Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

«Ӕнахуыр диссӕгтӕ федтам»

«Ӕнахуыр диссӕгтӕ федтам»

Цӕстӕй чи нӕ уыны, уыцы ӕфсымӕр донаргъуыд райста

ИУХАТТ Йесо Чырысти, паралич кӕй ныццавта, ахӕм адӕймаджы куы сдзӕбӕх кодта, уӕд «се ’ппӕт дӕр стыр дисы бафтыдысты ӕмӕ райдыдтой Хуыцауы кадджын кӕнын. Адӕмы тас бацыд ӕмӕ дзырдтой: „Мӕнӕ цы ӕнахуыр диссӕгтӕ федтам абон!“» (Лук. 5:25, 26). Абон Йегъовӕ йӕ уарзон Фырты уылты, «зондджын ӕмӕ ӕууӕнкджын цагъары» уылты ӕмӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты уылты ӕнӕхъӕн зӕххыл ноджы фылдӕр диссӕгтӕ аразы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ махӕн дӕр нӕ бон у зӕгъын: «Ӕнахуыр диссӕгтӕ федтам».