15 СӔР
Иннӕтӕн хорздзинад араз
ЗӔГЪ-МА, цалынмӕ адӕймагимӕ нӕ базонгӕ уай, уӕдмӕ дзы афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕвзӕр у? ~ Афтӕ зӕгъӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ, ӕндӕрхуызон кӕй у кӕнӕ ӕндӕр ӕвзагыл кӕй дзуры, ӕрмӕстдӕр ӕй уый тыххӕй нӕ уарзӕм.
Куыд хъуыды кӕныс, иннӕтӕм ахӕм цӕстӕй кӕсын раст у? ~ Уый раст нӕу. Иннӕтӕм ахӕм цӕстӕй чи кӕсы, уый раст нӕ кӕны ӕмӕ йӕ хорз адӕймаг схонӕн нӕй. Раст нӕ уыдзӕн, ӕмӕ искӕй, мах хуызӕн кӕй нӕу, уый тыххӕй куы нӕ уарзӕм.
Искӕй зоныс, йӕ цӕсгомы цъар ӕндӕрхуызон кӕмӕн у кӕнӕ ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры? ~ Чи зоны, ахӕмты дӕр зоныс, ӕмӕ сты сахъат кӕнӕ рынчын, ӕмӕ уый тыххӕй сты ӕндӕрхуызон. Зӕгъ-ма, дӕу хуызӕн чи нӕу, уыдоны уарзыс? Хорздзинад сын фӕаразыс? ~
Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг Йесо Чырыстимӕ куы хъусӕм, уӕд алкӕмӕн дӕр хорздзинад араздзыстӕм. Мах хорздзинад араздзыстӕм, ӕндӕр бӕстӕйӕ чи у кӕнӕ йӕ цӕсгомы цъар ӕндӕрхуызон кӕмӕн у, уыдонӕн. Ӕмӕ кӕд адӕмӕн сӕ фылдӕр афтӕ нӕ кӕнынц, уӕддӕр мах хъуамӕ алкӕй дӕр уарзӕм, уымӕн ӕмӕ Йесо ууыл ахуыр кодта.
Иухатт Йесомӕ бацыди, ӕрмӕстдӕр йӕхи адӕмы чи уарзта, иу ахӕм дзуттаг лӕг ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы аразын мӕ хъӕуы, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрон?» Йесо ӕмбӕрста, уыцы лӕджы кӕй фӕндыди ахӕм ныхӕстӕ фехъусын, зӕгъгӕ, адӕймаг хъуамӕ хорздзинад араза ӕрмӕстдӕр йӕхи адӕмӕн. Ӕмӕ йын йӕ фарстӕн дзуапп нӕ радта, фӕлӕ йын йӕхи бафарста: «Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ нӕ цы хъӕуы аразын?»
Уыцы лӕг ын дзуапп радта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз дӕ хионы дӕр». Уӕд ын Йесо загъта: «Раст зӕгъыс. Афтӕ кӕн, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрдзынӕ».
Фӕлӕ уыцы лӕг нӕ уарзта, йӕхи хуызӕн чи нӕ уыди, уыдоны. Уый фӕндыди йӕхи сраст кӕнын, ӕмӕ та Йесойы бафарста: «Мӕ хион та чи у?» Ӕвӕццӕгӕн ӕй фӕндыд, цӕмӕй йын Йесо афтӕ загътаид: «Дӕ хиуӕттӕ сты де ’мбӕлттӕ» кӕнӕ: «Дӕ хиуӕттӕ сты, дӕу хуызӕн чи у, уыдон». Фӕлӕ йын Йесо радзырдта иу дзуттаг ӕмӕ иу самариаг лӕджы хабар. Уыцы хабар уыди афтӕ.
Иу лӕг Иерусалимӕй ӕрцӕйцыд Иерихонмӕ. Уый уыди дзуттаг. Фӕндагыл ӕй абырджытӕ ӕрцахстой ӕмӕ йын йе ’хцатӕ ӕмӕ йӕ дзаумӕттӕ байстой. Уый фӕстӕ йӕ фӕнадтой ӕмӕ йӕ фӕндаджы раз ӕрдӕгмардӕй ныууагътой.
Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уыцы фӕндагыл фӕцӕйцыд сауджын. Ӕмӕ федта уыцы цӕфтӕ лӕджы. Ды йӕ бынаты куыд бакодтаис? ~ Сауджын фӕндагӕн йӕ иннӕ фарсмӕ ахызт. Уый лӕугӕ дӕр не ’ркодта ӕмӕ уыцы лӕгӕн ӕппындӕр ницӕмӕй баххуыс кодта.
Сауджыны фӕстӕ фӕндагыл ӕрцӕйцыд ӕндӕр уырнӕг лӕг. Уый уыди левит ӕмӕ лӕггад кодта Иерусалимы кувӕндоны. Цымӕ ӕрлӕууыд ӕмӕ уыцы лӕгӕн баххуыс кодта? ~ Уый дӕр сауджынау йӕ рӕзты ацыд ӕмӕ йын нӕ баххуыс кодта.
Уыцы фӕндагыл ма ӕрцӕйцыд иу самариаг лӕг. Уыныс ӕй, уӕртӕ ӕрбацӕуы? ~ Уый федта цӕфтӕ дзуттаджы. Самариӕгтӕ ӕмӕ дзуттӕгтӕ та кӕрӕдзи нӕ уарзтой (Иоанны 4:9). Цымӕ самариаг лӕг дӕр йӕ рӕзты ацыд ӕмӕ йын нӕ баххуыс кодта? Цымӕ афтӕ ахъуыды кодта: «Ацы дзуттагӕн цӕмӕн хъуамӕ баххуыс кӕнон? Уый мӕнӕн нӕ баххуыс кодтаид».
Нӕ, уый афтӕ нӕ ахъуыды кодта. Фӕндаджы раз ӕй афтӕмӕй куы федта, уӕд ын тынг фӕтӕригъӕд кодта. Йӕ бон ӕй нӕ уыди уым ныууадзын, уымӕн ӕмӕ амардаид. Уый йӕ хӕрӕгӕй ӕрхызт ӕмӕ йӕм бацыди. Йӕ цӕфтыл ын ӕркодта оливӕйы сой ӕмӕ сӕн, цӕмӕй тагъддӕр адзӕбӕх уыдаиккой, ӕмӕ йын сӕ бабаста.
Самариаг лӕг цӕфтӕ лӕджы йӕ хӕрӕгыл хъавгӕ сӕвӕрдта. Стӕй сабыргай ацыдысты. Уӕдмӕ ӕрхӕццӕ сты иу гыццыл фысымуатмӕ, ома гостиницӕмӕ. Уым фысымуаты хицауӕн уыцы лӕджы тыххӕй ӕхца бафыста ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй йӕм йӕ хъус фӕдардтаид.
Йесо, кӕимӕ ныхас кодта, уыцы лӕджы бафарста: «Куыд хъуыды кӕныс, уыцы ӕртӕйӕ хорз хион чи разынд?» Ды та куыд хъуыды кӕныс? Хион чи разынд: сауджын, левит ӕви самариаг лӕг? ~
Уыцы лӕг ын дзуапп радта: «Чи ӕрлӕууыд ӕмӕ уыцы цӕфтӕ лӕгӕн чи баххуыс кодта, уый». Уӕд ын Йесо загъта: «Раст зӕгъыс. Уӕдӕ ацу ӕмӕ ды дӕр афтӕ кӕн» (Лукайы 10:25–37).
Цы дзӕбӕх радзырд у! Нӕ хиуӕттӕ чи сты, уый
бӕрӕг у. Уыдон ӕрмӕст нӕ хуыздӕр ӕмбӕлттӕ не сты. Стӕй, йӕ цӕсгомы цъар мах цӕсгомы цъары хуызӕн кӕмӕн у ӕмӕ не ’взагыл чи дзуры, ӕрмӕст уыдон дӕр не сты. Йесо дзырдта, цӕмӕй алкӕй дӕр уарзӕм, кӕцӕйфӕнды дӕр уӕд, цавӕрфӕнды хуызӕн дӕр уӕд ӕмӕ цыфӕнды ӕвзагыл дӕр дзурӕд.Йегъовӕ дӕр адӕммӕ ахӕм цӕстӕй кӕсы. Уый алкӕй дӕр уарзы. «Уӕ уӕларвон Фыд йӕ хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр,– загъта Йесо,– ӕмӕ къӕвда дӕр ратты хорз адӕмӕн дӕр ӕмӕ ӕвзӕр адӕмӕн дӕр». Уӕдӕ мах дӕр Хуыцауы хуызӕн хъуамӕ алкӕй дӕр уарзӕм (Матфейы 5:44–48).
Уӕдӕ искӕй ӕххуыс куы хъӕуа, уӕд куыд бакӕндзынӕ? ~ Ӕндӕр бӕстӕйӕ куы уа кӕнӕ йӕ цӕсгомы цъар ӕндӕрхуызон куы уа, уӕд та? Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр дӕ хион у ӕмӕ йын хъуамӕ баххуыс кӕнай. Иунӕгӕй йын дӕ бон баххуыс кӕнын куы нӕ уа, уӕд-иу стыртӕй искӕмӕ фӕдзур. Дӕ бон у милиционермӕ кӕнӕ ахуыргӕнӕгмӕ фӕдзурын. Афтӕмӕй ды дӕр уыдзынӕ хӕларзӕрдӕ самариаг лӕджы хуызӕн.
Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕджы фӕнды, цӕмӕй алкӕй дӕр уарзӕм. Уый фӕнды, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кӕнӕм. Йесо уый тыххӕй радзырдта хӕларзӕрдӕ самариаг лӕджы хабар дӕр.
Алкӕмӕн дӕр хорздзинад кӕй хъуамӕ аразӕм, уый тыххӕй бакӕс Ӕмбисӕндты 19:22 ӕмӕ Хъуыддӕгты 10:34, 35; 17:26.