45 СӔР
Йӕ бар цӕуы бирӕ хӕйрӕджытыл
МАТФЕЙЫ 8:28–34 МАРЧЫ 5:1–20 ЛУКАЙЫ 8:26–39
-
ХӔЙРӔДЖЫТЫ АДӔЙМАГӔЙ РАСЫРДТА, ӔМӔ ХУЫТЫ МИДӔГ БАЦЫДЫСТЫ
Ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы тыхдымгӕйы фӕстӕ былмӕ куы рахызтысты, уӕд сыл цы хабар ӕрцыд, уый, ӕвӕццӕгӕн, никуы ферох кодтой. Уырдӕм хӕстӕг цы уӕлмӕрдтӕ уыд, уырдыгӕй рацыд дыууӕ хӕйрӕджджын лӕджы ӕмӕ Йесойы ’рдӕм ныййарц сты! Сӕ дыууӕ дӕр уыдысты тынг знӕт. Фӕлӕ дзы Библийы фылдӕр сӕ иуы кой цӕуы, ӕвӕццӕгӕн, уый иннӕмӕй знӕтдӕр уыд ӕмӕ хӕйрӕджыты ахӕсты дӕр фылдӕр рӕстӕг уыди.
Уыцы мӕгуыр лӕг ӕдзух бӕгънӕгӕй рацу-бацу кодта. Ӕмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй «зӕппӕдзтӕ ӕмӕ хӕхтӕй йӕ хъӕр цыди ӕмӕ йӕхи дуртӕй хоста» (Марчы 5:5). Афтӕ знӕт уыд, ӕмӕ йӕ рӕзты фӕндагыл ацӕуын ничи уӕндыди. Чидӕртӕ-иу ӕй сбӕттынмӕ дӕр хъавыдысты, фӕлӕ-иу йӕ рӕхыстӕ атыдта ӕмӕ-иу ын йӕ къӕхтыл цы хъадамантӕ бакодтой, уыдон-иу ныссаста. Ӕмӕ йын никӕй бон ницы уыди бакӕнын.
Гъемӕ Йесомӕ куы ’рбахӕццӕ, уӕд йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд, ӕмӕ йӕ уӕгъд цы хӕйрӕджытӕ нӕ уагътой, уыдон ӕй ныхъхъӕр кӕнын кодтой: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Иунӕг Стыр Хуыцауы Фырт? Хуыцауы хатырӕй, хъизӕмарӕй мӕ ма мар». Ӕмӕ уӕд Йесо равдыста, хӕйрӕджытыл йӕ бар кӕй цӕуы. Бардзырд радта: «Уӕртӕ дӕлимон, ныууадз лӕджы» (Марчы 5:7, 8).
Ӕцӕгӕй та уыцы лӕджы мидӕг иу дӕлимон нӕ, фӕлӕ бирӕ дӕлимонтӕ уыд. Йесо йӕ куы бафарста, «дӕ ном куыд у», зӕгъгӕ, уӕд ын уый загъта: «Мӕ ном у Ӕфсад, уымӕн ӕмӕ бирӕ стӕм» (Марчы 5:9). Ромы ӕфсӕдты-иу мингай хӕстонтӕ уыди. Уӕдӕ уыцы адӕймаджы тухӕнӕй мардтой ӕмӕ йын йӕ удӕй хъазыдысты уыйбӕрц дӕлимонтӕ. Ӕмӕ ныр Йесойӕн лӕгъстиаг фесты, «дӕлдзӕхмӕ нӕ ма арвит», зӕгъгӕ. Ӕвӕццӕгӕн ӕй ӕмбӕрстой, сӕхицӕн дӕр ӕмӕ се ’лдар Хӕйрӕгӕн дӕр сӕ кӕрон уырдӕм кӕй цӕуы (Лукайы 8:31).
Уыцы рӕстӕг уырдӕм хӕстӕг хызти бирӕ хуытӕ – дыууӕ мины бӕрц уыдаиккой. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ хуы сыгъдӕг цӕрӕгой нӕ уыд, ӕмӕ дзуттӕгтӕ хуытӕ нӕ дардтой. Уӕд дӕлимонтӕ Йесойӕн ныллӕгъстӕ кодтой: «Барвит нӕ уӕртӕ хуытӕм, уыдоны мидӕг бацӕуӕм» (Марчы 5:12). Йесо дӕр сын бар радта, ӕмӕ хуыты бацыдысты. Ӕмӕ дыууӕ мин хуыйы иууылдӕр айнӕг къӕдзӕхы былмӕ ныййарц сты, сӕхи денджызмӕ фехстой ӕмӕ фӕдӕлдон сты.
Хуыгӕстӕ уый куы федтой, уӕд азгъордтой ӕмӕ хабар горӕты ӕмӕ хӕстӕг хъӕуты радзырдтой. Адӕм фӕфӕдис сты, цы ’рцыди, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уырдӕм куы ’рбахӕццӕ сты, уӕд федтой, дӕлимонтӕ кӕй мидӕг уыди, уыцы лӕгӕн йӕ зонд йӕхимӕ кӕй ӕрцыд ӕмӕ дзӕбӕх кӕй уыд. Йӕ дарӕс йӕ уӕлӕ, афтӕмӕй Йесойы къӕхты раз бадт!
Уыцы хабар йӕхи цӕстӕй чи федта кӕнӕ йӕ чи фехъуыста, уыдоны тас бацыд, ай ма ноджыдӕр истытӕ куы сараза, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сӕ бӕстӕйӕ ацыдаид. Йесо бӕлӕгъмӕ куы фӕцӕйхызт, уӕд ын, дӕлимонтӕ кӕй мидӕг уыд, уыцы лӕг лӕгъстӕ кӕнын райдыдта, демӕ мӕ акӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын уый загъта: «Ацу уӕхимӕ ӕмӕ дӕ хиуӕттӕн ӕппӕт дӕр радзур – Йегъовӕ дын цы хорздзинад ракодта ӕмӕ дын куыд батӕригъӕд кодта, уый» (Марчы 5:19).
Йесо уымӕй размӕ кӕй сдзӕбӕх кодта, уыдоны-иу бафӕдзӕхста, ацы хабар макӕмӕн радзур, зӕгъгӕ. Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй, чи у ӕмӕ цы аразы, уый тыххӕй адӕм кӕрӕдзийӕн диссаг дзурӕгау дзырдтаиккой. Фӕлӕ ацы уавӕр ӕндӕрхуызон уыд. Дӕлимонтӕ кӕй мидӕг уыд, уыцы адӕймаг уыди удӕгас ӕвдисӕн, Йесомӕ цы хъару ис, уымӕн ӕмӕ Йесойы тыххӕй йӕ бон радзурын уыд, йӕхӕдӕг кӕдӕм нӕ бафтыдаид, уымыты дӕр. Стӕй адӕм уыцы хабар лӕгӕн йӕхицӕй куы фехъуыстаиккой, уӕд, хуытӕ кӕй фесӕфтысты, уый тыххӕй афтӕ тынг нал мӕсты кодтаиккой. Гъемӕ уыцы нӕлгоймаг ацыд, ӕгас Дӕссахарыл зилын райдыдта ӕмӕ адӕмӕн дзырдта, Йесо йӕ куыд фервӕзын кодта, уый тыххӕй.