14 СӔР
Хатыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
ИСКУЫ дӕ исчи фӕхъыг кодта? ~ Мыййаг дӕ цӕвгӕ ныккодта ӕви дын ӕвзӕрӕй исты загъта? ~ Куыд хъуыды кӕныс, ды дӕр ын хъуамӕ афтӕ бакӕнай? ~
Бирӕтӕ афтӕ сты, ӕмӕ сын исчи ӕвзӕрӕй исты куы саразы, уӕд ын уыдон дӕр исты ӕвзӕрдзинад саразынц. Фӕлӕ Йесо дзырдта, зӕгъгӕ, иннӕтӕн хатыр кӕнут (Матфейы 6:12). Ӕмӕ нӕ исчи бирӕ хатт куы фӕхъыг кӕна, уӕд та? Цал хатты йын хъуамӕ ныххатыр кӕнӕм? ~
Петры дӕр уый фӕндыд базонын. Ӕмӕ иу бон Йесойы бафарста: «Адӕймагӕн цал хатты хъуамӕ ныххатыр кӕнон? Авд хатты?» Фӕлӕ авд хатты фаг нӕу. Ӕмӕ йын Йесо загъта: «Адӕймаг дӕ ӕвдай авд хатты куы фӕхъыг кӕна, уӕд ын ӕвдай авд хатты ныххатыр кӕн».
Ӕвдай авд хатты тынг бирӕ у! Исчи нӕ уал хатты куы фӕхъыг кӕнид, уӕд сӕ хъуыды дӕр нӕ бакӕниккам, афтӕ нӕу? Ӕмӕ Йесойы уый фӕндыди зӕгъын, цӕмӕй ма нымайӕм, чи нӕ цал хатты фӕхъыг кодта, уый, ӕмӕ-иу сӕ ферох кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ исчи хатыр куы кура, уӕд ын хъуамӕ ныххатыр кӕнӕм.
Йесойы фӕндыд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кӕнын, хатыр кӕнын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы. Ӕмӕ Петры
фарстӕн дзуапп куы радта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн иу хабар радзырдта. Радзурон дын ӕй? ~Раджы кӕддӕр цард иу хорз паддзах. Уый уыди тынг фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг. Йӕ цагъартӕй-иу ӕххуыс кӕй хъуыди, уыдонӕн-иу ӕхца ӕфстау дӕр радта. Фӕлӕ йӕ иу бон бафӕндыд йӕ цагъартӕй фӕстӕмӕ йе ’хцатӕ райсын. Иу цагъар дзы дардта 60 милуан ӕфсӕйнаг ӕхцайы. Ахъуыды-ма кӕн, цас ӕхца уыдысты!
Фӕлӕ уыцы цагъар йе ’хцатӕ иууылдӕр бахардз кодта ӕмӕ сӕ йӕ бон нӕ уыди фӕстӕмӕ раттын. Ӕмӕ уӕд паддзах загъта, цӕмӕй уыцы цагъары ауӕй кодтаиккой. Паддзах ма загъта, цӕмӕй йын ауӕй кодтаиккой йӕ усы, йӕ сывӕллӕтты ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уый. Ӕмӕ цы ӕхца райстаиккой, уыдон хъуамӕ паддзахӕн раттаиккой. Цымӕ уыцы цагъар куыд бакодта? ~
Уый паддзахы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: «Иу гыццыл банхъӕлмӕ кӕс, ӕмӕ дӕ цы дарын, уыдон дын иууылдӕр бафиддзынӕн». Ды уыцы паддзах куы уыдаис, уӕд куыд бакодтаис? ~ Паддзах уыцы цагъарӕн фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын ныххатыр кодта. Стӕй йын загъта, зӕгъгӕ мӕ цы 60 милуан ӕфсӕйнаг ӕхцайы дарыс, уыдон дӕ фидын нал хъӕуы. Ахъуыды-ма кӕн, уыцы цагъар куыд цин кодтаид!
Фӕлӕ уыцы цагъар уый фӕстӕ цы бакодта? Паддзахӕй куы рацыд, уӕд ссардта, ӕрмӕстдӕр дзы сӕдӕ ӕфсӕйнаг ӕхцайы чи дардта, уыцы адӕймаджы, йӕхи хуызӕн цагъары. Фӕлӕбурдта йӕм, йӕ хурхыл ын ныххӕцыд ӕмӕ йын загъта: «Ныртӕккӕ мын ме ’хцатӕ ратт!» Ахъуыды-ма кӕн, паддзах ын йӕхицӕн уыйбӕрц ӕхца ныххатыр кодта, йӕхӕдӕг та куыд бакодта! Уый хорз адӕймаг уыди? ~
Сӕдӕ ӕфсӕйнаг ӕхцайы дзы чи дардта, уыцы цагъар уыди мӕгуыр. Йӕ бон нӕ уыди йӕ хӕс уыцы рӕстӕг бафидын. Гъемӕ иннӕ цагъары раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: «Иу гыццыл банхъӕлмӕ кӕс, ӕмӕ дын дӕ хӕс бафиддзынӕн». Куыд хъуыды кӕныс, хъуамӕ банхъӕлмӕ кастаид ӕви нӕ? ~ Ды та куыд бакодтаис? ~
Уыцы лӕг паддзахы хуызӕн хорз адӕймаг нӕ уыди. Нӕ йӕ фӕндыд ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Иннӕ цагъарӕн йӕ бон йӕ хӕс бафидын кӕй не сси, уый тыххӕй йӕ ахӕстоны баппӕрста. Иннӕ цагъартӕ уый куы федтой, уӕд смӕсты сты. Мӕгуыр цагъарӕн тынг фӕтӕригъӕд кодтой. Гъемӕ паддзахмӕ бацыдысты ӕмӕ йын алцыдӕр радзырдтой.
Уыцы хабар паддзахы зӕрдӕмӕ дӕр нӕ фӕцыд. Паддзах уыцы ӕвзӕр цагъармӕ тынг смӕсты. Ӕмӕ йӕм фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Саузӕрдӕ цагъар, ӕз дӕуӕн дӕ хӕс нӕ ныххатыр кодтон? Уӕдӕ ды де ’мбал цагъарӕн йӕ хӕс цӕуылнӕ ныххатыр кодтай?»
Уыцы ӕвзӕр цагъарӕн паддзах кӕй ныххатыр кодта, уымӕ гӕсгӕ уый дӕр хъуамӕ иннӕ цагъарӕн ныххатыр кодтаид. Фӕлӕ афтӕ нӕ бакодта. Уый тыххӕй йын паддзах йӕхи дӕр ахӕстоны баппӕрста, цалынмӕ 60 милуан ӕфсӕйнаг ӕхцайы нӕ бафыстаид, уӕдмӕ. Фӕлӕ ахӕстоны уыйбӕрц ӕхца кӕцӕй бакуыстаид. Уӕдӕ уым хъуамӕ фӕуыдаид суанг йӕ мӕлӕты онг.
Йесо уыцы хабар куы радзырдта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Афтӕ бакӕндзӕн сымахӕн дӕр мӕ уӕларвон Фыд, алчидӕр уӕ йе ’фсымӕрӕн зӕрдӕйӕ куы нӕ ныххатыр кӕна, уӕд» (Матфейы 18:21–35).
Мах Хуыцауы раз бирӕ цӕмӕйдӕрты стӕм хӕсджын. Уый нын радта цард! Уыимӕ абаргӕйӕ, адӕм нӕ разы хӕсджын
цӕмӕй сты, уый ницы у. Уый абарӕн ис, мӕгуыр цагъар иннӕмӕй сӕдӕ ӕфсӕйнаг ӕхцайы куыд дардта, уыимӕ. Фӕлӕ нӕ рӕдыдтыты тыххӕй Хуыцауы раз цӕмӕй стӕм хӕсджын, уый та абарӕн ис, цагъар паддзахӕй цы 60 милуан ӕфсӕйнаг ӕхцайы дардта, уыимӕ.Хуыцау у тынг фӕлмӕнзӕрдӕ. Ӕмӕ кӕд бирӕ рӕдийӕм, уӕддӕр нын ныххатыр кӕны. Йӕ разы хӕсджын цӕмӕй стӕм, уый нӕ фӕстӕмӕ не ’рдомы, ома нын нӕ цард нӕ байсы. Фӕлӕ нӕ иу хъуыддаг хъӕуы бахъуыды кӕнын: Хуыцау нын хатыр кӕндзӕн, иннӕтӕн куы хатыр кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд. Куыд хъуыды кӕныс, уый нӕ ӕцӕгдӕр нӕ зӕрдыл дарын нӕ хъӕуы? ~
Зӕгъӕм, чидӕр дӕ фӕхъыг кодта, фӕлӕ дӕ уый фӕстӕ хатыр ракуырдта. Куыд бакӕндзынӕ? Ныххатыр ын кӕндзынӕ? ~ Фӕлӕ дӕ бирӕ хатт куы фӕхъыг кӕна, уӕд та? Уӕд дӕр ын ныххатыр кӕндзынӕ? ~
Искӕмӕй хатыр куы фӕкурӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна, афтӕ нӕу? ~ Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ иннӕтӕн хатыр кӕнӕм. Ӕмӕ хъуамӕ ӕрмӕст дзургӕ ма кӕнӕм, хатыр дын кӕнын, зӕгъгӕ, фӕлӕ йын хъуамӕ зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнӕм, мауал ӕм мӕсты кӕнӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, тынг нӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ уӕм.
Иннӕтӕн хатыр кӕнын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй-ма ноджыдӕр бакӕсӕм Ӕмбисӕндты 19:11; Матфейы 6:14, 15 ӕмӕ Лукайы 17:3, 4.