13 УРОК
Ӕмбарын кӕн, царды кӕм бахъӕудзӕн
Ӕмбисӕндтӕ 3:21
НЫСАН: Хъусджытӕн бамбарын кӕн, цӕуыл дзурыс, уый сӕм куыд хауы ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайӕн куыд ис, уый.
УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН
-
Дӕ хъусджытыл хъуыды кӕн. Ахъуыды-иу кӕн, цы дзурыс, уый зонын сӕ цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ сын фылдӕр пайда цы уыдзӕн, ууыл.
-
Дӕ ныхасы райдианӕй кӕронмӕ ӕмбарын кӕн, дӕ хъусджытӕ цы хъуамӕ аразой, уый. Афтӕ дзур, цӕмӕй хъусджытӕй алчидӕр уайтагъд ахъуыды кӕна, ацы уынаффӕ мӕнмӕ хауы, зӕгъгӕ. Алы сӕйраг хъуыдыйы фӕстӕ-иу бамбарын кӕн, куыд сӕ ис пайда кӕнӕн, уый. Хъуыддаг бӕстон ӕмбарын кӕн, уӕлӕнгай нӕ, фӕлӕ.