Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ӔГАС ЗӔХХЫЛ ДӔР ХЪУСЫН КӔНӔМ ӔМӔ АДӔМЫ АХУЫР КӔНӔМ

Океани

Океани
  • БӔСТӔТӔ 29

  • ЦӔРДЖЫТӔ 39 508 267

  • ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 96 088

  • АХУЫРГӔНИНӔГТӔ 63 333

«Ныр алцыдӕр ӕмбарын»

Фридӕ хъусӕй нӕ хъусы ӕмӕ тынг цин кодта, куы базыдта, йемӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыцы хоимӕ кӕй цӕудзысты Папуӕ – Ног Гвинейы фыццаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл ӕмбырдмӕ. Уыцы ног ӕмбырд фӕзынд 2013 азы 1 мартъийы. Ӕмбырды рӕстӕг Фридӕ алцыдӕр хуыздӕр ӕмбарын райдыдта, публикацитӕм куы нал каст, фӕлӕ йе ’ргом куы сарӕзта, къухӕй цы амыдтой, уымӕ ӕмӕ сценӕйыл экранмӕ. Йӕхӕдӕг дӕр дис кодта, кӕй нал ӕфсӕрмы кодта ӕмӕ ӕмбырдты рӕстӕг цалдӕр хатты дзуапп кӕй лӕвӕрдта, ууыл. 2013 азы апрелы сси ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг, ӕмӕ, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы адӕмӕй бирӕты фӕхоны ӕмбырды фембӕлдтӕм. Куы йӕ бафарстой, ӕмбырдты рӕстӕг арӕх цӕмӕн фӕкӕуы, уӕд загъта: «Уымӕн ӕмӕ ныр алцыдӕр ӕмбарын».

Ӕндӕр машинӕйы сбадт

Австралийы Барбарӕ йӕ машинӕйыл цыди уацамындон фембӕлдмӕ ӕмӕ фӕндаджы был баурӕдта, цӕмӕй федтаид, ногӕй бацӕуын ӕй кӕмӕ хъӕуы, уыдон кӕм фыст сты, уыцы блокнот рахаста ӕви нӕ. Ӕвиппайды машинӕйы дуар фегом ӕмӕ дзы хъуамӕ иу сылгоймаг сбадтаид.

– Бахатыр кӕн, фӕлӕ, цыма, дӕхи машинӕйы нӕ бадыс,– загъта йын Барбарӕ.

– Хатыр, ӕз афтӕ ӕнхъӕлдтон, кӕимӕ хъуамӕ ацыдаин, уыцы сылгоймаг дӕ,– загъта сылгоймаг. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ӕмӕ «Пробудитесь!»-ы журналтӕ куы федта, уӕд Барбарӕйӕн загъта: «Ацы журналтӕ цалдӕр азы размӕ кастӕн, дыууӕ сылгоймаджы мемӕ Библи куы ахуыр кодтой, уӕд». Барбарӕ йын ӕхсызгонӕй журналтӕ радта ӕмӕ фӕстӕдӕр йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта.

«Хуыцауӕй писмотӕ»

Ног Зеланди: Виалет писмоты фӕрцы рӕстдзинады тыххӕй бирӕтӕн хъусын кӕны

Виалетыл цӕуы 82 азы, йе ’нӕниздзинад сӕ хӕрзтӕй нӕу, цӕры горӕт Крайстчерчы, Ног Зеландийы. Ӕдзухдӕр писмотӕ фыссы ӕмӕ сӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕимӕ ӕрвиты сӕ горӕты зӕрӕдты хӕдзӕрттӕм ӕмӕ рынчындӕттӕм. Уыцы рӕтты чи кусы, уыдон загътой, зӕрӕдтӕ сӕм тынг кӕй фенхъӕлмӕ кӕсынц ӕмӕ сӕ кӕй хонынц Хуыцауӕй писмотӕ. Иуӕй-иутӕ сӕ писмотӕ ӕмӕ сӕ литературӕ куы бакӕсынц, уӕд сӕ иннӕтимӕ баивынц кӕнӕ, цӕстӕй хорз чи нӕ уыны, уыдонӕн сӕ хъӕрӕй бакӕсынц. Уыцы хӕдзӕртты чи кусы, уыдон ма загътой, писмотӕ ӕмӕ литературӕ чи кӕсы, уыцы зӕрӕдтӕ иннӕтимӕ абаргӕйӕ сабырдӕр, зӕрдӕрухсдӕр ӕмӕ хӕларзӕрдӕдӕр кӕй сты. Виалет куыд хъусын кӕны, уый тыххӕй загъта: «Йегъовӕ мӕ нырма дӕр пайда кӕны, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнон. Адӕмӕн рӕстдзинады тыххӕй афтӕ кӕй дзурын, уый мын ӕцӕгдӕр хъарутӕ дӕтты».

Уардиты тыххӕй бакаст

«Ӕз ӕй бакастӕн»,– загъта иу студенткӕ. Барни ахӕм дзуапп фехъусын ӕнхъӕл нӕ уыди, Сайпаны сакъадахыл иу сабат райсомӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ног номыртӕ куы парахат кодта, уӕд. Барни тынг бадис кодта, Бернадет ӕм куы ракаст ӕмӕ йын куы загъта, ног журнал кӕй бакаст, уӕд. Барни йӕ сумкӕйӕ ӕндӕр журнал систа. «Уый дӕр бакастӕн»,– загъта Бернадет. Барни йӕ дисгӕнгӕ бафарста: «Кӕм бакастӕ ацы журналтӕ? Мыййаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕ, ӕмӕ ардӕм улӕфынмӕ ӕрцыдтӕ?» Бернадет ын загъта, Ӕвдисӕн кӕй нӕу, фӕлӕ журналтӕ Интернеты онлайн кӕй бакаст. Иу бон Интернеты дидинджыты тыххӕй цыдӕр агуырдта ӕмӕ дзырд «уарди» куы бахаста, уӕд ын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сайты «Пробудитесь!»-ӕй равдыста статья «Африкӕйӕ диссаджы уардитӕ». Бернадет Барнийӕн загъта, уардиты тыххӕй статья йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг кӕй фӕцыд, ӕмӕ йӕ бафӕндыд уыцы сайты ноджыдӕр истытӕ бакӕсын. Фыццаг уал агуырдта зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойты тыххӕй информаци, фӕлӕ стӕй Библийы тыххӕй диссаджы хабӕрттӕ бакаст. Бернадеты фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уый уынгӕйӕ йын Барни загъта, йӕ бон кӕй у йемӕ хӕдзары Библи лӕвар ахуыр кӕнын. Дыккаг хатт ӕм куы бацыд, уӕд ын бахаста, Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы чиныг. Ӕмӕ йӕм ӕртыккаг хатт куы бацыд, уӕд аныхас кодтой чиныджы фыццаг сӕрыл. Иу азы фӕстӕ, 2012 азы ноябры Бернадет донаргъуыд райста. Рӕстдзинады фӕндагыл афтӕ тагъд слӕууыд, ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ загътой, зӕгъгӕ, Бернадет рӕстдзинадмӕ «балыгъд». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ сайт ын тынг баххуыс кодта.