Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Индонези

Индонези

АДОН сты цымыдисаг хабӕрттӕ сӕрныллӕг ӕмӕ хъӕбатыр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты тыххӕй. Уыдон сӕ уырнындзинад фӕцудын нӕ бауагътой, кӕд политикӕ ӕмӕ дины тыххӕй сӕ бӕстӕйы змӕстытӕ цыди ӕмӕ сӕ сауджынты ардыдӕй 25 азы дӕргъы хицауад хъусын кӕнын нӕ уагъта, уӕддӕр. Базондзыстут, коммунисттӕ марынмӕ кӕй хъавыдысты, уыдоны хыгъдмӕ чи бахауд, уыцы ӕфсымӕры хабар ӕмӕ, раздӕр бандӕйы хицау чи уыд ӕмӕ стӕй фӕзминаг ӕфсымӕр чи сси, уый хабар дӕр. Бакӕсдзыстут зӕрдӕмӕхъаргӕ цау, хъусӕй чи нӕ хъусы, дыууӕ ахӕм чызджы тыххӕй. Уыдон балымӕн сты ӕмӕ стӕй базыдтой, хӕрз хотӕ кӕй уыдысты, уый. Базондзыстут ма, Йегъовӕйы адӕм хорз хабар ӕнтыстджынӕй куыд хъусын кӕнынц, пысылмон диныл хӕст адӕм ӕппӕты фылдӕр кӕм ис, уыцы бӕстӕйы.

АЦЫ ХАЙЫ

Цыбыртӕй Индонезийы тыххӕй

Дунейы ӕппӕты стырдӕр архипелагӕн йӕ территорийы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ йе ’ӕгъдӕутты тыххӕй цыбыртӕй.

Хӕрздӕфгӕнӕнтӕ уӕй кӕныны хъуыддаг

16 ӕнусы дунейы экономикӕйыл ӕппӕты тынгдӕр ӕндӕвта хӕрздӕфгӕнӕнтӕ уӕй кӕныны хъуыддаг

«Мӕнӕ ардыгӕй райдайдзынӕн!»

Цалдӕр хъӕбатыр чиныгхӕссӕджы (пионеры) Австралийӕ, ам хъусын кӕнын куы райдыдтой, уӕд стыр зындзинӕдты сӕрты ахызтысты.

Фыццаг куыд хъусын кодтой

Ӕвдисӕнты радиопередачӕтӕ, стӕй Индонезийы наулӕууӕнты кӕй хъусын кодтой, уый тынг смӕсты кодта рӕстдзинады тыхджын знӕгты.

«Бибелькринг»

Ацы дины къордӕн йӕ бындур уыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты литературӕ, фӕлӕ уыцы къорды чи уыд, уыдон фӕстӕдӕр адӕймаджы хъуыдыты фӕдыл адзӕгъӕл сты.

Ӕппӕты зынаргъдӕр ын уыдысты Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕ

Дю Сэн Бейӕн змӕнтджытӕ йӕ хӕдзары ницыуал ныууагътой, фӕлӕ ма дзы баззад, ӕппӕты зынаргъдӕр ын цы уыди, уый.

Фыццаг дыргътӕ Ныгуылӕн Явӕйы

Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ публикацитӕ парахат кӕнын нал уагътой, уӕддӕр хорз хабар хъусын кӕнынӕн фадӕттӕ ардтой.

Япойнӕгты ’фсондзы бын

Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй чидӕртӕ ӕрхъуыды кодтой, хӕсты хъуыддӕгты куыд никӕй ’вварс рахӕцой, ӕмӕ афтӕмӕй Японийы хицауады регистраци куыд скӕной.

Хъӕбатыр пионер

Андре Элиас Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта 60 азы дӕргъы, кӕд ӕм бирӕ хӕттыты пъӕлицӕмӕ фӕсидтысты ӕмӕ-иу ӕм ӕртхъирӕн кодтой, уӕддӕр.

Фыццаг миссионертӕ

Галаады чи сахуыр кодта, уыцы миссионертӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ тагъддӕр цыдаид.

Хорз хабар фӕхӕццӕ скӕсӕнмӕ

Цымӕ дины кусджытӕн ацы хатт рауайдзӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бауромын?

Фылдӕр миссионертӕ ӕрцыд

1970 азты ӕмбис уавӕр ӕвиппайды ӕвзӕрырдӕм фӕивта, ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнӕн нал уыд.

Саррӕйы ӕцӕг чызг

Тити Кутин ӕхсызгонӕй каст йӕ лӕджы коммӕ ӕмӕ йын уый стыр арфӕдзинад ӕрхаста.

Уыцы конгресс сӕ никуы ферох уыдзӕн

1963 азы конгресс «Ӕнусон хорз хабар» ӕнӕкъуылымпыйӕ ацыд, кӕд йӕ ауадзыны тыххӕй бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты, уӕддӕр.

Коммунисттӕ куы сызмӕстой, уӕд удӕгасӕй баззадтӕн

Роналд Джакайӕн удӕгасӕй ингӕн скъахтой.

Фӕндзай азы фӕлӕггад кодта сӕрмагонд пионерӕй

1964 азы Ныгуылӕн Папуӕйы иу протестантон сауджын ӕртхъирӕн кодта: «Ӕз хъуамӕ Маноквари Йегъовӕйы Ӕдисӕнтӕй фервӕзын кӕнон!» Цымӕ йын дзы исты рауад?

Бандӕйы хистӕр сси хӕрзӕгъдау адӕймаг

Сгарджыты хайады сӕргълӕууӕг бафарста: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕгӕй Индонезийы цы кусынц?»

Сӕ къухтӕ ӕруадзыны фӕнд сӕм нӕй

Афтӕ цӕмӕн зӕгъынц: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕгӕлтӕй уӕлдай не сты»?

Ӕмбырдтӕ нӕ цух кодтой

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар куы радтой, уӕд сын хицау ӕнӕнхъӕлӕджы афтӕ бакодта: «Сӕрибарӕй хъусын кӕныны бар уын регистрацийы гӕххӕтт нӕ дӕтты»

Чырыстон уарзондзинад ӕрдзон бӕллӕхты рӕстӕг

Зӕххӕнкъуыст Индонезийы горӕт Гунунгситоли зӕххӕмвӕз куы скодта, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уырдӕм уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзындысты.

Нӕ диныл нӕ къух никуы систам

Даньел Локолло дзуры, ахӕстоны хъахъхъӕнджытӕ сын цы фыдмитӕ кодтой, уый тыххӕй.

Разамындмӕ байхъуыстам, ӕмӕ удӕгасӕй баззадыстӕм!

Индонезийы пысылмӕттӕ ӕмӕ чырыстӕттӕ кӕрӕдзи ныхмӕ кӕй фесты, уый Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты цард тӕссаг уавӕры баппӕрста.

Хъуыддаг стыр къахдзӕфтӕй размӕ цӕуы

Ӕфсымӕртӕн хъусын кӕныны бар куы радтой, уӕд сын ӕртӕ ахсджиаг хъуыддаджы стыр пайда фесты.

Йегъовӕйы ном сӕрыстырӕй хъусын кӕнынц

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, раздӕр куыд ахуыр уыдысты, уый аххосӕй ӕмӕ се ’гъдӕутты аххосӕй уӕндонӕй хъусын кӕнын нӕ уӕндыдысты. Уыцы зындзинӕдты сӕрты цӕй фӕрцы ахызтысты?

Филиал арв ӕмӕ зӕххы ’хсӕн

Адӕм хорз хабар кӕм нӕма фехъуыстой, ахӕм ран лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уыдон ссардтой, цы агуырдтой, уый.

Йегъовӕ нын раарфӕ кодта, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдыстӕм, афтӕ!

Индонезийы хъӕу Тугалӕ Ойойы ӕмбырд стыр арфӕдзинадӕй схайджын.

Кӕдӕй-уӕдӕй та стӕм иумӕ!

Хъусӕй чи нӕ хъуыста, дыууӕ ахӕм хойы гыццылӕй кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кодтой, ӕмӕ дзы иуы кӕмӕндӕр радтой, фӕлӕ рӕстдзинады фӕрцы ныр иумӕ сты.