Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 СӔР

Бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны цӕмӕн хъуамӕ нымайӕм?

Бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны цӕмӕн хъуамӕ нымайӕм?

«Алкӕмӕн дӕр кад кӕнут» (1 ПЕТРЫ 2:17).

1, 2. а) Бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны нымайын зын цӕмӕн вӕййы? б) Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

ИСКУЫ федтай, гыццыл сывӕллон йӕхи куыд фӕдары, цы йӕ нӕ фӕнды, уый йын куы фӕаразын кӕнынц, уӕд? Кӕй йӕ нӕ фӕнды, уый йӕ цӕсгомыл дӕр бӕрӕг вӕййы. Йӕ фыд кӕнӕ йын йӕ мад цы дзуры, уый хъусы ӕмӕ йӕ ӕмбары, йӕ коммӕ кӕй хъуамӕ бакӕса, фӕлӕ йӕ нӕ фӕнды. Ӕмӕ нӕ алчидӕр хатт ацы сывӕллоны хуызӕн вӕййы.

2 Бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны нымайын ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Ӕвӕццӕгӕн ӕй ды дӕр дӕхицӕй зоныс. Бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны абон бирӕтӕ ницӕмӕ дарынц. Ахӕм зондахаст афтӕ парахат никуыма уыди. Фӕлӕ нын Библи дзуры, цӕмӕй, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны нымайӕм (Ӕмбисӕндтӕ 24:21). Кӕд нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай фӕуӕм, уӕд уый ӕнӕмӕнг хъуыддаг у. Уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕры цалдӕр фарстайы: бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны нымайын зын цӕмӕн вӕййы? Йегъовӕ нын цӕмӕн дзуры, цӕмӕй сӕм хъусӕм, ӕмӕ нын ацы хъуыддаджы цы баххуыс кӕндзӕн? Стӕй, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны кӕй нымайӕм, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй уыдзӕн бӕрӕг?

БАРТӔ КӔМӔ ИС, УЫДОНЫ НЫМАЙЫН ЗЫН ЦӔМӔН ВӔЙЙЫ?

3, 4. а) Адӕм тӕригъӕдджын ӕмӕ ӕнӕххӕст куыд систы? б) Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын зын цӕмӕн вӕййы, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны нымайын?

3 Цыбыртӕй аныхас кӕнӕм, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны нымайын зын цӕмӕн вӕййы, дыууӕ ахӕм хъуыддагыл. Фыццаг уый, ӕмӕ ӕнӕххӕст стӕм. Дыккаг та уый, ӕмӕ, бартӕ кӕмӕ ис, уыдон дӕр ӕнӕххӕст сты. Афтӕ цӕмӕн у? Едемы цӕхӕрадоны Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы хицаудзинады ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд систы тӕригъӕдджын ӕмӕ ӕнӕххӕст, ӕмӕ адӕм иууылдӕр сӕ туджы тӕригъӕд рахастой. Уӕдӕ тӕригъӕдмӕ ӕркодта ӕгоммӕгӕсдзинад. Ӕмӕ уыцы миниуӕг адӕмы зӕрдӕты арф уидӕгтӕ ауагъта (Райдиан 2:15–17; 3:1–7; Псалом 51:5; Ромӕгтӕм 5:12).

4 Тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр, гыццыл дӕр сын ӕфсон куы фӕвӕййы, уӕд сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын райдайынц. Сӕрныллӕгдзинадӕн та абон бирӕтӕм йӕ кой дӕр нӕй. Ӕмӕ хъуамӕ ӕдзух архайӕм, цӕмӕй нӕм ацы миниуӕг фӕзына ӕмӕ алкӕддӕр сӕрныллӕг уӕм. Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй чи фӕлӕггад кӕны, уый дӕр, гӕнӕн ис, хивӕнд ӕмӕ сӕрбӕрзонд суа. Ӕркӕсӕм-ма, Моисейы заман чи цард, иу ахӕм адӕймаджы хабармӕ, хуынди Корей. Уый Йегъовӕйы адӕмыл уыд ӕнувыд ӕмӕ семӕ иумӕ бирӕ зындзинӕдтӕ сфӕрӕзта. Фӕлӕ стӕй фылдӕр бартӕм бабӕллыд ӕмӕ тынг къӕйных ми бакодта – рацыд Моисейы ныхмӕ. Афтӕмӕй та уыцы рӕстӕг зӕххыл Моисейы хуызӕн сабыр ӕмӕ фӕлмӕн адӕймаг нӕ уыд (Нымӕцтӕ 12:3; 16:1–3). Ахъуыды-ма кӕнӕм Озийы хабарыл дӕр. Ози йӕ фырсӕрбӕрзондӕй, чи не ’мбӕлд, ахӕм хъуыддаг бакодта – Йегъовӕйы кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ дзы буд ссыгъта, кӕд ӕмӕ уыцы бар ӕрмӕстдӕр сауджынтӕн уыд (2 Азфыстыты 26:16–21). Уыцы дыууӕ адӕймагӕн се ’гоммӕгӕсдзинад тынг зынаргъ слӕууыд. Фӕлӕ нын сӕ хабӕрттӕ сты хорз зондзонӕн. Хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй тох кӕнӕм сӕрбӕрзонддзинадимӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ уый хъыгдары, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны нымайын.

5. Ӕнӕххӕст адӕм-иу сӕ бартӕй куыд пайда кодтой, уый тыххӕй цы зӕгъӕн ис?

5 Иннӕмӕй та, бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн сӕхи аххос дӕр у, бирӕтӕ сӕ кӕй ницӕмӕ дарынц, уый. Хицӕуттӕй бирӕтӕ уыдысты карз ӕмӕ ӕгъатыр ӕмӕ-иу сӕ бартӕй раст нӕ пайда кодтой. (Бакӕс Екклесиаст 8:9.) Зӕгъӕм, Йегъовӕ Саулы паддзахӕй куы равзӕрста, уӕд Саул уыди сӕрныллӕг, хорз адӕймаг. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ссӕрбӕрзонд ӕмӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Давидмӕ хӕлӕг кӕнын райдыдта, ӕмӕ йӕ марынвӕнд скодта (1 Самуилы 9:20, 21; 10:20–22; 18:7–11). Фӕстӕдӕр Давид сси Израилы хуыздӕр паддзӕхтӕй иу. Фӕлӕ уый дӕр йӕ бартӕй раст не спайда кодта – хеттаг Урийы усы йӕхи бакодта, Урийы та арвыста, карздӕр тох кӕм цыди, уырдӕм, цӕмӕй уым фӕмард уыдаид (2 Самуилы 11:1–17). Бӕрӕг у, ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бартӕй раст пайда кӕнын зын кӕй у. Ӕмӕ, бартӕ кӕмӕ ис, уыдон Йегъовӕйы куы ницӕмӕ фӕдарынц, уӕд та хабар ноджы фыддӕр вӕййы. Иу бритайнаг политик, католикон сауджынтӕ адӕмы куыд тынг ӕфхӕрдтой, уый кой кӕнгӕйӕ загъта, зӕгъгӕ, дам, адӕймагӕн цас фылдӕр бартӕ раттай, уыйас, дам, фыддӕр кӕны. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны цӕмӕн хъуамӕ нымайӕм?

БАРТӔ КӔМӔ ИС, УЫДОНЫ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ НЫМАЙӔМ?

6, 7. а) Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны ӕмӕ цӕмӕн? б) Ӕцӕгдӕр коммӕгӕс кӕй стӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

6 Бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны нымайын сӕйраджыдӕр хъӕуы, Йегъовӕйы, адӕмы, стӕй нӕхи дӕр кӕй уарзӕм, уый тыххӕй. Се ’ппӕтӕй фылдӕр Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:11; Марчы 12:29, 30.) Мах зонӕм, Едемы цӕхӕрадоны Хӕйрӕг ӕмӕ фыццаг дыууӕ адӕймаджы Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд кӕй сдзырддаг, Дун-дунейы Хицау уа, уый бар ын кӕй ис, уый. Уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр цӕуынц Хӕйрӕджы фӕдыл, Йегъовӕйы та сӕ Хицауыл нӕ нымайынц. Уыдонӕй уӕлдай мах стӕм Йегъовӕйы хицаудзинады фарс, ӕмӕ нын уый тынг ӕхсызгон у. Раргомады 4:11 стихы цы диссаджы ныхӕстӕ ис фыст, уыдон кӕсгӕйӕ адӕймагӕн йӕ хъуын арц слӕууы. Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй ис уый бар, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа! Нӕ Хицауыл ӕй кӕй нымайӕм, уый бӕрӕг у, алы бон дӕр йӕ разамындмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уымӕй.

7 Йегъовӕмӕ ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсӕм, уымӕ гӕсгӕ йӕ коммӕ дӕр кӕсӕм. Ӕмӕ уый аразӕм зӕрдиагӕй, кӕй йӕ уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ нын уый хатт тынг зын уыдзӕн. Ӕмӕ уӕд, райдианы цы сывӕллоны кой кодтам, уыйау мах дӕр хъӕудзӕн коммӕ кӕсыныл ахуыр кӕнын. Йесойӕн йӕ Фыды фӕндон сӕххӕст кӕнын тынг зын куы уыд, уӕд ӕй уӕддӕр сӕххӕст кодта. Йесо йӕ Фыдӕн загъта: «Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд» (Лукайы 22:42).

8. а) Абон Йегъовӕйы коммӕ кӕсынмӕ цы хауы ӕмӕ Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй кӕсы? б) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уынаффӕмӕ ӕмӕ зондамындмӕ хъусӕм? (Кӕс рамкӕ « Уынаффӕмӕ хъус ӕмӕ зондамынд дӕ зӕрдӕмӕ ис».)

8 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ абон немӕ йӕхӕдӕг нӕ ныхас кӕны. Уый нын разамынд дӕтты йӕ Ныхасы уылты ӕмӕ, зӕххыл йӕ номӕй чи архайы, уыцы адӕмы уылты. Уӕдӕ, йӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уый арӕхдӕр бӕрӕг вӕййы, кӕй бар нӕ бакодта, уыдоны коммӕ кӕй фӕкӕсӕм, уымӕй. Сӕ ныхмӕ куы цӕуӕм,– зӕгъӕм, Библийӕ нын уынаффӕ куы дӕттой кӕнӕ нын зонд куы амоной, уӕд сын сӕ ныхас куы ницӕмӕ ӕрдарӕм,– уӕд нӕ Хуыцауы фӕхъыг кӕндзыстӕм. Израилӕгтӕ Моисейыл куы хъуыр-хъуыр кодтой ӕмӕ йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд Йегъовӕ уымӕ ахӕм цӕстӕй ракаст, цыма йын йӕхи ныхмӕ рацыдысты (Нымӕцтӕ 14:26, 27).

9. Иннӕты кӕй уарзӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕндзӕн, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны нымайынӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

9 Бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны нымайӕм ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсӕм, иннӕты кӕй уарзӕм, уый тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, ӕфсӕддон дӕ. Цӕмӕй ӕфсад тыхджын уа ӕмӕ ма ныппырх уа, уый тыххӕй ӕфсӕддонтӕ иууылдӕр хъуамӕ сӕ разамонджытӕм хъусой, коммӕгӕс сын уой ӕмӕ сӕ нымайой. Ӕмӕ ды сӕ ныхмӕ куы цӕуай, уӕд иннӕтӕ дӕр дӕумӕ кӕсгӕйӕ, гӕнӕн ис, сӕ коммӕ мауал кӕсой. Уый аххосӕй ӕфсӕддонты ’хсӕн иудзинад нал уыдзӕн ӕмӕ ӕфсад сӕмтъеры уыдзӕн. Хуыцауӕн дӕр ис ӕфсӕдтӕ. Библи Хуыцауы цалдӕр сӕдӕ хатты хоны «ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ» (1 Самуилы 1:3). Йегъовӕ у хъомысджын зӕдты Разамонӕг, ӕмӕ сты тынг бирӕ. Хуыцау иуӕй-иу хатт йӕ зӕххон лӕггадгӕнджыты дӕр ӕфсадимӕ абары (Псалом 68:11; Йезекил 37:1–10). Цымӕ нын Йегъовӕ разамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдоны ныхмӕ куы рацӕуӕм, уӕд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты дӕр тӕссаг уавӕры нӕ баппардзыстӕм? Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг хистӕр нӕлгоймӕгты коммӕ куы нӕ кӕса, уӕд уый ӕмбырды иннӕтӕн дӕр масты хос уыдзӕн (1 Коринфӕгтӕм 12:14, 25, 26). Сывӕллон хивӕнд куы уа, уӕд уый ӕнӕхъӕн бинонтӕн дӕр масты хос вӕййы. Уӕдӕ, иннӕты кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны куы нымайӕм ӕмӕ сӕ коммӕ куы кӕсӕм, уымӕй.

10, 11. Бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны ма ноджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ нымайӕм?

10 Бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны куы нымайӕм, уӕд уый пайда уыдзӕн нӕхицӕн дӕр. Йегъовӕ нын куы фӕдзуры, цӕмӕй сӕ коммӕ кӕсӕм, уӕд нын арӕх бамбарын кӕны, уый нын цы пайда уыдзӕн, уый дӕр. Зӕгъӕм, сывӕллӕттӕн дзуры, сӕ ныййарджыты коммӕ кӕй хъуамӕ кӕсой, цӕмӕй сын «уа хорз ӕмӕ зӕххыл бирӕ фӕцӕрой» (Дыккаг закъон 5:16; Ефесӕгтӕм 6:2, 3). Стӕй махӕй алкӕмӕн дӕр дзуры, хистӕр нӕлгоймӕгты коммӕ кӕй хъуамӕ кӕсӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕ ма адард уӕм (Дзуттӕгтӕм 13:7, 17). Уымӕй уӕлдай ма нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй хицӕутты коммӕ кӕсӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ уый бирӕ цӕмӕйдӕрты хъахъхъӕндзӕн (Ромӕгтӕм 13:4).

11 Уӕдӕ бӕлвырд у, Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй коммӕгӕс уӕм. Ӕмӕ уый кӕй зонӕм, уый фӕрцы нын ӕнцондӕр у, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны нымайын. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, кӕй сӕ нымайӕм, уый нӕ бон цы ӕртӕ ахсджиаг хъуыддаджы у ӕвдисын, уымӕ.

БИНОНТЫ ’ХСӔН

12. Йегъовӕ лӕгыл цавӕр хӕс сӕвӕрдта ӕмӕ уыцы хӕс куыд хъуамӕ ӕххӕст кӕна?

12 Йегъовӕ у бинонты царды бындурӕвӕрӕг. Ӕмӕ йын алцӕмӕн дӕр уаг ӕмӕ ӕгъдау кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ бинонты цардӕн дӕр ӕрӕвӕрдта бӕлвырд ӕгъдау, ӕмӕ уый фӕрцы бинонтӕ вӕййынц амондджын (1 Коринфӕгтӕм 14:33). Хуыцау лӕджы сӕвӕрдта бинонты хистӕрӕй. Лӕг йӕ Хицау Йесо Чырыстийӕн кӕй аргъ кӕны ӕмӕ йӕ кӕй нымайы, уый бӕрӕг вӕййы, Чырысти ӕмбырдӕн разамынд куыд дӕтты, уый дӕр йӕ бинонтӕн разамынд афтӕ куы фӕдӕтты, уымӕй (Ефесӕгтӕм 5:23). Уӕдӕ нӕлгоймаг, йӕ бинонты раз ыл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнынмӕ хъуамӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй ма кӕса, фӕлӕ сӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕна. Хъуамӕ тызмӕг ӕмӕ ӕгъатыр ма уа, фӕлӕ йӕ бинонты уарза, уа ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлмӕн. Бинонты хистӕр йӕ зӕрдыл дары, йӕ бартӕ ӕнӕкӕрон кӕй не сты, ома йын Йегъовӕйы бартӕй стырдӕр бартӕ кӕй нӕй.

Фыд, йӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кӕны, уымӕй фӕзмы Чырыстийы

13. Сылгоймагӕн йӕ бон куыд у йӕ хӕстӕ афтӕ ӕххӕст кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна?

13 Ус лӕгӕн у йе ’ххуысгӕнӕг. Ӕмӕ уымӕн дӕр бинонты ’хсӕн ис бартӕ. Уый бӕрӕг у, Библи сывӕллӕттӕн афтӕ кӕй фӕдзӕхсы, «дӕ мад [дын] цы закъон амоны, уый ма рох кӕн», зӕгъгӕ (Ӕмбисӕндтӕ 1:8). Фӕлӕ уӕддӕр усӕн лӕг у йӕ сӕрыхицау. Чырыстон сылгоймаг йӕ лӕджы кӕй нымайы, уый бӕрӕг вӕййы, йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн ын кӕй феххуыс кӕны, уымӕй. Ахӕм ус йӕ лӕгӕн ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ нӕ фӕкӕны, йӕхи цы фӕнды, уый йын нӕ фӕаразын кӕны ӕмӕ йын йӕ бартӕ йӕхимӕ нӕ фӕисы, фӕлӕ алы хъуыддаджы дӕр йӕ фарсмӕ балӕууы. Йӕ лӕджы уынаффӕтимӕ разы куы нӕ вӕййы, уӕд йӕ хъуыды уӕзданӕй фӕзӕгъы, фӕлӕ уӕддӕр, уый куыд фӕзӕгъы, афтӕ бакӕны. Кӕд йӕ лӕг уырнӕг нӕу, уӕд ын, чи зоны, йӕ коммӕ бакӕсын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ йын уӕддӕр йӕ ныхасӕн куы аргъ кӕна ӕмӕ йӕм куы хъуса, уӕд уый дӕр, чи зоны, иу бон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын бафӕнда. (Бакӕс 1 Петры 3:1.)

14. Сывӕллӕттӕн сӕ бон куыд у сӕ ныййарджыты ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын?

14 Сывӕллӕттӕ сӕ фыд ӕмӕ сӕ мады коммӕ куы фӕкӕсынц, уӕд сӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ тынг барухс вӕййы. Сӕ коммӕгӕсдзинадӕй ма кад кӕнынц ӕмӕ циндзинад хӕссынц сӕ ныййарджытӕн дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 10:1). Иу ныййарӕг йеддӕмӕ кӕмӕн нӕй, уыцы сывӕллӕттӕ дӕр хъуамӕ коммӕгӕс уой ӕмӕ ӕмбарой, ахӕм уавӕры сӕ ныййарӕджы се ’ххуыс ноджы тынгдӕр кӕй хъӕуы. Бинонтӕй алчидӕр, Хуыцау ыл цы хӕс сӕвӕрдта, уый куы феххӕст кӕны, уӕд уыцы бинонты ’хсӕн вӕййы фарн ӕмӕ вӕййынц амондджын. Ӕмӕ уый кад фӕхӕссы бинонты царды Бындурӕвӕрӕгӕн – Йегъовӕ Хуыцауӕн (Ефесӕгтӕм 3:14, 15).

ӔМБЫРДЫ

15. а) Йегъовӕйы коммӕ кӕй кӕсӕм, уый ӕмбырды нӕ бон куыд у ӕвдисын? б) Цавӕр уагӕвӕрдтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, разамынд нын чи дӕтты, уыдоны коммӕ кӕсӕм? (Кӕс рамкӕ « Разамынд уын чи дӕтты, уыдонмӕ... хъусут».)

15 Йегъовӕ йӕ Фырты сӕвӕрдта Разамонӕгӕй чырыстон ӕмбырдӕн (Колоссӕгтӕм 1:13). Йесо та «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» бахӕс кодта, цӕмӕй Хуыцауы адӕмӕн сӕ уырнындзинад фидар кӕна ӕмӕ сын ӕххуыс кӕна Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн (Матфейы 24:45–47). «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет. Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды куыд уыди, афтӕ абон дӕр Разамонӕг совет хистӕр нӕлгоймӕгтӕн уынаффӕтӕ ӕмӕ разамынд дӕтты кӕнӕ писмоты уылты, кӕнӕ та, йӕ номӕй чи архайы, уыдоны уылты, зӕгъӕм, цӕуӕг цӕстдарджыты уылты. Уӕдӕ хистӕр нӕлгоймӕгты куы нымайӕм ӕмӕ сӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:12; Дзуттӕгтӕм 13:17.)

16. Куыд ӕмбаргӕ у, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕвӕрд сты, зӕгъгӕ?

16 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ӕнӕххӕст сты. Ӕмӕ махмӕ куыд ис хъӕндзинӕдтӕ, афтӕ уыдонмӕ дӕр ис хъӕндзинӕдтӕ. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты «лӕвӕрттӕ» Йегъовӕйӕ. Хуыцау сӕ радта, цӕмӕй ӕмбырды уырнындзинад фидар кӕной (Ефесӕгтӕм 4:8). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕвӕрд сты сыгъдӕг тыхӕй (Хъуыддӕгтӕ 20:28). Уый куыд ӕмбаргӕ у? Ӕфсымӕры хистӕр нӕлгоймагӕй снысан кӕныны размӕ фыццаджыдӕр фӕхъӕуы ӕркӕсын, хистӕр нӕлгоймаг цавӕр хъуамӕ уа, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уымӕ. Ӕмӕ Библи та у Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй фыст (1 Тимофеймӕ 3:1–7, 12; Титмӕ 1:5–9). Уымӕй уӕлдай, уынаффӕ рахӕссыны размӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕмӕ скувынц ӕмӕ дзы сыгъдӕг тыхы разамынд ракурынц.

17. Ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ чырыстон сылгоймаг йӕ сӕр цӕмӕн хъуамӕ бамбӕрза?

17 Иуӕй-иу хатт ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ нӕ вӕййы, ӕмӕ сыл цы хӕстӕ ис, уыдон, зӕгъӕм, уацамындон фембӕлд уадзын, фӕхъӕуы ӕндӕр искӕй ӕххӕст кӕнын. Уӕд уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнын сӕ бон вӕййы, донаргъуыд чи у, ӕндӕр ахӕм ӕфсымӕртӕн. Ӕфсымӕртӕ дзы ӕппындӕр куы нӕ уа, уӕд та уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнын сӕ бон у фӕзминаг хотӕн. Фӕлӕ сылгоймаг донаргъуыд ӕфсымӕры хӕстӕ куы ӕххӕст кӕна, уӕд хъуамӕ йӕ сӕр бамбӕрза (1 Коринфӕгтӕм 11:3–10) *. Ацы закъон сылгоймаджы кад дӕлӕмӕ нӕ кӕны. Афтӕмӕй сылгоймагӕн йӕ бон у равдисын, Йегъовӕ бинонты ’хсӕн ӕмӕ ӕмбырды цы ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уымӕн кӕй аргъ кӕны.

ХИЦӔУТТЫ КОММӔ КӔСӔМ

18, 19. а) Ромӕгтӕм 13:1–7 стихты цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон куыд бамбарын кӕнис? б) Хицӕутты коммӕ кӕй кӕсӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг вӕййы?

18 Ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайынц, Ромӕгтӕм 13:1–7 стихты цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ. (Бакӕс сӕ.) Ацы скъуыддзаг кӕсгӕйӕ бамбарӕн ис, цы хицӕутты кой дзы ис, уыдон зӕххон хицауӕдтӕм кӕй амонынц. Йегъовӕ рӕстӕгмӕ бар радта, цӕмӕй зӕххон хицауӕдтӕ уа. Ӕмӕ уыдон бирӕ ахсджиаг хъуыддӕгтӕ аразынц: сӕ фӕрцы бӕстӕйы цавӕрдӕр фӕтк ӕмӕ ӕгъдау уӕддӕр вӕййы, стӕй архайынц, цӕмӕй адӕмӕн уа, цӕрынӕн сӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Хицауады коммӕ кӕй кӕсӕм, уый бӕрӕг у, йӕ закъӕттӕ йын кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уымӕй. Цыдӕриддӕр хъалонтӕ ӕмбӕлы, уыдон фидӕм, закъонмӕ гӕсгӕ цы бланктӕ кӕнӕ документтӕ фӕхъӕуы байдзаг кӕнын, уыдоны алцыдӕр ныффыссӕм, куыд у, афтӕ. Уымӕй уӕлдай ма ӕххӕст кӕнӕм, нӕхимӕ ӕмӕ нӕ бинонтӕм чи хауы, стӕй куыстимӕ ӕмӕ исбонимӕ баст чи у, уыцы закъӕттӕ дӕр. Фӕлӕ нын хицауад, Хуыцауы ныхмӕ цы уыдзӕн, ахӕмӕй исты куы фӕаразын кӕны, уӕд йӕ коммӕ нӕ бакӕсӕм. Мах дӕр фӕзӕгъӕм, кӕддӕр апостолтӕ куыд загътой, афтӕ: «Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыддӕгтӕ 5:28, 29; кӕс рамкӕ « Кӕй коммӕ хъуамӕ кӕсон?»).

19 Хицӕутты коммӕ кӕй кӕсӕм, уый ма бӕрӕг вӕййы, нӕхи семӕ куыд фӕдарӕм, уымӕй дӕр. Иуӕй-иу хатт нӕ цыдӕр хъуыддӕгты фӕдыл фӕхъӕуы хицауады кусджытимӕ ныхас кӕнын. Зӕгъӕм, апостол Павел ныхас кодта паддзах Ирод Агриппӕимӕ ӕмӕ ромаг хицау Фестимӕ. Кӕд уыцы дыууӕ адӕймаджы ӕнӕфау схонӕн нӕ уыд, уӕддӕр Павел семӕ уӕзданӕй ныхас кодта (Хъуыддӕгтӕ 26:2, 25). Мах дӕр хъуамӕ Павелы фӕзмӕм, уӕлдай нӕу, стыр хицауимӕ ныхас кӕнӕм ӕви бынӕттон пъӕлицӕйы кусӕгимӕ. Скъолайы чи ахуыр кӕны, уыцы ӕрыгон чырыстӕттӕ хъуамӕ нымайой сӕ ахуыргӕнджыты, директоры ӕмӕ иннӕ кусджыты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ динмӕ нын хорз цӕстӕй чи кӕсы, ӕрмӕст уыдоны нӕ хъӕуы нымайын, фӕлӕ, нӕ ныхмӕ чи у, суанг уыдоны дӕр. Иудзырдӕй, нӕ диныл хӕст чи нӕу, уыдон ӕмткӕй райсгӕйӕ хъуамӕ уыной, кӕй сӕ нымайӕм, уый. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:17, 18; 1 Петры 3:15.)

20, 21. Бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны куы нымайӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй уыдзыстӕм хайджын?

20 Апостол Петр загъта: «Алкӕмӕн дӕр кад кӕнут» (1 Петры 2:17). Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй иннӕты нымайӕм ӕмӕ сын кад кӕнӕм. Адӕм куы уыной, ахӕм цӕстӕй сӕм кӕй кӕсӕм, уӕд сын уый, чи зоны, сӕ зӕрдӕтӕ бацагайа. Абон арӕх фенӕн вӕййы, бирӕтӕ иннӕты кӕй ницӕмӕ дарынц. Уӕдӕ иннӕты куы нымайӕм, уӕд уымӕй дӕр ӕххӕст кӕндзыстӕм Чырыстийы фӕдзӕхст: «Уӕ рухс... кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уыной ӕмӕ уын уӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕной» (Матфейы 5:16).

21 Ацы талынг дунейы Хуыцауы рухс сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы йӕхимӕ ӕлвасы. Уӕдӕ, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны кӕй нымайӕм, уый нӕ бинонты ’хсӕн ӕмӕ ӕмбырды куы ӕвдисӕм, стӕй хицӕутты коммӕ куы кӕсӕм, уӕд ма, чи зоны, ноджыдӕр искӕй бафӕнда немӕ Хуыцауы рухсы цӕуын. Уый стыр арфӕдзинад куыннӕ уыдзӕн! Фӕлӕ афтӕ куы нӕ уа, уӕддӕр фидарӕй ис зӕгъӕн: адӕмы куы нымайӕм ӕмӕ сын куы кад кӕнӕм, уӕд уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕхи йӕ уарзтӕй ӕнӕхай нӕ фӕкӕндзыстӕм. Уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уа!

^ 17 абз. Уӕлӕмхасӕны, статьяйы «Сылгоймаджы йӕ сӕрыл исты ныккӕнын кӕд фӕхъӕуы ӕмӕ цӕмӕн?», дзырд цӕуы, ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ цы уавӕрты хъӕуы архайын, уыдоныл.