УӔЛӔМХАСӔН
Сылгоймаджы йӕ сӕрыл исты ныккӕнын кӕд фӕхъӕуы ӕмӕ цӕмӕн?
Чырыстон сылгоймаджы йӕ лӕггадимӕ баст хъуыддӕгты йӕ сӕрыл исты ныккӕнын кӕд фӕхъӕуы ӕмӕ цӕмӕн? Ӕркӕсӕм, апостол Павел Хуыцауы фӕндӕй ацы фарстайы фӕдыл цы ныффыста, уымӕ. Йӕ ныхӕстӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу рахӕссӕм, Хуыцауы чи скадджын кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕ. 1 Коринфӕгтӕм 11:3–16 стихты Павел дзуры, нӕ хъус кӕмӕ хъуамӕ ӕрдарӕм, дыууӕ ахӕм хъуыддагыл: 1) сылгоймаджы йӕ сӕрыл исты ныккӕнын кӕд фӕхъӕуы ӕмӕ 2) ацы разамындмӕ гӕсгӕ архайын ӕй цӕмӕн хъуамӕ фӕнда.
Кӕд фӕхъӕуы сӕрыл исты ныккӕнын? Павел дзырдта кувыны ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕныны тыххӕй (4, 5 стихтӕ). Адӕймаг куы фӕкувы, уӕд Йегъовӕимӕ сӕрныллӕгӕй фӕныхас кӕны. Цы у пехуымпариуӕг кӕнын та? Абон чырыстӕттӕ Библийӕ цыфӕнды ма амоной – зӕгъӕн уыдзӕн, пехуымпариуӕг кӕй кӕнынц. Цымӕ Павелы афтӕ зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ, сылгоймаг куы кува кӕнӕ Библийӕ искӕмӕн исты куы амона, уӕд-иу алы хатт дӕр хъуамӕ йӕ сӕр бамбӕрза? Нӕ, уый кой нӕ кодта. Фӕлӕ йӕ кӕцыдӕр уавӕрты ӕнӕмӕнг фӕхъӕуы йӕ сӕрыл исты ныккӕнын.
Павел дзырдта дыууӕ уавӕры тыххӕй – бинонты ’хсӕн ӕмӕ ӕмбырды куы уа, уый тыххӕй. Загъта афтӕ: «Сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг... Сылгоймаг та гомсӕрӕй куы кува кӕнӕ пехуымпариуӕг куы кӕна, уӕд... йӕ сӕр худинаг кӕны» (3, 5 стихтӕ). Йегъовӕ бинонтӕн цы ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ сылгоймагӕн йӕ лӕг у йӕ сӕрыхицау. Йегъовӕ лӕджы бар цы хӕстӕ бакодта, уыдон сылгоймаджы ӕххӕст кӕнын куы бахъӕуа, фӕлӕ, йӕ лӕджы кӕй нымайы, уый бӕрӕг куы нӕ уа, уӕд ӕй худинаг кӕндзӕн. Зӕгъӕм, афтӕ куы рауайа, ӕмӕ йӕ лӕджы цур искӕимӕ Библи ахуыр кӕны, уӕд хъуамӕ йӕ сӕрыл исты ныккӕна. Уымӕй равдисдзӕн, кӕй йӕ нымайы. Йӕ лӕг донаргъуыд уа ӕви нӕ, уӕддӕр хъуамӕ йӕ сӕр бамбӕрза, уымӕн ӕмӕ лӕг бинонты хистӕр у *. Кӕнӕ, зӕгъӕм, хойӕн ис, донаргъуыд чи у, ахӕм лӕппу, фӕлӕ нырма рӕзгӕ кары ис. Ӕмӕ мад йӕ разы куы кува кӕнӕ искӕимӕ Библи куы ахуыр кӕна, уӕд хъуамӕ йӕ сӕрыл исты ныккӕна. Афтӕ уымӕн нӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ йӕ лӕппу бинонты хистӕр у, фӕлӕ, ӕмбырды донаргъуыд нӕлгоймӕгтӕн цы бартӕ ис, уыдонӕн кӕй аргъ кӕны, уымӕн.
16 стихы та Павел загъта ӕмбырды тыххӕй: «Кӕд исчи ӕндӕр ӕгъдауы сӕрыл дзуры, уӕд та йӕ зонӕм, махмӕ дӕр ӕмӕ Хуыцауы ӕмбырдты дӕр ӕндӕр ӕгъдау кӕй нӕй». Ӕмбырды разамынд дӕттынц донаргъуыд нӕлгоймӕгтӕ (1 Тимофеймӕ 2:11–14; Дзуттӕгтӕм 13:17). Ӕрмӕстдӕр уыдоны снысан кӕнынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй, ӕмӕ Хуыцау йӕ дзугмӕ кӕсын уыдонӕн бахӕс кӕны (Хъуыддӕгтӕ 20:28). Фӕлӕ иуӕй-иу хатт уавӕртӕ афтӕ фӕдомынц, ӕмӕ, донаргъуыд ӕфсымӕр кӕй феххӕст кӕны, уыцы хӕс бахъӕуы хойӕн бабар кӕнын. Чи зоны йӕ уацамындон фембӕлд ауадзын бахъӕуа, чи йӕ ауадза, ахӕм ӕфсымӕр дзы куы нӕ уа, уӕд. Кӕнӕ та йӕ, чи зоны, бахъӕуа донаргъуыд ӕфсымӕры раз Библийы ахуыр уадзын *. Уыдӕттӕ дӕр ӕмбырды хъуыддӕгтӕм кӕй хауынц, уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ ахӕм уавӕрты йӕ сӕрыл исты ныккӕна. Уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ йӕ ӕмбары, нӕлгоймаг кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕна, уыцы хӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕны.
Фӕлӕ хойы йӕ лӕггадимӕ баст хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ алы хатт йӕ сӕр ӕмбӕрзын нӕ фӕхъӕуы. Зӕгъӕм, ӕмбырды дзуапп куы дӕтта, йӕ лӕгимӕ кӕнӕ ӕндӕр донаргъуыд ӕфсымӕримӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы хъусын кӕна, йе та, йӕ лӕг йӕ разы куы нӕ уа, афтӕмӕй йӕ ӕнӕаргъуыд сывӕллӕтты раз куы кува кӕнӕ семӕ Библи куы ахуыр кӕна, уӕд. Гӕнӕн ис, ацы хъуыддаджы фӕдыл хомӕ ӕндӕр фарстатӕ дӕр фӕзына ӕмӕ, куыд бакӕна, уый куы нӕ зона, уӕд йӕ бон у фылдӕр ӕрмӕг бацагурын *. Фӕлӕ ма уый фӕстӕ дӕр куы нӕ зона, куыд бакӕна, уый ӕмӕ йӕ йе ’фсарм цавӕрдӕр хъуыддаг гомсӕрӕй аразын куы нӕ уадза, уӕд нӕ фӕрӕдидзӕн, йӕ сӕрыл исты куы ныккӕна, уымӕй (нывыл куыд ис фенӕн, афтӕмӕй).
Сылгоймаджы йӕ сӕр бамбӕрзын цӕмӕн хъуамӕ фӕнда? 10 стихы фыст ис: «Сылгоймагӕн йӕ сӕрыл хъуамӕ исты уа, хицау ын кӕй ис, уый равдисынӕн – зӕдты тыххӕй». Ацы стихы ис, сылгоймаг ацы фӕдзӕхст цӕмӕн ӕххӕст кӕндзӕн, дыууӕ ахӕм хъуыддаджы кой. Фыццаг: нӕ хъус ӕрдарӕм ацы ныхӕстӕм – «хицау ын кӕй ис, уый равдисынӕн». Сылгоймагӕн йӕ сӕр ӕмбӕрзт куы уа, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕ ӕмбырды донаргъуыд нӕлгоймӕгтӕн цы бартӕ дӕтты, уыдонӕн кӕй аргъ кӕны. Афтӕмӕй равдисдзӕн, Йегъовӕйы кӕй уарзы ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй у. Дыккаг: ацы стихы ма фыст ис, сылгоймаг-иу йӕ сӕрыл исты кӕй хъуамӕ ныккӕна «зӕдты тыххӕй». Цымӕ хъомысджын зӕдтыл куыд ӕндавы, сылгоймаг йӕ сӕрыл исты ныккӕндзӕн ӕви нӕ?
Зӕдтӕн ӕхсызгон у, зӕххыл дӕр ӕмӕ уӕлӕрвты дӕр Йегъовӕйы организацийы чи ис, уыдон ын иууылдӕр йӕ хицаудзинадӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый. Ӕмӕ ацы хъуыддаджы ӕнӕххӕст адӕмӕй дӕр сӕ бон у цӕуылдӕр ахуыр кӕнын. Уыдоны дӕр хъӕуы Йегъовӕйы разамындмӕ хъусын. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй раджы заманты зӕдтӕй бирӕтӕ иузӕрдион нӕ разындысты (Иудӕйы 6). Зӕдтӕ фӕуынынц, иуӕй-иу хатт ӕмбырды чырыстон сылгоймаг донаргъуыд нӕлгоймагӕй фӕлтӕрдджындӕр ӕмӕ ӕмбаргӕдӕр кӕй вӕййы, стӕй йӕм фылдӕр зонындзинӕдтӕ кӕй вӕййы, фӕлӕ уӕддӕр йӕ коммӕ зӕрдиагӕй кӕй фӕкӕсы. Уымӕй уӕлдай, сылгоймӕгтӕй иуӕй-иутӕ сты сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ уыдзысты Чырыстиимӕ уӕлӕрвты. Уыцы сылгоймӕгтӕ зӕдтӕй дӕр стырдӕр бынат ахсдзысты ӕмӕ уыдзысты паддзӕхтӕ Чырыстиимӕ. Уӕдӕ зӕдтӕн фӕзминаг куыннӕ сты! Цӕй стыр кад у хотӕн се ’ппӕтӕн дӕр, милуангай иузӕрдион зӕдты раз сӕ бон ӕвдисын кӕй у, сӕрныллӕг, коммӕгӕс ӕмӕ иузӕрдион кӕй сты, уый!
^ 2 абз. Чырыстон сылгоймагӕн йӕ лӕг донаргъуыд куы уа, уӕд ын йӕ разы хъӕрӕй кувын не ’мбӕлы. Афтӕ йӕ бон у бакӕнын, зӕгъӕм, лӕгӕн исты низы аххосӕй йӕ бон ӕппындӕр дзурын куы нӕ уа, ӕрмӕстдӕр уӕд.
^ 3 абз. Хо Библийы ахуыр, йӕ сӕрыхицау чи нӕу, ахӕм ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕджы раз куы уадза, уӕд ӕй йӕ сӕр ӕмбӕрзын нӕ хъӕуы.
^ 1 абз. Ацы фарстайы фӕдыл фылдӕр ӕрмӕг кӕс брошюрӕйы «Йесойау сӕрныллӕг ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг ут», 30 фарс; 2002 азы 15 июлы «Сторожевая башня»-йы, 26, 27 фӕрстӕ, ӕмӕ 1977 азы 15 февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» (англ.), 125–128 фӕрстӕ.