ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ
Цӕуынвӕнд нӕ кӕнынц
Рӕстдзинад ссардтой
Хуанӕ Вентурӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта, хъусын кӕнынӕн бар куы нӕ уыд, уыцы рӕстӕг, ӕмӕ донаргъуыд райста 1960 азы Осамӕйы цӕугӕдоны. Иухатт ӕй Санто-Домингойы евангелистты аргъуаны хистӕр хъавыд ахӕстоны сбадын кӕнынмӕ, зӕгъгӕ, дам, йӕ аххосӕй мӕ адӕм аргъуан ныууадзынц. Цӕмӕй иннӕтӕ афтӕ хъуыды кодтаиккой, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сайгӕ кӕнынц, стӕй цӕмӕй Хуанӕйы дӕр адӕмы цӕсты бафтыдтаид, уый тыххӕй йӕм йӕ аргъуанмӕ фӕдзырдта, дӕ ног дины тыххӕй, дам, дӕ афӕрстытӕ кӕнӕм.
Хуанӕ радзырдта: «Ӕртӕ фарстайы мӕм радта: „Хъӕлӕс цӕуылнӕ фӕкӕнут? Хӕстмӕ цӕуылнӕ цӕут? Уӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕн хонут?“ Йӕ алы фарстайӕн дӕр ын дзуапп лӕвӕрдтон Библийӕ, ӕмӕ, аргъуаны чи уыд, уыдон дӕр се ’ппӕт дӕр сӕ Библитӕм кастысты ӕмӕ-иу бадис кодтой, ӕцӕгдӕр дзы афтӕ куы ис
фыст, зӕгъгӕ. Бирӕтӕ сӕ бамбӕрстой, рӕстдзинад кӕй ссардтой, уый, ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг Йегъовӕйӕн йӕхи снывонд кодта 25 адӕймаджы». Уыцы диссаджы хабары фӕстӕ Санто-Домингойы хъусынгӕнджытӕ хъуыддагмӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй бавнӕлдтой.Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуынвӕнд нӕ кӕнынц
Трухильойы куы амардтой, уый фӕстӕ политикӕйы уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кодта. 1963 азы «Ӕрвылазон чиныджы» фыст уыд: «Ӕфсӕддонтӕ уынгты разил-базил кодтой. Алы бон дӕр уыд змӕстытӕ, адӕм кӕрӕдзиимӕ хӕцыдысты». Фӕлӕ кӕд бӕстӕ ахӕм змӕст уыди, уӕддӕр хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг размӕ цыд. Ӕмӕ 1963 лӕггады азы кӕрон хъусынгӕнджыты нымӕцыл бирӕ бафтыд – 1 155 адӕймаджы баисты.
1962 азы Доминиканы Республикӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадӕй ӕрцыд ӕфсымӕр Нейтан Норр. Хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цыд, ӕмӕ йыл цӕмӕй аххӕссӕн уыдаид, уый тыххӕй хъуыди филиал фестырдӕр кӕнын. Ӕмӕ ӕфсымӕр Норр бацархайдта, цӕмӕй стырдӕр агъуыстытӕ саразынӕн зӕхх балхӕдтаиккой. Ӕмӕ дзы дыууӕуӕладзыгон агъуыст ӕмӕ Паддзахады зал арӕзт ӕрцыд. 1963 азы 12 октябры, сабаты, филиалы ног агъуыстытӕ Йегъовӕйӕн куы нывонд кодтой, уӕд раныхас уыди Фредерик Френцӕн (сӕйраг хайадӕй). Бӕрӕг уыд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Доминиканы Республикӕйӕ цӕуынвӕнд кӕй нӕ кӕнынц. Уыцы хабарӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ӕрцыдысты Харри ӕмӕ Пакитӕ Даффилд, Кубӕйӕ фӕстагмӕ кӕй рарвыстой, уыцы миссионертӕ.
Революцийы рӕстӕджы дӕр сӕ нымӕцыл ӕфтыд
1965 азы 24 апрелы бӕстӕйы райдыдта революци. Уыцы зын рӕстӕджыты Йегъовӕйы адӕмӕн бирӕ ӕнтыст ӕмӕ бонӕй-бон фылдӕр кодтой. 1970 азмӕ дзы
уыди 63 ӕмбырды ӕмӕ 3 378 хъусынгӕнӕджы. Се ’мбисӕй фылдӕр организацимӕ ӕрбацыд фӕстаг фондз азмӕ. 1972 азы «Ӕрвылазон чиныджы» фыст уыд: «Уыдон сты алыхуызон адӕймӕгтӕ – автомеханиктӕ, фермертӕ, шофыртӕ, бухгалтертӕ, амайджытӕ, хъӕддӕснытӕ, юристтӕ, дӕндӕгты дохтыртӕ ӕмӕ ма суанг, раздӕр политикӕйы чи архайдта, ахӕмтӕ. Йегъовӕйы ӕмӕ рӕстдзинад кӕй уарзынц, уый сӕ бӕтты кӕрӕдзийыл».