110 СӔР
Фӕстаг бон кувӕндоны
МАТФЕЙЫ 23:25–24:2 МАРЧЫ 12:41–13:2 ЛУКАЙЫ 21:1–6
-
ЙЕСО ДАРДДӔР КАРЗӔЙ УАЙДЗӔФ КӔНЫ ДИНЫ РАЗАМОНДЖЫТӔН
-
КУВӔНДОН ПЫРХГОНД ӔРЦӔУДЗӔН
-
МӔГУЫР ИДӔДЗ УСЫ МЫСАЙНАГ – ДЫУУӔ ЛЫСТӔГ ӔХЦАЙЫ
Йесо фӕстаг хатт уыди кувӕндоны ӕмӕ чиныджыдӕсныты ӕмӕ фарисейты цӕстмӕ митӕ дарддӕр хурмӕ хаста, комкоммӕ ма сӕ цӕстмӕхъустӕ дӕр схуыдта. Ахӕм цӕвиттон сын ӕрхаста: «Къус ӕмӕ тӕбӕгъ ӕддейӕ ныссыгъдӕг кӕнут, мидӕгӕй та йедзаг сты стигъын ӕмӕ зыд кӕнынӕй. Куырм фарисей! Фыццаг уал къус ӕмӕ тӕбӕгъ мидӕгӕй ныссыгъдӕг кӕн, ӕмӕ уӕд ӕддейӕ дӕр сыгъдӕг уыдзысты» (Матфейы 23:25, 26). Уыдон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сӕхи сыгъдӕг бӕргӕ дардтой, стӕй сын се ’ддаг бакастмӕ дӕр фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй уыди. Фӕлӕ сӕ сӕхи мидӕгӕй, ома сӕ удыхъӕд ӕмӕ сӕ зӕрдӕ, сыгъдӕг кӕнын кӕй хъуыди, уый та сӕм нымады дӕр нӕ уыд.
Сӕ цӕстмӕ митӕ ма ноджыдӕр бӕрӕг уыдысты, пехуымпартӕн зӕппӕдзтӕ кӕй арӕзтой ӕмӕ-иу сӕ кӕй срӕсугъд кодтой, уымӕй дӕр. Фӕлӕ Йесо куыд загъта, афтӕмӕй уыдон уыдысты, «пехуымпарты чи мардта, уыдоны фырттӕ» (Матфейы 23:31). Ӕмӕ уый ирдӕй рабӕрӕг, Йесойы марынмӕ кӕй хъавыдысты, уымӕй (Иоанны 5:18; 7:1, 25).
Уый фӕстӕ Йесо бамбарын кодта, уыцы дины разамонджытӕ куы не ’рфӕсмон кодтаиккой, уӕд сӕм цы ’нхъӕлмӕ каст, уый: «Кӕлмытӕ! Калмы мыггаг! Ӕнхъӕлут, ӕмӕ гееннӕйы азарӕй алидздзыстут?» (Матфейы 23:33). Гееннӕ нысан кӕны «Енномы дӕлвӕз». Уыцы дӕлвӕзмӕ-иу калдтой бырӕттӕ ӕмӕ-иу сӕ уым сыгътой. Уӕдӕ уый хорз ӕвдыста, фыдзӕрдӕ чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕнустӕм сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты, уый.
Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ номӕй адӕммӕ цӕудзысты. Уыдон уыдзысты «пехуымпартӕ, зондджын лӕгтӕ ӕмӕ зондамонджытӕ». Ӕмӕ дины разамонджытӕ уыдонмӕ та цы цӕстӕй кӕсдзысты? Йесо сын загъта: «Кӕйдӕрты дзы [ома йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй] амардзыстут ӕмӕ хъӕдыл байтындздзыстут, кӕйдӕрты та дзы уе ’мбырдгӕнӕнты ехсӕй нӕмдзыстут ӕмӕ иу горӕтӕй иннӕмӕ сӕ фӕдыл зилдзыстут. Гъемӕ сымахыл уыдзӕн, зӕххыл цы рӕстгӕнджыты туг ныккалд, уый: рӕстгӕнӕг Авелы тугӕй райдай ӕмӕ... Захарийы тугӕй... кӕй амардтат, уый тугӕй фӕу». Ӕмӕ сӕ стӕй бафӕдзӕхста: «Ӕцӕг уын зӕгъын: ӕппӕт уыцы фыдракӕндты тыххӕй дзуапп ратдзысты ацы фӕлтӕр» (Матфейы 23:34–36). Ӕмӕ н. э. 70 азы хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад – Ромы ӕфсӕдтӕ Иерусалим ныппырх кодтой, ӕмӕ дзуттӕгтӕй сӕдӕгай минтӕ фӕмард.
Иерусалиммӕ ахӕм ӕвирхъау бӕллӕх кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ Йесойӕн йӕ зӕрдӕ суынгӕг, ӕмӕ загъта: «Иерусалим, Иерусалим, пехуымпарты чи мары ӕмӕ йӕм кӕй арвитынц, уыдоны дуртӕй чи фӕхойы! Цал хатты мӕ фӕндыд, карк йӕ цъиуты йӕ базырты бын куыд ӕрбамбырд кӕны, афтӕ дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын! Фӕлӕ уӕ нӕ бафӕндыд. Ныр уын Хуыцау уӕ хӕдзар ныууадздзӕн» (Матфейы 23:37, 38). Уыцы ныхӕстӕ чи фехъуыста, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодтой: «Цымӕ цавӕр „хӕдзары“ кой кӕны. Мыййаг, Иерусалимы нӕргӕ кувӕндоны кой? Фӕлӕ уый гӕнӕн куыд ис, Хуыцау ӕй куы хъахъхъӕны?!»
Уый фӕстӕ Йесо йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Зӕгъын уын: нал мӕ фендзыстут, цалынмӕ нӕ зӕгъат: „Арфӕгонд у, Йегъовӕйы номӕй чи ’рцӕуы, уый!“» (Матфейы 23:39). Ам Йесо ӕрхаста, Псаломы 118:26 стихы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон: «Арфӕгонд у, Йегъовӕйы номӕй чи ’рцӕуы, уый! Арфӕ уын кӕнӕм Йегъовӕйы хӕдзарӕй». Уӕдӕ кувӕндон пырхгонд куы ’рцыдаид, уӕд уырдӕм Хуыцауы номӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ничиуал бацыдаид.
Уый фӕстӕ Йесо ацыд кувӕндоны иннӕ хаймӕ, ӕхцавӕрӕнтӕ кӕм уыдысты, уырдӕм. Ӕхцавӕрӕнтӕн уӕлейӕ уыди гыццыл хуынчъытӕ. Ӕмӕ Йесо каст, дзуттӕгтӕ куыд цыдысты ӕмӕ сӕ мысайнӕгтӕ уыцы хуынчъыты куыд ӕппӕрстой, уымӕ. Хъӕздгуытӕ «ӕппӕрстой бирӕ ӕхца». Фӕлӕ уалынмӕ Йесо бафиппайдта иу мӕгуыр идӕдз усы. Уый ныппӕрста «дыууӕ лыстӕг ӕрхуы ӕхцайы» (Марчы 12:41, 42). Йесо зыдта, уыцы сылгоймаджы лӕварӕй Хуыцау тынг райгонд кӕй уыди.
Гъемӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: уӕртӕ уыцы мӕгуыр идӕдз ус ӕхцавӕрӕны се ’ппӕтӕй фылдӕр ныппӕрста». Цымӕ Йесо афтӕ цӕмӕн загъта? Дарддӕр ӕй бамбарын кодта: Марчы 12:43, 44). Куыд тынг хицӕн кодта уыцы сылгоймаг йӕ хъуыдытӕй дӕр ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй дӕр дины разамонджытӕй!
«Уыдон дзы уый тыххӕй ӕппӕрстой, ӕмӕ сӕм фагӕй фылдӕр ис. Уыцы идӕдз ус та, кӕд мӕгуыр у, уӕддӕр ныппӕрста, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый, йӕ фӕстаг ӕхцатӕ» (11 нисан йӕ цыды кой кодта. Йесо кувӕндонӕй фӕстаг хатт куы рацӕйцыд, уӕд ын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу загъта: «Ахуыргӕнӕг, акӕс-ма! Мӕнӕ цы дуртӕ ӕмӕ цы агъуыстытӕ ис!» (Марчы 13:1). Кувӕндоны къултӕ цы дуртӕй амад уыдысты, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ӕцӕгдӕр тынг стыртӕ уыдысты. Ӕмӕ адӕймагмӕ афтӕ каст, ӕмӕ ахӕм тых нӕй, уыцы кувӕндон чи фӕцудын кӕна. Уӕдӕ, Йесо цы загъта, уый кӕмӕфӕнды дӕр ӕнахуыр фӕкастаид: «Раст зӕгъыс, стыр агъуыстытӕ сты. Фӕлӕ афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы дур дурыл нал баззайдзӕн» (Марчы 13:2).
Уый фӕстӕ йӕ апостолтимӕ Кедроны дӕлвӕзыл ахызт ӕмӕ ссыд Оливӕбӕлӕсты хохмӕ. Иуафон Йесо аззад йӕ цыппар апостолимӕ – Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоаннимӕ, ӕмӕ уырдыгӕй Иерусалимы кувӕндонмӕ кастысты.