стӕй нын зӕрдӕ бавӕрдта, уыцы знагӕн йӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн. Библийы фыст ис: «Сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг дӕр – мӕлӕт» (1 Коринфӕгтӕм 15:26). Уымӕй ӕхсызгондӕр хабар ма цы хъуамӕ уа!

3 Уӕдӕ уал фыццаг аныхас кӕнӕм, мӕлӕт нын нӕ хиуӕттӕй искӕй цард куы байсы, уӕд нын куыд зын вӕййы, ууыл. Уый фӕрцы хуыздӕр бамбардзыстӕм, Библи нын цы ныфс дӕтты, уый, ӕмӕ нын уый стыр удӕнцой ӕрхӕсдзӕн. Йегъовӕ зӕгъы, чи амард, уыдон та ногӕй кӕй цӕрдзысты (Исай 26:19). О, фӕстӕмӕ цардмӕ раздӕхдзысты – райгас уыдзысты.

ИСЧИ НЫН КУЫ АМӔЛЫ...

4. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесойӕн, бирӕ кӕй уарзта, уыцы адӕймаджы мӕлӕт куыд зын уыди, афтӕ зын уыди Йегъовӕйӕн дӕр? ӕ) Йесойӕн йе ’ввахс ӕмбӕлттӕ чи систы?

4 Адӕймагыл зиан куы ’рцӕуы, уӕд ыл дуне баталынг вӕййы ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕйуал фӕкӕлы. Ахӕм рӕстӕг ныфс ӕмӕ удӕнцой агурын хъӕуы Хуыцауы Ныхасы (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4). Библийӕ нӕ бон базонын у, адӕймаг куы амӕлы, уӕд Йегъовӕмӕ ӕмӕ Йесомӕ цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны, уый. Уым фыст ис, Йесо бирӕ кӕй уарзта, уыцы адӕймаг куы амард, уӕд ын тынг зын кӕй уыд. Ӕмӕ кӕд уый Йесойӕн зын уыди, уӕд Йегъовӕйӕн дӕр зын уыди, уымӕн ӕмӕ Йесо алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды хуызӕн у (Иоанны 14:9). Йесо-иу Иерусалимы куы уыд, уӕд-иу арӕх ӕрлӕууыд Лазӕрмӕ ӕмӕ йӕ хотӕм, Марийӕ ӕмӕ Марфӕмӕ. Уыдон цардысты Иерусалиммӕ хӕстӕг хъӕу Вифанийы. Ӕмӕ афтӕмӕй уыцы бинонтӕ Йесойӕн йе ’ввахс ӕмбӕлттӕ систы. Библийы фыст ис: «Йесо бирӕ уарзта Марфӕйы, Марфӕйӕн йӕ хойы ӕмӕ Лазӕры» (Иоанны 11:5). Фӕлӕ айразмӕйы сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй иу бон Лазӕр амард.

5, 6. а) Йесо Лазӕры хӕстӕджыты ӕмӕ хиуӕтты кӕугӕйӕ куы баййӕфта, уӕд куыд кодта? ӕ) Йесо кӕй маст кодта, уый нын нӕ зӕрдӕты ныфс цӕмӕн уадзы?

5 Йесойӕн йе ’ввахс ӕмбал куы амард, уӕд куыд кодта? Библи нын дзуры, Йесо Вифанимӕ куы ’рцыд, уӕд Лазӕры хӕстӕджыты ӕмӕ хиуӕтты кӕугӕйӕ кӕй баййӕфта. Сӕ тӕригъӕдӕй йӕхицӕн дӕр «йӕ зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ нынкъард». Ӕмӕ дарддӕр Библийы фыст ис, «йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты», зӕгъгӕ (Иоанны 11:33, 35). Йесо афтӕ тынг цӕмӕн маст кодта? Ӕппындӕр ӕй ныфс нӕ уыд, ӕмӕ уый тыххӕй? Уый зӕгъӕн нӕй. Йесо йӕ зыдта, гыццыл фӕстӕдӕр диссаджы хабар кӕй ӕрцӕудзӕн (Иоанны 11:3, 4). Фӕлӕ уӕддӕр йӕ зӕрдӕ рыст ӕмӕ маст кодта.

6 Йесо Лазӕры зианыл кӕй маст кодта, уый нын нӕ зӕрдӕты ныфс уадзы. Цӕмӕн? Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йесо дӕр ӕмӕ йӕ Фыд дӕр мӕлӕтӕй се сӕфт уынынц. Фӕлӕ Йегъовӕ уыцы знаджы басӕтдзӕн! Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Хуыцау Йесойӕн цавӕр хъомыс радта, уымӕ.

«ЛАЗӔР, ӔДДӔМӔ РАЦУ!»

7, 8. а) Адӕммӕ афтӕ цӕмӕн каст, ӕмӕ Лазӕрӕн ницӕмӕйуал ис баххуыс кӕнӕн? ӕ) Йесо цы сарӕзта?

7 Лазӕры мард бавӕрдтой зӕппадзы. Ӕмӕ Йесо адӕмӕн загъта, цӕмӕй бахизӕнӕй дур айстаиккой. Фӕлӕ йӕ Марфӕ нӕ уагъта, ныр уым цыппар боны ис ӕмӕ афонмӕ стӕф кодта, зӕгъгӕ (Иоанны 11:39). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, зӕххон адӕймаг ӕндӕр куыд хъуамӕ ахъуыды кодтаид? Мардӕн ма цӕмӕй уыди баххуыс кӕнӕн?

Лазӕр куы райгас, уӕд адӕмы цинӕн кӕрон нал уыди (Иоанны 11:38–44)

8 Адӕм дур иуварс айстой, ӕмӕ уӕд Йесо хъӕрӕй загъта: «Лазӕр, ӕддӕмӕ рацу!» Ӕмӕ мӕнӕ диссаг – «мард рацыд» (Иоанны 11:43, 44). Адӕм куыд цин кодтаиккой, уый-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн. Уыцы адӕмӕй Лазӕр кӕмӕн йӕ мадызӕнӕг уыд, кӕмӕн – йӕ хӕстӕг, кӕмӕн – йе ’мбал, кӕмӕн та – йӕ сыхаг. Уыдон зыдтой, Лазӕр мард кӕй уыди. Фӕлӕ та мӕнӕ ныр сӕ разы удӕгасӕй лӕууы. Ӕвӕццӕгӕн сӕ уыцы хабар уырнгӕ дӕр нӕ кодта. Хӕрзаг ын фырцинӕй хъӕбыстӕ кодтой. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ мӕлӕтӕй бирӕ тыхджындӕр у!

Илийа райгас кодта идӕдз усы лӕппуйы (1 Паддзӕхты 17:17–24)

9, 10. а) Йесо Лазӕры кӕй хъаруйӕ райгас кодта, уый куыд равдыста? ӕ) Библийы мӕрдты райгасы тыххӕй цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдон нын ныфсы хос куыд сты?

9 Йесо афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, уыцы диссаг мӕхи хъаруйӕ сарӕзтон. Лазӕрмӕ куы фӕдзырдта, уый размӕ уал скуывта, ӕмӕ уымӕй равдыста, мӕрдты Йегъовӕ кӕй ӕгас кӕны (Иоанны 11:41, 42). Йегъовӕ адӕймаджы ӕрмӕст уӕд нӕ райгас кодта. Хуыцауы Ныхасы ма фыст ис ноджыдӕр аст ахӕм хабары тыххӕй *. Уыцы хабӕрттӕ куы фӕкӕсӕм ӕмӕ сыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нын нӕ зӕрдӕ батавынц. Бамбарӕм ӕй, Йегъовӕйӕн адӕм иууылдӕр иухуызон зынаргъ кӕй сты. Кӕй райгас кодта, уыдоны ’хсӕн уыди ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр, нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр, дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ, дзуттаг чи нӕ уыд, ахӕмтӕ дӕр. Чи-иу райгас, уыдонӕн-иу сӕ хиуӕттӕ куыд цин кодтой! Зӕгъӕм, Йесо иу гыццыл чызджы куы райгас кодта, уӕд ма йӕ ныййарджытӕ «фырцинӕй цы акодтаиккой, уый нал зыдтой» (Марчы 5:42). Йегъовӕ сын ахӕм циндзинад ӕрхаста, ӕмӕ йын ферохгӕнӕн нӕ уыд.

Апостол Петр райгас кодта иу сылгоймаджы, Доркӕйы (Хъуыддӕгтӕ 9:36–42)

10 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо кӕй райгас кодта, уыцы адӕм ӕнустӕм цӕргӕйӕ нӕ баззадысты. Уӕдӕ сӕ уӕд дзӕгъӕлы райгас кодта? Нӕ, уый дзӕгъӕлы нӕ уыд. Уыцы хабӕртты фӕрцы хуыздӕр ӕмбарӕм ахсджиаг хъуыддӕгтӕ, стӕй нын нӕ зӕрдӕты ныфс дӕр уадзынц.

МӔРДТЫ РАЙГАСЫ ХАБӔРТТӔ НЫН ФИДАР КӔНЫНЦ НӔ УЫРНЫНДЗИНАД

11. Екклесиасты 9:5 стихы фыст ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый Лазӕры хабар куыд ӕвдисы?

11 Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй мӕрдтӕ «ӕппындӕр ницы зонынц». Ӕмӕ уый хорз ӕвдисы Лазӕры хабар. Лазӕр куы райгас, уӕд цымӕ адӕмӕн, мӕрдты дзӕнӕты кӕнӕ уӕлӕрвты куыд хорз у, уый кой кодта? Кӕнӕ сын, мӕрдтӕ зындоны куыд хъизӕмар кӕнынц, уый тыххӕй дзырдта? Библийы ахӕмӕй ницы ис фыст. Уыцы цыппар боны Лазӕр «ӕппындӕр ницы зыдта» (Екклесиаст 9:5). Уый уыди, фынӕй адӕймаг куыд вӕййы, уый хуызӕн (Иоанны 11:11).

12. Лазӕр ӕцӕгдӕр кӕй райгас, уый кӕцӕй зонӕм?

12 Лазӕры хабар ма хорз ӕвдисы, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый аргъау кӕй нӕу. Чырысти Лазӕры куыд райгас кодта, уый бирӕтӕ сӕхи цӕстӕй федтой. Суанг ма, Чырыстийӕ йе сӕфт чи уыдта, уыцы дины разамонджытӕ дӕр басастысты, уыцы хабар ӕцӕгдӕр кӕй ӕрцыд, ууыл. Уыдон дзырдтой: «Ныр куыд кӕнӕм? Ацы адӕймаг [ома Йесо] бирӕ диссӕгтӕ аразы» (Иоанны 11:47). Адӕм цыдысты, чи райгас, уыцы адӕймаджы фенынмӕ. Ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты Чырыстийыл. Лазӕр сын уыди удӕгас бӕлвырдгӕнӕн, Йесо Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй уыд, уымӕн. Ӕмӕ уый тыххӕй дзуттаг дины разамонджытӕ Йесойы дӕр ӕмӕ Лазӕры дӕр марынмӕ хъавыдысты (Иоанны 11:53; 12:9–11).

13. Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у мӕрдты райгас кӕнын?

13 Мард райгас уа, уый, баууӕндӕн кӕуыл нӕй, ахӕм хабар у? Нӕу. Йесо йӕхӕдӕг загъта, кӕй ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, «ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон» райгас уыдзысты (Иоанны 5:28). Йегъовӕ у Сфӕлдисӕг, уый радта цард алкӕмӕн дӕр ӕмӕ алцӕмӕн дӕр. Уӕдӕ цымӕ иу хатт цы сфӕлдыста, уый йӕ бон ногӕй скӕнын нал бауыдзӕн? Ацы уавӕры бирӕ аразгӕ у, Йегъовӕйӕн йӕ бон бахъуыды кӕнын цас у, уымӕй. Чи нын амард, уыдон дзы нӕ ферох сты? Ахъуыды-ма кӕн, Дун-дунейы цы стъалытӕ ис, уыдонӕн нымӕц дӕр нӕй, фӕлӕ дзы Хуыцау алкӕцы дӕр хоны йӕ номӕй! (Исай 40:26). Уӕдӕ Йегъовӕ Хуыцауӕн зын нӕу, нӕ хиуӕттӕй чи амард, уыдонӕн сӕ алы фезмӕлд дӕр ӕрхъуыды кӕнын ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздахын.

14, 15. Йегъовӕйы мӕрдты райгас кӕнын кӕй фӕнды, уый Иовы ныхӕстӕ куыд ӕвдисынц?

14 Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕйы фӕнды мӕрдты райгас кӕнын? Библийы фыст ис, тынг ӕй кӕй фӕнды. «Адӕймаг куы амӕла, уӕд ма ногӕй цӕрдзӕн?» – хъуыды кодта рӕстаг адӕймаг Иов. Уый дзырдта, зӕгъгӕ, ӕз ингӕны ӕнхъӕлмӕ кӕсин, цалынмӕ мӕ Хуыцау не ’рхъуыды кӕна, уӕдмӕ. Иов Йегъовӕйӕн загъта: «Ды мӕм фӕдзурдзынӕ, ӕмӕ дын ӕз дзуапп ратдзынӕн. Дӕ къухтӕ кӕуыл фӕфыдӕбон кодтой, уый фенынмӕ бӕлдзынӕ» (Иов 14:13–15).

15 Ахъуыды-ма кӕн! Йегъовӕ бӕллы мӕрдты райгас кӕнынмӕ. Ацы хъуыды дын дӕ зӕрдӕ нӕ тавы? Фӕлӕ мӕрдтӕ куыд райгас уыдзысты? Стӕй чи райгас уыдзӕн ӕмӕ кӕм?

«ИНГӔНТЫ ЧИДӔРИДДӔР ИС, УЫДОН»

16. Чи райгас уа, уыдон цавӕр уавӕрты цӕрдзысты?

16 Библийы цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдонӕй бирӕ цыдӕртӕ базонӕн ис, фидӕны мӕрдтӕ куыд ӕгас кӕндзысты, уый тыххӕй. Хуыцау-иу ам зӕххыл цӕрынӕн кӕй райгас кодта, уыдон-иу сӕ хиуӕттимӕ фембӕлдысты ӕмӕ дарддӕр иумӕ цардысты. Ӕмӕ афтӕ уыдзӕн фидӕны дӕр. Ӕрмӕст уӕд цард уыдзӕн бирӕ хуыздӕр. Ӕртыккаг сӕры куыд цӕуы дзырд, афтӕмӕй Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр суыдзӕн дзӕнӕт. Уӕдӕ, чи райгас уа, уыдон нал фендзысты хӕстытӕ ӕмӕ фыдракӕндтӕ, стӕй низтӕ дӕр нал уыдзӕн. Уыцы адӕмӕн сӕ бон уыдзӕн зӕххыл ӕнустӕм фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрын.

17. Чи райгас уыдзӕн?

17 Чи райгас уыдзӕн? Йесо йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй, «ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон ын фехъусдзысты йӕ хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (Иоанны 5:28, 29). Раргомады 20:13 стихы дӕр фыст ис: «Денджыз радта, чи дзы уыди, уыцы мӕрдты, мӕлӕт ӕмӕ ингӕн [«гадес», фиппаинаг] дӕр радтой, чи дзы уыд, уыцы мӕрдты». Ацы стихы «ингӕн», кӕнӕ «гадес», амоны зӕхмӕ, кӕнӕ сыджытмӕ. (Кӕс Уӕлӕмхасӕн, статья «Цы сты шео́л ӕмӕ га́дес?».) Мӕрдтӕ иууылдӕр кӕм сты, уыцы ингӕн сафтид уыдзӕн. Цы адӕм дзы ис, уыдон ногӕй цӕрдзысты. «Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр»,– ныффыста апостол Павел (Хъуыддӕгтӕ 24:15). Куыд ӕмбарын хъӕуы ацы ныхӕстӕ?

Зӕххыл Дзӕнӕты мӕрдтӕ райгас уыдзысты ӕмӕ сӕ хиуӕттимӕ кӕрӕдзийы цинӕй бафсӕддзысты

18. а) Хуыцау кӕй райгас кӕндзӕн, уыцы «рӕстгӕнджытӕ» чи сты? ӕ) Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый дын куыд ӕххуыс кӕны?

18 Уыцы «рӕстгӕнджытӕм» хауынц, Библийы цы адӕймӕгты кой цӕуы, уыдонӕй бирӕтӕ. Уыдон цардысты, Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уый размӕ ӕмӕ сын уыди фидар уырнындзинад. Зӕгъӕм, Ной, Авраам, Саррӕ, Моисей, Руф, Есфир ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр чидӕртӕ. Кӕйдӕрты тыххӕй дзы дзырд цӕуы Дзуттӕгтӕм фыстӕджы 11-ӕм сӕры. Фӕлӕ ма «рӕстгӕнджытӕм» хауынц, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй нӕ рӕстӕджы чи амард, уыдон дӕр. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый зонгӕйӕ адӕймаг мӕлӕтӕй нал фӕтӕрсы (Дзуттӕгтӕм 2:15).

19. Чи сты «фыдгӕнджытӕ» ӕмӕ сын Йегъовӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ цавӕр фадат ратдзӕн?

19 Цы зӕгъӕн ис «фыдгӕнджытӕй» та? Уыдонмӕ хауынц миллиардтӕ. Уыдон Йегъовӕйы нӕ зыдтой ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ нӕ лӕггад кодтой ӕмӕ йӕ коммӕ дӕр нӕ кастысты. Фӕлӕ уыдон дӕр Хуыцауӕй рох не сты. Йегъовӕ уыдоны дӕр райгас кӕндзӕн ӕмӕ сын фадат ратдзӕн, цӕмӕй йӕ базоной ӕмӕ йын йӕ адӕмимӕ иумӕ лӕггад кӕной. Уыцы хабӕрттӕ ӕрцӕудзысты мин азы дӕргъы. Уый уыдзӕн диссаджы рӕстӕг. Библийы уыцы рӕстӕг хуыйны Тӕрхоны бон *.

20. Дзырд «гееннӕ» кӕцӕй равзӕрд ӕмӕ уырдӕм чи бахауы?

20 Уӕдӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, чи амард, уыдон се ’ппӕт дӕр райгас уыдзысты? Библи куыд дзуры, афтӕмӕй мӕрдтӕй иуӕй-иутӕ сты «гееннӕйы» (Лукайы 12:5). Дзырд «гееннӕ» равзӕрд, кӕддӕр Иерусалимы ӕдде цы бырондон уыд, уый номӕй. Уырдӕм-иу аппӕрстой адӕмы мӕрдтӕ дӕр, ӕмӕ-иу уым басыгъдысты. Уыцы бырондонмӕ-иу аппӕрстой, ӕгъдауыл бавӕрын ӕмӕ райгас кӕныны аккагыл кӕй нӕ нымадтой, уыцы адӕймӕгты мӕрдтӕ. Уӕдӕ «гееннӕ» хорз ӕвдисы, адӕймаг ӕнустӕм кӕй фесӕфт ӕмӕ кӕй никуыуал райгас уыдзӕн, уый. Кӕд удӕгӕстӕн дӕр ӕмӕ мӕрдтӕн дӕр Чырысти тӕрхон кӕндзӕн, уӕддӕр Сӕйраг Тӕрхонгӕнӕг Йегъовӕ йӕхӕдӕг у (Хъуыддӕгтӕ 10:42). Ӕмӕ иугӕр адӕймагӕн ахӕм тӕрхон рахаста, зӕгъгӕ, ай у фыдгӕнӕг ӕмӕ йӕ йӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныууадзын нӕ фӕнды, уӕд ӕй никуы райгас кӕндзӕн.

УӔЛАРВОН ЦАРД

21, 22. а) Чи райгас уа, уыдонӕй иуӕй-иутӕ кӕм цӕрдзысты? ӕ) Уӕлӕрвты цӕрынӕн фыццаг чи райгас?

21 Библийы ма дзырд цӕуы, чидӕртӕ уӕлӕрвты цӕрынӕн кӕй хъуамӕ райгас уой, уый тыххӕй дӕр. Уым фыст ис ӕрмӕстдӕр иу ахӕм хабары тыххӕй, ома Йесо Чырысти уӕлӕрвты цӕрынӕн кӕй райгас.

22 Йесойы амардтой, фӕлӕ Йегъовӕ йӕ иузӕрдион Фырты ингӕны нӕ ныууагъта (Псалом 16:10; Хъуыддӕгтӕ 13:34, 35). Хуыцау Йесойы райгас кодта, ӕрмӕст адӕймаджы хуызы нӕ. Апостол Петр куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй Чырыстийы, «адӕймаг уӕвгӕйӕ», амардтой, фӕлӕ «уӕларвон буары» райгас (1 Петры 3:18). Уый ӕцӕгдӕр диссаг уыди. Йесо та ногӕй уыд удӕгас – фӕстӕмӕ сси ӕнӕуынгӕ хъомысджын зӕд! (1 Коринфӕгтӕм 15:3–6). Уӕдӕ уӕларвон цардмӕ фыццаг Йесо райгас (Иоанны 3:13). Фӕлӕ уый фӕстаг нӕ уыд.

23, 24. Чырыстийы «гыццыл дзуджы» чи ис ӕмӕ цал сты?

23 Йесо зыдта, тагъд фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм кӕй аздӕхдзӕн, ӕмӕ йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕн загъта, зӕгъгӕ, «ӕз цӕуын, цӕмӕй уын бынат ӕрцӕттӕ кӕнон» (Иоанны 14:2). Уӕлӕрвтӕм чи цӕуы, уыдоны Йесо схуыдта «гыццыл дзуг» (Лукайы 12:32). Уыцы гыццыл къорды цал иузӕрдион чырыстоны ис? Раргомады 14:1 стихы апостол Иоанн дзуры: «Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон: мӕнӕ Сионы хохыл лӕууы Уӕрыкк [ома Йесо Чырысти], йемӕ та – сӕдӕ цыппор цыппар мины, йӕ ном ӕмӕ йӕ Фыды ном сӕ ныхтыл фыст кӕмӕн у, уыдон».

24 Уыцы 144 000 чырыстоны райгас уыдзысты уӕларвон цардмӕ. Уыдонмӕ хауынц Чырыстийы иузӕрдион апостолтӕ дӕр. Фӕлӕ кӕд райгас уыдзысты? Апостол Павел ныффыста, уыцы хабар кӕй ӕрцӕудзӕн, Чырысти «куы ’рцӕуа, уӕд», ома уӕлӕрвты Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ куы райса, уый фӕстӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:23). 9-ӕм сӕрӕй базонӕн ис, абон мах раст уыцы рӕстӕджы кӕй цӕрӕм. Уӕдӕ ма 144 000 зӕххыл чи ис, уыдонӕй абон исчи куы амӕлы, уӕд ӕвиппайды райгас вӕййы уӕларвон цардмӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:51–55). Адӕмӕн сӕ фылдӕр та райгас уыдзысты фидӕны ӕмӕ цӕрдзысты зӕххыл Дзӕнӕты.

25. Иннӕ сӕры дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

25 Куыд федтам, афтӕмӕй Йегъовӕ не знаджы басӕтдзӕн. Мӕлӕтӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн! (Исай 25:8). Фӕлӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс, уӕлӕрвтӕм чи ацӕудзӕн, уыдон уым цы кусдзысты, зӕгъгӕ. Уыдон уыдзысты Хуыцауы Паддзахады, кӕнӕ уӕларвон хицауады. Уыцы хицауады тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм иннӕ сӕрӕй.

^ 19 абз. Тӕрхоны бон цы у ӕмӕ адӕм тӕрхонгонд цӕмӕ гӕсгӕ цӕудзысты, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис Уӕлӕмхасӕнӕй, статьяйӕ «Цы у Тӕрхоны бон?».