23 СӔР
Адӕм цӕмӕн рынчын кӕнынц?
РЫНЧЫН чи у, ахӕм искӕй зоныс? ~ Ӕвӕццӕгӕн-иу дӕхӕдӕг дӕр уыдтӕ рынчын. Чи зоны, суазал дӕ кӕнӕ дӕ гуыбын рысти. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ сты тынг рынчын. Куы ничи сын баххуыс кӕна, уӕд сӕ бон сыстын дӕр нӕ вӕййы. Арӕх ахӕм рынчын вӕййынц, тынг чи базӕронд, уыдон.
Рынчын алчидӕр кӕны. Зоныс ӕй, адӕм цӕмӕн рынчын кӕнынц, цӕмӕн зӕронд кӕнынц ӕмӕ цӕмӕн мӕлынц? ~ Иухатт Йесомӕ ӕрбахастой, йӕ бон цӕуын кӕмӕн нӕ уыди, иу ахӕм лӕджы. Ӕмӕ уӕд Йесо цы сарӕзта, уымӕй рабӕрӕг, адӕм цӕмӕн рынчын кӕнынц ӕмӕ цӕмӕн мӕлынц, уый.
Йесо ӕрцыд иу горӕтмӕ. Уыцы горӕт уыди Галилейы денджызы раз. Йесо цы хӕдзары ӕрлӕууыд, уырдӕм ӕрцыди бирӕ адӕм. Уыйбӕрц уыдысты, ӕмӕ дзы суанг ӕддейӕ дӕр дуары раз ӕрлӕууӕн нал уыди. Фӕлӕ уӕддӕр цыдысты ӕмӕ цыдысты! Уыцы рӕстӕг Йесомӕ ӕрбахастой, йӕ бон цӕуын кӕмӕн нӕ уыди, ахӕм адӕймаджы.
Куыд хъуыды кӕныс, уыцы рынчын лӕджы Йесомӕ цӕмӕн ӕрбахастой? ~ Уыдоны уырныдта, Йесо йын кӕй баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ йӕ кӕй сдзӕбӕх кӕндзӕн. Зоныс ӕй, уыйбӕрц адӕмы ’хсӕнты рынчын лӕджы Йесойы размӕ куыд бахастой? ~
Рынчыны чи ’рбахаста, уыдон цы сарӕзтой, уый фенӕн ис мӕнӕ ацы нывыл. Фыццаг уал ӕй систой хӕдзары сӕрмӕ. Хӕдзары сӕр та уыди тъӕпӕн. Стӕй цар астӕуӕй райхӕлдтой
ӕмӕ рынчыны йӕ хуыссӕныл бынмӕ ӕруагътой. Цы стыр уырнындзинад уыди уыцы лӕгтӕм!Адӕм уый куы федтой, уӕд иууылдӕр тынг бадис кодтой. Ӕмӕ куыннӕ хъуамӕ дис кодтаиккой. Рынчын лӕджы сын сӕ тӕккӕ астӕумӕ царӕй ӕруагътой! Цымӕ Йесо уыцы лӕгтӕм смӕсты? ~ Ӕппындӕр нӕ! Ахӕм стыр уырнындзинад сӕм кӕй уыди, уый йын уыд тынг ӕхсызгон. Ӕмӕ уӕд рынчынӕн загъта: «Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».
Фӕлӕ Йесойы ныхӕстӕ иуӕй-иуты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты. Уыдон афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ йӕ бон нӕу тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын. Фӕлӕ Йесойӕн уый ӕцӕгдӕр йӕ бон кӕй уыди, уый равдисыны
тыххӕй рынчын лӕгӕн загъта: «Сыст, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ уӕхимӕ ацу».Куыддӕр Йесо уыцы ныхӕстӕ загъта, афтӕ лӕг адзӕбӕх! Ныр йӕхи бон уыди сыстын ӕмӕ рацу-бацу кӕнын. Чи йӕ федта, уыдон иууылдӕр тынг дис кодтой. Сӕ царды ахӕм цыдӕр никуыма федтой! Уыдон бузныг дзырдтой Йегъовӕйӕн, ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕджы сӕм кӕй рарвыста ӕмӕ йӕ бон рынчынты дзӕбӕх кӕнын кӕй у, уый тыххӕй (Марчы 2:1–12).
Ацы хабарӕй цы базыдтам? ~ Мах базыдтам, Йесомӕ кӕй ис тых тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнынӕн ӕмӕ рынчынты дзӕбӕх кӕнынӕн. Фӕлӕ ма ноджыдӕр базыдтам иу ахсджиаг хъуыддаг: адӕм рынчын кӕнынц, тӕригъӕдджын кӕй сты, уый тыххӕй.
Ӕмӕ рынчын та алчидӕр фӕвӕййы. Уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ адӕм иууылдӕр тӕригъӕдджын сты? ~ О, Библийы афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ, иууылдӕр тӕригъӕдджынӕй райгуырӕм. Ӕмбарыс ӕй, адӕймаг тӕригъӕдджынӕй куыд райгуыры? ~ Ома куы райгуыры, уӕд вӕййы ӕнӕххӕст. Зӕгъӕм, нӕ нӕ фӕфӕнды ӕвзӕрӕй исты саразын, фӕлӕ йӕ уӕддӕр саразӕм. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕнӕххӕст стӕм. Адӕм иууылдӕр тӕригъӕдджын куыд систы, уый та зоныс? ~
Фыццаг адӕймаг Адам Хуыцаумӕ нӕ байхъуыста. Хуыцауы закъон кӕй фехӕлдта, уымӕй тӕригъӕд сарӕзта. Ӕмӕ Адамӕй уыцы тӕригъӕд адӕм иууылдӕр сӕ туджы рахастой. Зоныс
ӕй, уый куыд уыди? Иу цӕвиттонӕй дын ӕй бамбарын кӕндзынӕн.Тебӕйы дзул куыд фӕфыцынц, уый федтаис. Ӕмӕ тебӕ зылын кӕнӕ дзыхъхъ куы уа, уӕд дзы дзул цыхуызӕн рауайдзӕн? ~ Дзул дӕр уыдзӕн зылын кӕнӕ дзыхъхъытӕ, афтӕ нӕу? ~
Адамы абарӕн ис ахӕм тебӕимӕ, мах та – дзулимӕ. Адам Хуыцауы закъон куы фехӕлдта, уӕд сси ӕнӕххӕст. Уый уыди, цыма дзы «дзыхъхъ» кӕнӕ ӕвзӕрӕй цыдӕр фӕзынд, афтӕ. Уӕдӕ йын цы сывӕллӕттӕ райгуырдаид, уыдон цыхуызӕн уыдаиккой? ~ Уыдон дӕр уыдаиккой ӕнӕххӕст.
Адӕмӕн сӕ фылдӕр дзӕбӕхӕй райгуырынц. Афтӕ нӕ вӕййы, ӕмӕ сыл ма уа къух кӕнӕ къах. Фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй сты, уый тыххӕй уӕддӕр рынчын кӕнынц ӕмӕ фӕстагмӕ амӕлынц.
Фӕлӕ иуӕй-иутӕ арӕхдӕр цӕмӕн рынчын кӕнынц? Мыййаг, иннӕтӕй тӕригъӕдджындӕр сты? ~ Нӕ, адӕм се ’ппӕт дӕр иухуызон тӕригъӕдджын сты. Иууылдӕр ӕнӕххӕстӕй райгуырдыстӕм. Уымӕ гӕсгӕ, ахӕм адӕймаг нӕй, ӕмӕ рынчын ма кӕна. Суанг ма, Хуыцауы закъӕттӕм чи хъусы ӕмӕ ӕвзӕрӕй чи ницы аразы, уыдон дӕр фӕрынчын вӕййынц.
Ӕмӕ уӕд иутӕ афтӕ арӕх цӕмӕн рынчын кӕнынц? ~ Бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй. Зӕгъӕм, хӕринаг фаг нӕ хӕрынц. Кӕнӕ та хӕрынц, тынг пайда чи нӕу, ахӕм хӕринӕгтӕ. Зӕгъӕм, ӕгӕр бирӕ адджинӕгтӕ ӕмӕ къафеттӕ. Чидӕр та афоныл не схуыссы ӕмӕ фаг нӕ бафынӕй кӕны. Кӕнӕ уазал бон йӕ уӕлӕ хъарм не скӕны. Иуӕй-иутӕ та сӕхӕдӕг сты лӕмӕгъ, ӕмӕ кӕд сӕхи хъахъхъӕнынц, уӕддӕр рынчын арӕх кӕнынц.
Фӕлӕ искуы ахӕм рӕстӕг уыдзӕн, ӕмӕ рынчын мачиуал кӕна? Цымӕ искуы тӕригъӕдӕй фервӕздзыстӕм? ~ Хъуыды ма кӕныс, Йесо рынчын лӕгӕн куыд баххуыс кодта? ~ Йӕ тӕригъӕдтӕ йын ныххатыр кодта ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта. Уымӕй Йесо равдыста, хорз хъуыддӕгтӕ зӕрдиагӕй чи кӕны, уыдонӕн тагъд рӕстӕджы цы хорздзинад сараздзӕн, уый.
Йесо мах дӕр сдзӕбӕх кӕндзӕн, кӕд ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ нӕ уарзӕм ӕмӕ сӕ нӕхи хизӕм, уӕд. Уый нӕ фервӕзын кӕндзӕн ӕнӕххӕстдзинадӕй. Уымӕ ис ахӕм тых, уымӕн ӕмӕ у Паддзах Хуыцауы Паддзахады. Фӕлӕ тӕригъӕдӕй ӕвиппайды нӕ фервӕздзыстӕм. Уымӕн бахъӕудзӕн рӕстӕг. Ӕмӕ тӕригъӕд бынтондӕр куы фесӕфа, уӕд рынчын ӕппындӕр нал кӕндзыстӕм. Никӕмӕй ницыуал срисдзӕн! Ӕмӕ уый куыд хорз уыдзӕн!
Тӕригъӕд алкӕуыл дӕр куыд ӕндавы, уый тыххӕй ма бакӕсӕн ис Иовы 14:4; Псаломы 51:5 ӕмӕ Ромӕгтӕм 3:23; 5:12; 6:23.