12 СӔР
Йесо ахуыр кӕны кувын
ЗӔГЪ-МА, Хуыцауимӕ фӕныхас кӕныс? ~ Йегъовӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йемӕ ныхас кӕнай. Хуыцауимӕ куы фӕныхас кӕныс, уӕд уый афтӕ хуыйны, ӕмӕ йӕм кувгӕ кӕныс. Йесо йӕ уӕларвон Фыдимӕ тынг арӕх ныхас кодта. Уый тыххӕй-иу иуӕй-иу хатт иунӕгӕй дӕр баззади. Библийы фыст ис, иухатт Йесо кӕй «ссыд хохмӕ кувынмӕ. Ӕмӕ кӕд баталынг, уӕддӕр уым уыд иунӕгӕй» (Матфейы 14:23).
Дӕуӕн та дӕ бон кӕд у Йегъовӕмӕ иунӕгӕй кувын? ~ Зӕгъӕм, фынӕй кӕныны размӕ. Йесо афтӕ загъта: «Куы кувай, уӕд бацу мидӕмӕ, дуар бахгӕн ӕмӕ скув дӕ Фыдмӕ» (Матфейы 6:6). Алы изӕр дӕр фынӕй кӕныны размӕ Йегъовӕмӕ скувыс? ~ Хъуамӕ-иу ӕм скувай.
Йесо-иу куывта адӕмы раз дӕр. Йе ’мбал Лазӕр куы амард, уӕд куывта иннӕтимӕ, Лазӕры Иоанны 11:41, 42). Йесо ма-иу куывта, йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ куы уыди, уӕд дӕр. Кувгӕ кӕм фӕкӕнынц, уыцы ӕмбырдтӕм фӕцӕуыс? ~ Уым алы хатт дӕр фӕкувы хистӕртӕй исчи. Уыдон цы фӕдзурынц, уымӕ лӕмбынӕг хъус, уымӕн ӕмӕ дӕу тыххӕй дӕр фӕкувынц. Уӕд дӕ бон уыдзӕн «аммен» зӕгъын. Зоныс ӕй, куывды фӕстӕ «аммен» цӕмӕн фӕдзурынц? ~ Уымӕй адӕймаг равдисы, куывд йӕ зӕрдӕмӕ кӕй фӕцыд, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй афтӕ уа ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр куы куывтаид, уӕд афтӕ кӕй загътаид.
мард кӕм сӕвӕрдтой, уым (Йесо ма-иу куывта хӕрды размӕ дӕр. Йегъовӕйӕн-иу хӕринаджы тыххӕй бузныг загъта. Ды дӕр хӕрды размӕ скувыс? ~ Хорз уыдзӕн, хӕрды размӕ алы хатт дӕр Йегъовӕйӕн бузныг куы дзурӕм. Искӕимӕ куы фӕхӕрыс, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, скувы хистӕртӕй исчи. Фӕлӕ иунӕгӕй куы хӕрай, уӕд та? Кӕнӕ, Йегъовӕйӕн бузныг чи нӕ фӕдзуры, ахӕм адӕмимӕ куы бадай, уӕд куыд кӕндзынӕ? ~ Хъуамӕ-иу дӕхӕдӕг скувай.
Цымӕ алы хатт дӕр хъӕрӕй фӕхъӕуы кувын? Ӕви нӕхинымӕр куы фӕкувӕм, уӕд дӕр нӕ Йегъовӕ фехъусы? ~ Уый базонӕн ис, Неемийыл цы ’рцыд, уымӕй. Нееми уыди
Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг. Уый стыр бынат ахста Персы паддзах Артаксерксы хӕдзары. Иу бон Нееми тынг нынкъард, уымӕн ӕмӕ фехъуыста, йӕ бӕстӕйы сӕйраг горӕт Иерусалимы къултӕ пырхӕй кӕй лӕууынц.Паддзах Артаксеркс Неемийы куы бафарста, зӕгъгӕ, ӕнкъард цӕмӕн дӕ, уӕд Нееми фыццаг йӕхинымӕр акуывта. Стӕй йын радзырдта, цы йӕ тыхсын кодта, уый, ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй йӕ Иерусалиммӕ ауадза ӕмӕ йын йӕ къултӕ сараза. Ӕмӕ хабар куыд рауад? ~
Хуыцау Неемийы куывд фехъуыста. Паддзах ӕй ауагъта! Уый ма Неемийӕн радта горӕты къултӕ аразынӕн бирӕ хъӕдӕрмӕг дӕр. Уӕдӕ нӕхинымӕр куы скувӕм, уӕд дӕр нӕ Хуыцау фехъусы (Нееми 1:2, 3; 2:4–8).
Куыд хъуыды кӕныс, кувгӕйӕ сӕр ӕркъул кӕнын кӕнӕ уӕрджытыл лӕууын ӕнӕмӕнг фӕхъӕуы? ~ Йесо-иу кувгӕйӕ йӕ уӕрджытыл дӕр ӕрлӕууыди. Куывта-иу лӕугӕйӕ дӕр. Уыдис-иу афтӕ дӕр, ӕмӕ-иу кувгӕйӕ каст арвмӕ, зӕгъӕм, Лазӕры тыххӕй куы куывта, уӕд.
Уый цӕуыл дзурӕг у? ~ Ууыл, ӕмӕ сӕйраг нӕу, кувгӕйӕ бадгӕ кӕныс ӕви лӕугӕ. Иуӕй-иу хатт хуыздӕр вӕййы сӕр ӕркъул кӕнын ӕмӕ цӕстытӕ сӕхгӕнын. Дӕ бон у Йесойы хуызӕн дӕ уӕрджытыл лӕугӕйӕ дӕр кувын. Ӕмӕ нӕ бон у Хуыцаумӕ бонӕй дӕр ӕмӕ ӕхсӕвы дӕр кувын, алкӕддӕр нӕ фехъусдзӕн. Сӕйраг у, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ нӕм кӕй хъусы. Уырны дӕ, Йегъовӕ дын дӕ куывдтытӕ кӕй хъусы? ~
Фӕлӕ Йегъовӕмӕ цӕй тыххӕй ис кувӕн? ~ Зӕгъ-ма, куы фӕкувыс, уӕд Хуыцауӕн цы фӕдзурыс? ~ Йегъовӕ нын бирӕ хорздзинӕдтӕ дӕтты, ӕмӕ йын хъӕуы бузныг дзурын, афтӕ нӕу? ~ Нӕ бон ын у хӕринаджы тыххӕй бузныг зӕгъын. Фӕлӕ йын искуы цъӕх арв, рӕсугъд бӕлӕстӕ ӕмӕ дидинджыты тыххӕй бузныг загътай? ~ Уыдӕттӕ иууылдӕр Йегъовӕ скодта.
Иухатт Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ загътой, цӕмӕй сӕ кувын сахуыр кӕна. Ӕмӕ сын ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг радзырдта, фыццаджыдӕр кувын цӕй тыххӕй хъӕуы, уый. Зоныс ӕй, цы сын загъта? ~ Райс-ма дӕ Библи ӕмӕ байгом кӕн Матфейы 6-ӕм сӕр. Уым 9-ӕм стихӕй 13-ӕм стихмӕ фыст ис куывд, хонынц ӕй «нӕ Фыд». Иумӕ-ма йӕ бакӕсӕм.
Йесо загъта, цӕмӕй кувӕм Хуыцауы номы тыххӕй. Ома цӕмӕй Хуыцауы ном срухс уа, кӕнӕ ссыгъдӕг уа. Хуыцауы ном та куыд у? ~ О, йӕ ном у Йегъовӕ. Мах хъуамӕ уыцы ном бирӕ уарзӕм.
Йесо ма загъта, кӕй хъӕуы кувын, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа. Уыцы Паддзахад ӕнӕмӕнг хъӕуы, уымӕн ӕмӕ зӕхмӕ ӕрхӕсдзӕн сабырдзинад ӕмӕ дзы скӕндзӕн дзӕнӕт.
Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг ма ноджыдӕр загъта, зӕгъгӕ, кувут, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон уа зӕххыл дӕр, уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ. Уый тыххӕй куы кувӕм, уӕд хъуамӕ аразӕм, Хуыцауы цы фӕнды, уый.
Йесо ма нӕ ахуыр кодта, цӕмӕй Хуыцаумӕ кувӕм, зӕгъгӕ, алы бон дӕр нын хӕринаг дӕтт. Уый ма загъта, цӕмӕй Хуыцауӕй хатыр курӕм, исты ӕвзӕр ми куы саразӕм, уӕд. Фӕлӕ нын цӕмӕй Хуыцау ныххатыр кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр хатыр кӕнӕм, чи нӕ фӕхъыг кодта, уыдонӕн. Зӕгъ-ма, хатыр кӕнын дын ӕнцон вӕййы? ~
Ӕппынфӕстаг Йесо загъта, цӕмӕй Йегъовӕмӕ кувӕм, ӕмӕ нӕ Фыдбылызӕй, ома Сайтан Хӕйрӕгӕй, бахъахъхъӕна. Уӕдӕ кувын хъӕуы ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй.
Хъуамӕ нӕ уырна, Хуыцау нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы. Хорз уаид, ӕмӕ дзы ӕрмӕст ӕххуыс куы нӕ куриккам, фӕлӕ ма йын бузныг дӕр куы дзуриккам. Уымӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, зӕрдиагӕй йӕм куы фӕкувӕм ӕмӕ дзы хорз цыдӕртӕ куы фӕкурӕм. Ӕмӕ йӕм цӕй тыххӕй кувӕм, уый нын ӕнӕмӕнг сараздзӕн. Уый дӕ уырны? ~
Куывдтыты тыххӕй ма хорз хъуыдытӕ бакӕсӕн ис Ромӕгтӕм 12:12; 1 Петры 3:12 ӕмӕ 1 Иоанны 5:14.