Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

УӔЛӔМХАСӔН

Тырысайӕн табу кӕнын, хъӕлӕс кӕнын ӕмӕ альтернативон службӕ

Тырысайӕн табу кӕнын, хъӕлӕс кӕнын ӕмӕ альтернативон службӕ

Тырысайӕн табу кӕнын. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕймаг тырысайы раз куы ӕрзоныг кӕна ӕмӕ йын куы табу кӕна, уӕд уый дӕр афтӕ уайы, цыма йын кувгӕ кӕны (тырысайӕн куы фӕтабу кӕнынц, уӕд арӕх фӕцӕгъды гимн дӕр). Уымӕй адӕймаг равдисы, йӕ ныфс Хуыцауыл нӕ, фӕлӕ паддзахадыл йе та хицӕуттыл кӕй дары, ома, дам, нӕ уыдон нӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕндзысты (Исай 43:11; 1 Коринфӕгтӕм 10:14; 1 Иоанны 5:21). Иу ахӕм хицау уыд рагон Вавилоны паддзах Навуходоносор. Адӕмӕн йе стыр хъомыс ӕмӕ, йӕ хуыцӕуттыл куыд ӕнувыд уыд, уый равдисыны тыххӕй скодта стыр гуымиры ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй, гимны хуызӕн чи уыд, уыцы музыкӕ куы райхъуыстаид, уӕд иууылдӕр уыцы гуымирыйы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудаиккой. Фӕлӕ ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы, Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго, афтӕ бакӕнын нӕ бакуымдтой, кӕд сын мӕлӕтӕй тӕссаг уыди, уӕддӕр (Данелы чиныг, 3 сӕр).

Историк Карлтон Хейсы ныхӕстӕм гӕсгӕ, национализм динӕй уӕлдай нӕу, кувгӕ та дзы сӕйраджыдӕр кӕнынц тырысайӕн. Тырыса, дам, куы рацӕйхӕссынц, уӕд, дам, нӕлгоймӕгтӕ сӕ худтӕ сисынц, фысджытӕ тырысайы номыл ныффыссынц ӕмдзӕвгӕтӕ, сывӕллӕттӕ та фӕзарынц гимн. Стӕй ма загъта, зӕгъгӕ, национализмӕн ис йӕхи «кувӕн бонтӕ», ома бӕрӕгбӕттӕ, стӕй «сыгъдӕджытӕ ӕмӕ хъайтартӕ» ӕмӕ «кувӕндӕттӕ», кӕнӕ табуйаг бынӕттӕ. Бразилийы иу бӕрӕгбоны рӕстӕг стыр ӕфсӕддон хицау загъта: «Тырысайӕн табу кӕнынц ӕмӕ кад кӕнынц... Фыдыбӕстӕйӕн куыд кад кӕнынц, афтӕ». Иу энциклопедийы та фыст ис: «Крестау тырыса дӕр у табуйаг» (The Encyclopedia Americana).

Ӕрӕджы уыцы энциклопедийы ныффыстой, зӕгъгӕ, паддзахадон гимны ныхӕстӕ февдисынц, «адӕм сӕ бӕстӕ кӕй уарзынц ӕмӕ Хуыцауӕй кӕй курынц, цӕмӕй адӕмӕн кӕнӕ сӕ хицӕуттӕн разамынд дӕтта ӕмӕ сӕ хъахъхъӕна». Уӕдӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ дзӕгъӕлы нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ тырысайӕн табу кӕнын ӕмӕ гимн зарын Хуыцауӕн кувынӕй уӕлдай нӕу. Америкӕйы Иугонд Штатты скъолаты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕ тырысайӕн кӕй нӕ табу кодтой кӕнӕ-иу, сӕ бӕстӕйыл иузӕрдион кӕй уыдзысты, уый номыл ард кӕй нӕ бахордтой, уый тыххӕй иу чиныджы фыст ис: «Цалдӕр хъуыддаджы ӕвзаргӕйӕ Сӕйраг тӕрхондон дӕр кӕдӕй-уӕдӕй сразы, уыцы ӕрвылбоны церемонитӕ дины ӕгъдау схонӕн кӕй ис, ууыл» (The American Character).

Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхӕдӕг, Библимӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, уыцы церемониты нӕ архайынц, уӕддӕр аргъ кӕнынц иннӕты хъуыдыйӕн. Стӕй сӕ бӕстӕйы тырыса ӕвзӕр цӕуылдӕр нӕ нымайынц, кӕсынц ӕм сӕ бӕстӕйы бӕрӕггӕнӕн нысаны цӕстӕй. Закъонмӕ гӕсгӕ ӕвӕрд чи ’рцыд, уыцы хицауӕдтӕ та нымайынц «Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл» (Ромӕгтӕм 13:1–4). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библийы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ фӕкувынц «паддзӕхты ӕмӕ, стыр бынӕттӕ чидӕриддӕр ахсы, уыдоны тыххӕй». Афтӕ та уымӕн кӕнӕм, «цӕмӕй нӕ бон уа нӕхицӕн ӕнцад ӕмӕ сабырӕй цӕрын, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр уӕм Хуыцауыл иузӕрдион ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст» (1 Тимофеймӕ 2:2).

Хъӕлӕс кӕнын. Ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕмбарынц, алкӕмӕн дӕр йӕхи бар кӕй у, хъӕлӕс кӕндзӕн ӕви нӕ. Уыдон ӕвзӕрстыты ныхмӕ нӕ фӕдзурынц ӕмӕ, адӕм кӕй равзарынц, уыцы хицауады коммӕ фӕкӕсынц. Фӕлӕ ацы дунейы хъуыддӕгты ӕмӕ политикӕйы ӕппындӕр нӕ архайынц (Матфейы 22:21; 1 Петры 3:16). Ӕмӕ кӕцыдӕр бӕстӕйы ӕвзӕрстыты рӕстӕг хъӕлӕс кӕнын ӕнӕмӕнг куы уа кӕнӕ, чи нӕ хъӕлӕс кӕны, уыдоны ныхмӕ тынг куы цӕуой, уӕд та чырыстон куыд хъуамӕ бакӕна? Йӕ бон у Седрах, Мисах ӕмӕ Авденагойы хабарыл ахъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, кӕд уыдон Деиры быдырмӕ ацыдысты, уӕд, чи зоны, мӕнӕн дӕр мӕ бон у, кӕм хъӕлӕс кӕнынц, уыцы кабинӕмӕ бацӕуын (ӕрмӕст ӕй кӕд йӕ цӕсгом уый тыххӕй нӕ хӕры, уӕд). Фӕлӕ хъуамӕ къӕрцхъус уа, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ ацы дунейы хъуыддӕгты архайы. Хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара ӕхсӕз уагӕвӕрды:

  1. Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ ацы дунейӕ не сты (Иоанны 15:19).

  2. Чырыстӕттӕ сты Йесо Чырыстийы ӕмӕ йӕ Паддзахады минӕвӕрттӕ (Иоанны 18:36; 2 Коринфӕгтӕм 5:20).

  3. Чырыстон ӕмбырды ис иудзинад, иу ахуырӕдтыл хӕст кӕй сты, уый фӕрцы ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийыл бӕтты, Чырыстимӕ чи уыд, ахӕм уарзондзинад (1 Коринфӕгтӕм 1:10; Колоссӕгтӕм 3:14).

  4. Кӕй равзӕрстой, ууыл чи схъӕлӕс кодта, уый дӕр дзуапп дӕтты уыцы адӕймаджы хъуыддӕгты тыххӕй. (Дӕ хъус ӕрдар, 1 Самуилы 8:5, 10–18 ӕмӕ 1 Тимофеймӕ 5:22 цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ.)

  5. Израилӕгтӕ сӕхицӕн паддзах кӕй ӕрдомдтой, уымӕ Йегъовӕ ахӕм цӕстӕй ракаст, цыма йӕ сӕ Хицауыл нал нымадтой (1 Самуилы 8:7).

  6. Цӕмӕй чырыстонӕн йӕ бон уа, алыхуызон партиты фарс чи у, ахӕм адӕмимӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй сӕрибарӕй ныхас кӕнын, уый тыххӕй йӕхӕдӕг хъуамӕ политикӕйӕ дард лӕууа (Матфейы 24:14; 28:19, 20; Дзуттӕгтӕм 10:35).

Альтернативон службӕ. Иуӕй-иу бӕстӕты ахӕм закъон ис, ӕмӕ, ӕфсадмӕ чи нӕ цӕуы, уый хъуамӕ альтернативон службӕ ацӕуа. Ахӕм уавӕры чырыстон, куыд бакӕндзӕн, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцаумӕ скува, чи зоны, фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕй дӕр искӕимӕ аныхас кӕна ӕмӕ стӕй, ацы фарстайы фӕдыл цы базыдта ӕмӕ йын йе ’фсарм куыд дзуры, уымӕ гӕсгӕ йӕхӕдӕг уынаффӕ рахӕсса (Ӕмбисӕндтӕ 2:1–5; Филиппӕгтӕм 4:5).

Хуыцауы Ныхас чырыстӕттӕн дзуры, «цӕмӕй хицауӕдтӕм ӕмӕ, бартӕ кӕй къухы сты, уыдонмӕ хъусой ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсой, ӕнӕзивӕг уой алы хорз хъуыддагмӕ дӕр... уой ӕмбаргӕ» (Титмӕ 3:1, 2). Уӕдӕ ацы ныхӕстӕ нӕ зӕрдыл даргӕйӕ ахъуыды кӕнӕм цалдӕр фарстайыл. Альтернативон службӕйыл куы сразы уон, уӕд ацы дунейы хъуыддӕгты архайын нӕ райдайдзынӕн кӕнӕ мӕнг динӕй мӕхи нӕ фӕчъизи кӕндзынӕн? (Михей 4:3, 5; 2 Коринфӕгтӕм 6:16, 17). Уыцы куыстыл куы сразы уон, уӕд мын зын нӕ уыдзӕн, чырыстон уӕвгӕйӕ мыл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнын? Уӕвгӕ сӕ мӕ бон ӕххӕст кӕнын уыдзӕн? (Матфейы 28:19, 20; Ефесӕгтӕм 6:4; Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Ӕви мын цы график уыдзӕн, уый фӕрцы мӕ бон уыдзӕн Хуыцауы хъуыддӕгты фылдӕр архайын, суанг ма пионерӕй лӕггад кӕнын дӕр? (Дзуттӕгтӕм 6:11, 12).

Ахӕстоны сбадыны бӕсты чырыстон альтернативон службӕйыл куы сразы уа, уӕд ын иннӕтӕ хъуамӕ йӕ хъуыдыйӕн аргъ кӕной (Ромӕгтӕм 14:10). Фӕлӕ йӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ ахӕм куыст кӕнын йӕ бон нӕу, уӕд дӕр ын йӕ уынаффӕйӕн аргъ кӕнын хъӕуы (1 Коринфӕгтӕм 10:29; 2 Коринфӕгтӕм 1:24).