Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разамонӕг советы писмо

Разамонӕг советы писмо

Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонмӕ

Йесо Чырысти загъта: «Базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн» (Иоанны 8:32). Ацы ныхӕстӕ нын ныфсы хос куыннӕ сты! Кӕд «фӕстаг бонты» – ахӕм уӕззау рӕстӕджы – цӕрӕм ӕмӕ дуне мӕнгдзинадӕй йедзаг у, уӕддӕр рӕстдзинад базонӕн ис (2 Тимофеймӕ 3:1). Хъуыды ма йӕ кӕныс, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый рӕстдзинад кӕй у, уый куы бамбӕрстай? Уый, ӕвӕццӕгӕн, никуы ферох кӕндзынӕ!

Рӕстдзинад бӕлвырд базонын ӕмӕ йӕ стӕй адӕмӕн дзурын куыд ахсджиаг у, афтӕ ахсджиаг у рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрын дӕр. Цӕмӕй нын уый ӕнтыса, уый тыххӕй хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй нӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнӕм. Уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм? Ацы фарстайӕн дзуапп базонӕн ис, Йесо Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв йӕ иузӕрдион апостолтӕн цы загъта, уымӕй: «Ӕз мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йӕ уарзондзинадӕй хайджын куыд дӕн, афтӕ сымах дӕр мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд дарддӕр дӕр хайджын уыдзыстут мӕ уарзондзинадӕй» (Иоанны 15:10).

Йесо Хуыцауы уарзтӕй хайджын уыд, йӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ кӕй ӕххӕст кодта, уый фӕрцы. Ӕмӕ цӕмӕй мах дӕр Хуыцауы уарзтӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ алы бон дӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрӕм. Уыцы ӕхсӕв ма Йесо загъта: «Кӕд уый зонут ӕмӕ афтӕ кӕнут, уӕд амондджын стут» (Иоанны 13:17).

Нӕ зӕрдӕ дын зӕгъы, цӕмӕй дын ацы чиныг баххуыс кӕна, ӕмӕ дарддӕр дӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрай ӕмӕ, «ӕнусон цардмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, Хуыцауы уарзтӕй» дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнай (Иудӕйы 21).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет