Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

17 СӔР

Амондджын чи у?

Амондджын чи у?

Йегъовӕ «амондджын Хуыцау» цӕмӕн у?

АЛКӔЙ ДӔР фӕнды, цӕмӕй амондджын уа, афтӕ нӕу? ~ Фӕлӕ бирӕтӕ ӕцӕг амондджын не сты. Зоныс, цӕуылнӕ? ~ Уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ зонынц, цӕмӕй амондджын уой, уый тыххӕй сӕ цы хъӕуы. Уыдон афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ цы хъӕуы, уый куы балхӕной, уӕд уыдзысты амондджын. Фӕлӕ йӕ куы балхӕнынц, уӕд ыл кӕд иуцасдӕр фӕцин кӕнынц, уӕддӕр уымӕй амондджындӕр нӕ фӕвӕййынц.

Цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм, уымӕн цы хъӕуы, уый тыххӕй ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг афтӕ загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35). Уӕдӕ амондджын адӕймаг кӕй ис схонӕн? ~ О, иннӕтӕн исты чи ратты ӕмӕ сын хорздзинад чи саразы, уый. Ды уый зыдтай? ~

Йесойы ныхӕстыл-ма ахъуыды кӕнӕм. Мыййаг, афтӕ загъта, ӕмӕ, лӕвар кӕмӕн раттынц, уыцы адӕймаг амондджын нӕ вӕййы? ~ Нӕ, уый афтӕ нӕ загъта. Исты дын куы балӕвар кӕнынц, уӕд нӕ фӕцин кӕныс? ~ Ууыл алчидӕр фӕцин кӕны. Махӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, исчи нын исты хорздзинад куы саразы, уӕд.

Фӕлӕ Йесо куыд загъта, афтӕмӕй бирӕ амондджындӕр уӕд уыдзыстӕм, ӕмӕ нӕхӕдӕг иннӕтӕн исты куы дӕттӕм. Куыд хъуыды кӕныс, адӕмӕн ӕппӕты фылдӕр лӕвӕрттӕ чи кӕны? ~ Раст зӕгъыс, уый у Йегъовӕ Хуыцау.

Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцау «алкӕмӕн дӕр дӕтты цард, улӕфт ӕмӕ алцыдӕр». Хуыцау нын дӕтты къӕвдатӕ ӕмӕ хуры рухс, цӕмӕй зайӕгойтӕ рӕзой ӕмӕ нын уа хӕринаг (Хъуыддӕгтӕ 14:17; 17:25). Библи дӕр Йегъовӕйы уый тыххӕй хоны «амондджын Хуыцау» (1 Тимофеймӕ 1:11). Хуыцау амондджын бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй у. Зӕгъӕм, адӕмы цы хъӕуы, уый сын дӕтты. Мах дӕр иннӕтӕн, нӕ бон цы у, уый куы дӕттӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын.

Дӕ бон у адджинӕгтӕ иууылдӕр бахӕрын. Фӕлӕ дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй амондджындӕр уай?

Куыд хъуыды кӕныс, дӕ бон цы у иннӕтӕн балӕвар кӕнын? ~ Дӕ бон у дуканийы исты балхӕнын. Ӕмӕ йӕ цӕмӕй балхӕнай, уый тыххӕй дӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъӕудзӕн ӕхца ӕрӕмбырд кӕнын.

Фӕлӕ дӕ искӕмӕн исты балӕвар кӕнын куы фӕнда, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг ӕлхӕнын нӕ хъӕуы. Зӕгъӕм, тӕвд бон уазал дон куы бануазыс, уӕд куыд хорз вӕййы! Уӕдӕ дойны адӕймагӕн дон куы раттай, уӕд дӕр тынг цин кӕндзынӕ.

Чи зоны дӕ иу бон дӕ мадимӕ бафӕнда адджинӕгтӕ скӕнын. Ӕвӕццӕгӕн, ууыл тынг фӕцин кӕнис. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ бон у, ӕмӕ адджинӕгтӕ иууылдӕр дӕхӕдӕг бахӕрай. Фӕлӕ ноджы тынгдӕр кӕд цин кӕндзынӕ? ~ О, де ’мбӕлттӕй дзы искӕмӕн куы раттай, уӕд. Зӕгъ-ма, нӕ дӕ фӕндид иу бон афтӕ саразын? ~

Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг ӕмӕ йӕ апостолтӕ зыдтой, иннӕтӕн исты куы дӕттай, уӕд амондджын кӕй уыдзынӕ. Куыд хъуыды кӕныс, уыдон иннӕтӕн цы лӕвӕрдтой? ~ Уымӕй хуыздӕр лӕвар нӕ уыд! Уыдон зыдтой ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй иннӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй дзырдтой. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕхца никӕмӕй истой.

Иухатт апостол Павел ӕмӕ йӕ хорз ӕмбал Лука фембӕлдысты иу сылгоймагыл. Уый дӕр фӕндыди иннӕтӕн хорздзинад аразын, цӕмӕй амондджын уыдаид. Фембӕлдысты йыл цӕугӕдоны раз. Павел ӕмӕ Лука уырдӕм уый тыххӕй ацыдысты, ӕмӕ фехъуыстой, уым кувӕн бынат кӕй ис. Ӕмӕ дзы ӕцӕгдӕр баййӕфтой цалдӕр сылгоймаджы кувгӕйӕ.

Павел уыцы сылгоймӕгтӕн райдыдта Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй дзурын. Сылгоймӕгтӕй иу хуынди Лидийӕ. Уый сӕм лӕмбынӕг фӕхъуыста. Лидийӕйы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, цы сын дзырдтой, уый, ӕмӕ йӕ бафӕндыди Павел ӕмӕ Лукайӕн исты хорздзинад саразын. Ӕмӕ сын загъта: «Кӕд мӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион адӕймагыл нымайут, уӕд мӕм хӕдзармӕ рацӕут ӕмӕ мӕнмӕ баззайут». Ӕмӕ сын лӕгъстӕ кодта, цалынмӕ йын не сразы сты, уӕдмӕ (Хъуыддӕгтӕ 16:13–15).

Лидийӕ Павел ӕмӕ Лукайӕн цы дзуры?

Лидийӕйӕн йӕ хӕдзармӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй ӕрбацыдысты, уый йын тынг ӕхсызгон уыд, уымӕн ӕмӕ йын уыдон радзырдтой Йегъовӕйы, Йесойы ӕмӕ ӕнусон царды тыххӕй. Уый цин кодта, Павел ӕмӕ Лука йӕ хӕдзары хӕринаг кӕй бахордтой ӕмӕ кӕй баулӕфыдысты, ууыл. О, Лидийӕ уыди тынг амондджын, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй фӕндыди хорздзинад саразын. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ уый нӕ зӕрдыл дарӕм. Зӕгъӕм, исчи нын куы зӕгъа, цӕмӕй искӕмӕн исты балӕвар кӕнӕм, фӕлӕ нӕхи куы нӕ фӕнда, уӕд цин дӕр нӕ кӕндзыстӕм.

Лидийӕ Павел ӕмӕ Лукайы кӕй суазӕг кодта, ууыл цӕмӕн цин кӕны?

Зӕгъӕм, ис дӕм къафеттӕ ӕмӕ хъуыды кӕныс, тагъддӕр сӕ куы ахӕрин, зӕгъгӕ. Фӕлӕ дын ӕз куы зӕгъон, цӕмӕй дзы иннӕ сывӕллӕттӕй дӕр искӕмӕн раттай, уӕд бацин кӕндзынӕ? ~ Ӕмӕ дӕ хуыздӕр ӕмбалы куы фенай ӕмӕ дӕм къафеттӕ куы уа, уӕд та? Ӕвӕццӕгӕн дӕ тынг бафӕнддзӕн, цӕмӕй дзы уымӕн дӕр раттай. Ӕмӕ уӕд нӕ цин кӕндзынӕ? ~

Бирӕ кӕй уарзӕм, уымӕн нӕ фӕфӕнды алцыдӕр раттын, ницы йын бавгъау кӕнӕм. Ӕмӕ Хуыцауы дӕр фылдӕр куы уарзӕм, уӕд уымӕн дӕр ницы ’вгъау кӕндзыстӕм.

Ацы мӕгуыр ус йӕ фӕстаг ӕхцатӕ цингӕнгӕйӕ цӕмӕн радта?

Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг зыдта, Хуыцауы бирӕ чи уарзта, иу ахӕм мӕгуыр усы. Федта йӕ Иерусалимы кувӕндоны. Уыцы сылгоймагмӕ уыди ӕрмӕстдӕр дыууӕ лыстӕг ӕфсӕйнаг ӕхцайы. Уыдон уыдысты йӕ фӕстаг ӕхцатӕ. Фӕлӕ сӕ нӕ бавгъау кодта ӕмӕ сӕ кувӕндоны мысайнагӕн нывӕрдта. Тыххӕй йын сӕ ничи раттын кодта. Уыцы бон кувӕндоны чи уыди, уыдонӕй бирӕтӕ уый зонгӕ дӕр нӕ бакодтой. Уыцы ус афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ йӕхи фӕндыд, стӕй Йегъовӕйы бирӕ уарзта. Йӕ бон цыдӕр раттын кӕй уыди, ууыл тынг цин кодта (Лукайы 21:1–4).

Махӕн дӕр нӕ бон у иннӕтӕн исты дӕттын ӕмӕ сын хорздзинад аразын. Зӕгъӕм, цы? ~ Искӕмӕн исты дӕттын нӕхи куы фӕнда, уӕд уыдзыстӕм амондджын. Ӕмӕ нын ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг уымӕн зӕгъы, «дӕттут», зӕгъгӕ (Лукайы 6:38). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд иннӕ адӕм уыдзысты амондджын. Ӕппӕты амондджындӕр та уыдзыстӕм нӕхӕдӕг!

Иннӕтӕн исты куы дӕттай, уӕд амондджын кӕй уыдзынӕ, уый тыххӕй-ма ноджыдӕр бакӕсӕм Матфейы 6:1–4; Лукайы 14:12–14 ӕмӕ 2 Коринфӕгтӕм 9:7.