Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

УӔЛӔМХАСӔН

Туджы фракцитӕ ӕмӕ, операцийы рӕстӕг цы мадзӕлттӕй фӕпайда кӕнынц, уыдон

Туджы фракцитӕ ӕмӕ, операцийы рӕстӕг цы мадзӕлттӕй фӕпайда кӕнынц, уыдон

Туджы фракцитӕ. Фракцитӕ рахицӕн кӕнынц туджы цыппар сӕйраг хайӕ: эритроциттӕй, лейкоциттӕй, тромбоциттӕй ӕмӕ плазмӕйӕ. Зӕгъӕм, эритроцитты ис белок гемоглобин. Адӕймаджы кӕнӕ цӕрӕгойты гемоглобинӕй цы хостӕ саразынц, уыдонӕй дзӕбӕх кӕнынц, анемийӕ кӕмӕн ис кӕнӕ бирӕ туг чи фесафы, уыцы рынчынты.

Плазмӕйӕн йӕ 90 проценты у дон, ис ма дзы бирӕ гормонтӕ, цӕххытӕ, ферменттӕ ӕмӕ пайда буаргъӕдтӕ, стӕй минералтӕ ӕмӕ сӕкӕр. Плазмӕйы ма ис, туг бацахсынӕн ӕмӕ низимӕ тох кӕнынӕн чи ’ххуыс кӕны, ахӕм хӕйттӕ, стӕй белоктӕ, зӕгъӕм, альбумин. Исты низ бахӕцынӕй тӕссаг кӕмӕн вӕййы, уыдонӕн дохтыртӕ рафыссынц гамма-глобулины уколтӕ. Гамма-глобулин рахицӕн кӕнынц, уыцы низы ныхмӕ иммунитет кӕмӕн ис, ахӕм адӕймаджы туджы плазмӕйӕ. Лейкоциттӕй арӕх рахицӕн кӕнынц интерферонтӕ ӕмӕ интерлейкинтӕ, дзӕбӕх дзы кӕнынц иуӕй-иу хӕцгӕ низтӕ ӕмӕ ракы иуӕй-иу хуызтӕ.

Цымӕ чырыстӕттӕн туджы фракцитӕй хос кӕнӕн ис? Уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Уымӕ гӕсгӕ алчидӕр хъуамӕ йӕхӕдӕг рахӕсса ахӕм уынаффӕ, цӕмӕй Хуыцауы раз йӕ цӕсгом сыгъдӕг уа. Иуӕй-иутӕ ӕппындӕр нӕ разы кӕнынц туджы фракцитӕй хос кӕныныл, зӕгъгӕ, дам, Хуыцауы закъон израилӕгтӕй домдта, цӕмӕй-иу туг зӕхмӕ акалдтаиккой (Дыккаг закъон 12:22–24). Иннӕтӕ та сразы вӕййынц, цӕмӕй сӕ дзӕбӕх кӕной, туджы фракцитӕ кӕм ис, ахӕм хостӕй. Уый афтӕ ӕмбарын кӕнынц, ӕмӕ, дам, уыцы фракцитӕ, кӕй тугӕй сӕ рахицӕн кодтой, уый цардмӕ ницыуал бар дарынц.

Туджы фракцитӕй хос кӕныны тыххӕй уынаффӕ рахӕссыны размӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Ӕмбарын ӕй, туджы фракцитӕй иуыл дӕр куы не сразы уон, уӕд уый ууыл дзурӕг кӕй уыдзӕн, ӕмӕ иуӕй-иу хостӕй мӕхи кӕй нӕ дзӕбӕх кӕндзынӕн, зӕгъӕм, низтимӕ тох кӕнынӕн кӕнӕ туг бацахсынӕн ӕмӕ йӕ бауромынӕн чи ’ххуыс кӕны, уыцы фракцитӕ кӕм ис, ахӕм хостӕй? Мӕ бон уыдзӕн дохтырӕн бамбарын кӕнын, туджы фракцитӕй иуӕй кӕнӕ фылдӕрӕй дзӕбӕх кӕныныл разы цӕмӕн дӕн кӕнӕ цӕуылнӕ дӕн, уый?»

Операцийы рӕстӕг цы мадзӕлттӕй фӕпайда кӕнынц, уыдон. Уыцы мадзӕлттӕм хауынц гемодилюци ӕмӕ реинфузи. Гемодилюци фӕкӕнынц афтӕ: операцийы рӕстӕг рынчынӕн йӕ тугӕй иу цасдӕр ауадзынц аппаратмӕ, йӕ бӕсты йын бауадзынц, туг чи фылдӕр кӕны, ахӕм хос, ӕмӕ уый фӕстӕ, аппаратмӕ кӕй ауагътой, уыцы туг фӕстӕмӕ рынчыны буары бауадзынц. Реинфузи та фӕкӕнынц афтӕ: операцийы рӕстӕг лыгӕй кӕнӕ хуылфмӕ цы туг фӕкӕлы, уый фембырд кӕнынц, ссыгъдӕг ӕй кӕнынц ӕмӕ йӕ стӕй рынчынӕн фӕстӕмӕ бауадзынц. Ацы мадзӕлттӕй дохтыртӕ ӕмхуызон нӕ пайда кӕнынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ чырыстон хъуамӕ йӕ дохтыры бафӕрса, куыд сӕ пайда кӕндзӕн, уымӕй.

Ацы мадзӕлттыл сразы уыдзынӕ ӕви нӕ, уый фӕдыл уынаффӕ рахӕссыны размӕ ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Зӕгъӕм мын мӕ тугӕй цасдӕр аппаратмӕ ауагътой ӕмӕ йын суанг йӕ цыд дӕр рӕстӕгмӕ ӕрлӕууын кодтой, уӕд ма мӕ бон уыдзӕн афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ уыцы туг уӕддӕр мӕ буарӕй у ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ „зӕхмӕ акалын“ нӕ хъӕуы, ӕмӕ мӕ цӕсгом сыгъдӕг уыдзӕн? (Дыккаг закъон 12:23, 24). Мӕ цӕсгом мӕ нӕ хӕрдзӕн, цавӕрдӕр процедурӕйы рӕстӕг мӕ туг куы райсой, исты хос ӕм куы бафтауой ӕмӕ мын ӕй фӕстӕмӕ куы бауадзой, уӕд? Ӕмбарын ӕй, мӕхи тугимӕ баст хос кӕныны мадзӕлттӕй иуыл дӕр куы не сразы уон, уӕд уый ууыл дзурӕг кӕй уыдзӕн, ӕмӕ туджы анализтыл, гемодиализыл кӕнӕ, туг цы аппараты фӕрцы зилдух кӕны, ууыл дӕр кӕй нӕ разы кӕнын?»

Чырыстон хъуамӕ йӕхӕдӕг рахӕсса уынаффӕ, операцийы рӕстӕг дохтырты йӕхи тугимӕ баст хос кӕныны мадзӕлттӕй пайда кӕнын бауадздзӕн ӕви нӕ. Уый хауы туджы анализтӕм дӕр, стӕй иуӕй-иу хос кӕныны мадзӕлттӕм, зӕгъӕм, адӕймагӕй иу гыццыл туг райсынц (иуӕй-иу хатт ӕм хос дӕр бафтауынц) ӕмӕ йын ӕй стӕй фӕстӕмӕ йӕ буары бауадзынц.