59 СӔР
Чи у Адӕймаджы Фырт?
МАТФЕЙЫ 16:13–27 МАРЧЫ 8:22–38 ЛУКАЙЫ 9:18–26
-
ЙЕСО КУЫРМ АДӔЙМАДЖЫ СДЗӔБӔХ КОДТА
-
ПЕТРӔН ЛӔВӔРД ӔРЦЫДЫСТЫ ПАДДЗАХАДЫ ДӔГЪӔЛТӔ
-
ЙЕСО ЗАГЪТА, КӔЙ АМӔЛДЗӔН ӔМӔ КӔЙ РАЙГАС УЫДЗӔН
Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Вифсаидӕмӕ ӕрхӕццӕ сты. Уым адӕм Йесомӕ иу куырм лӕджы ӕрбакодтой ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй йыл андзӕвыдаид ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодтаид.
Йесо уыцы адӕймагӕн йӕ къухыл ныххӕцыд ӕмӕ йӕ хъӕуӕй ракодта. Уый фӕстӕ йын йӕ цӕстытыл бату кодта ӕмӕ йӕ бафарста: «Исты уыныс?» Лӕг акаст ӕмӕ загъта: «Уынын адӕмы – цыма бӕлӕстӕ сты, афтӕ мӕм зынынц, фӕлӕ рацу-бацу кӕнынц» (Марчы 8:23, 24). Йесо йӕ къухтӕ лӕгӕн йӕ цӕстытыл авӕрдта, ӕмӕ йӕ цӕстырухс раздӕхт ӕмӕ хорз уынын райдыдта. Уӕд ӕй сӕхимӕ арвыста ӕмӕ йӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй хъӕумӕ мауал баздӕхтаид.
Уый фӕстӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ араст цӕгатырдӕм, Филиппы Кесари кӕй хуыдтой, уыцы бӕстӕмӕ. 40 километры бӕрц сӕ цӕуын хъуыди хӕрды, уымӕн ӕмӕ, цы хъӕумӕ цыдысты, уый денджызӕй 350 метры бӕрц уӕлдӕр уыд. Хъӕуӕн цӕгатырдыгӕй арвмӕ фӕцыд Ермоны урссӕр хох. Сӕ балц ахастаид дыууӕ боны кӕнӕ фылдӕр.
Иуафон фӕндагыл Йесо йӕхи фӕхибар кодта, цӕмӕй иунӕгӕй Хуыцаумӕ скуывтаид. Йӕ мӕлӕтмӕ фараст-дӕс мӕйы йеддӕмӕ нал хъуыди, ӕмӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгты мӕт ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. Ӕрӕджы йӕ бирӕтӕ ныууагътой. Иннӕтӕм та, ӕвӕццӕгӕн, дызӕрдыг хъуыдытӕ фӕзынд кӕнӕ фӕфыдӕнхъӕл сты. Чи зоны, дис кодтой, адӕм Йесойы паддзахӕй сӕвӕрынмӕ куы хъавыдысты, уӕд цӕуылнӕ бакуымдта кӕнӕ исты диссаг цӕуылнӕ равдисы, цӕмӕй, ӕцӕгӕй чи у, ууыл ӕппындӕр мачиуал дызӕрдыг кодтаид.
Гъемӕ йӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, кӕм куывта, уырдӕм куы бацыдысты, уӕд сӕ бафарста: «Цы дзурынц адӕм Адӕймаджы Фыртӕй, чи, дам, у?» Уыдон ын загътой: «Чи зӕгъы, Аргъауӕг Иоанн, дам, у, чи – Илийа, чи та – Йереми кӕнӕ иннӕ пехуымпартӕй чидӕр». Фӕлӕ Йесойы тынгдӕр цымыдис кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ кӕуыл нымайынц, уый ӕмӕ сӕ бафарста: «Сымах та куыд хъуыды кӕнут, чи дӕн?» Ӕмӕ йын Петр уайтагъд дзуапп радта: «Ды дӕ Чырысти – удӕгас Хуыцауы Фырт» (Матфейы 16:13–16).
Уӕд Йесо Петрӕн загъта, амондджын дӕ, уымӕн ӕмӕ дын уыцы хабар Хуыцау раргом кодта, зӕгъгӕ. Ӕмӕ стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Зӕгъын ма дын уый дӕр: ды дӕ Петр. Ацы къӕдзӕхдурыл ӕз сараздзынӕн ме ’мбырд, ӕмӕ йӕ ингӕны дуӕрттӕ нӕ бауромдзысты». Йесо уыцы ныхӕстӕй уый зӕгъинаг уыд, ӕмӕ ӕмбырд йӕхӕдӕг кӕй сараздзӕн ӕмӕ, уыцы ӕмбырды чи уа, уыдон Хуыцауыл мӕлӕты онг иузӕрдионӕй куы баззайой, уӕд сӕ ингӕн дӕр кӕй нӕ бауромдзӕн. Уый фӕстӕ Йесо Петрӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз дын ратдзынӕн уӕларвон паддзахады дӕгъӕлтӕ» (Матфейы 16:18, 19).
Йесо Петры иннӕ апостолтӕй уӕлдӕр нӕ кодта, стӕй ӕмбырдӕн дӕр йӕ бындур Петрыл нӕ сӕвӕрдта. Йе ’мбырд ӕвӕрд цы Къӕдзӕхыл хъуамӕ ӕрцыдаид, уый Йесо йӕхӕдӕг у (1 Коринфӕгтӕм 3:11; Ефесӕгтӕм 2:20). Фӕлӕ Йесо Петрӕн хъуамӕ радтаид ӕртӕ дӕгъӕлы, ома Петр уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуыны фадат хъуамӕ радтаид ӕртӕ адӕмы къордӕн.
Хъуыддӕгтӕ 2:37, 38; 8:14–17; 10:44–48).
Уыцы дӕгъӕлтӕй фыццагӕй Петр спайда кодта н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны. Уӕд Петр дзуттӕгтӕн ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдонӕн бамбарын кодта, цы аразын сӕ хъӕуы, цӕмӕй фервӕзой. Дыккаг дӕгъӕлӕй кӕй спайда кодта, уый фӕрцы та Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны фадат фӕзынд, Чырыстийыл чи баууӕндыд, уыцы самариӕгтӕн. Ӕмӕ ӕртыккаг дӕгъӕлӕй та спайда кодта н. э. 36 азы. Уӕд уыцы диссаджы фадат фӕзынд, сунӕтгонд чи нӕ уыд, уыдонӕн дӕр, зӕгъӕм, Корнилийӕн, стӕй Корнилийӕн йӕ хиуӕттӕн ӕмӕ йе ’ввахс ӕмбӕлттӕн (Йесо, тагъд Иерусалимы кӕй фӕхъизӕмар кӕндзӕн ӕмӕ йӕ кӕй амардзысты, уый тыххӕй йӕ апостолтӕн куы загъта, уӕд сӕ зӕрдӕтӕ ӕрӕнкъард сты. Уыцы рӕстӕг ӕй нӕма ӕмбӕрстой, Йесо уӕларвон цардмӕ кӕй райгас уыдзӕн. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ Петр иуварс акодта ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Дӕхицӕн фӕтӕригъӕд кӕн, Хицау. Ахӕм ми дыл макуы ӕрцӕуӕд». Фӕлӕ Йесо иннӕрдӕм азылд ӕмӕ йын загъта: «Ацу мӕ разӕй, Сайтан! Ды мын мӕ разы цӕлхдур ӕвӕрыс, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ Хуыцауы хъуыдытӕ не сты, фӕлӕ адӕймаджы» (Матфейы 16:22, 23).
Уый фӕстӕ иннӕ адӕммӕ дӕр фӕдзырдта ӕмӕ сын бамбарын кодта, йӕ фӕдыл цӕуын ӕнцон кӕй нӕ уыдзӕн. Йесо загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд, йӕ хъизӕмӕртты хъӕд райсӕд ӕмӕ ӕппынӕдзух мӕ фӕдыл цӕуӕд. Йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕн, йӕ цард мӕн тыххӕй ӕмӕ хорз хабары тыххӕй чи ратта, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн» (Марчы 8:34, 35).
Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Цӕмӕй адӕймаг Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуӕг уа ӕмӕ дзы Чырысти райгонд уа, уый тыххӕй хъуамӕ уа хъӕбатыр ӕмӕ йӕхиуыл ма ауӕрда. Йесо загъта: «Ацы хӕлд ӕмӕ тӕригъӕдджын фӕлтӕры раз, мӕн кӕй зоны ӕмӕ мӕ ныхӕстыл кӕй ӕууӕнды, уый худинаг кӕмӕ фӕкӕса, уыцы адӕймагӕй, ай мӕ ахуыргӕнинаг у, зӕгъгӕ, зӕгъын Адӕймаджы Фыртмӕ дӕр худинаг фӕкӕсдзӕн, йӕ рухс зӕдтимӕ, йӕ Фыды кадимӕ куы ’рцӕуа, уӕд» (Марчы 8:38). Ӕцӕгдӕр, Йесо фидӕны куы ’рцӕуа, уӕд «алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзӕн» (Матфейы 16:27).