Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ИНДОНЕЗИ

Фыццаг дыргътӕ Ныгуылӕн Явӕйы

Фыццаг дыргътӕ Ныгуылӕн Явӕйы

Теодорус Рату

1933 азы Фрэнк Райс фӕдзырдта Теодорус (Тео) Ратумӕ, уыди провинци Цӕгат Сулавесийӕ, цӕмӕй йын Джакартӕйы литературӕйы скълады баххуыс кодтаид. «Уыцы хорз куыст – Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы архайын – мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди ӕмӕ ӕфсымӕр Райсимӕ хъусын кӕнын райдыдтон,– дзырдта Тео.– Фӕстӕдӕр, Билл Хантер йӕ уацамындон балцы Явӕйы куы уыд, уӕд ӕм ӕз дӕр ӕрбаиу дӕн. Стӕй та ӕфсымӕртимӕ нау „Рухсхӕссӕг“-ыл ацыдтӕн Суматрӕмӕ». Тео уыди, индонезиӕгтӕй рӕстдзинад чи базыдта, уыдонӕй фыццаг. Ӕмӕ цалдӕр дӕс азы пионерӕй фӕлӕггад кодта Явӕйы, Цӕгат Сулавесийы ӕмӕ Суматрӕйы.

1934 азы Билл Хантер, Джакартӕйы чи ахуыр кодта, иу ахӕм студентӕн, Феликс Танӕн, радта буклет «Мӕрдты исты ис?». Феликс сӕхимӕ, Бандунгмӕ (провинци Ныгуылӕн Явӕ) ӕрыздӕхт ӕмӕ буклет йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Додойӕн равдыста. Ӕфсымӕртӕ куы базыдтой, фыццаг адӕймаг Адамӕн ӕнӕмӕлгӕ уд нӕ уыди, фӕлӕ уд йӕхӕдӕг уыди, уӕд сӕ дисӕн кӕрон нал уыд (Райд. 2:7). Феликс ӕмӕ Додойы бафӕндыд ноджы фылдӕр базонын ӕмӕ Бандунгы зӕронд чингуыты дуканитыл се ’ппӕтыл дӕр ӕрзылдысты, Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнады уагъд литературӕ агургӕйӕ. Цы-иу базыдтой, уый-иу сӕ бинонтӕн дӕр радзырдтой. Цыдӕриддӕр чингуытӕ ӕмӕ буклеттӕ ссардтой, уыдон иууылдӕр куы бакастысты, уӕд ныффыстой Джакартӕйы литературӕйы скъладмӕ. Ӕмӕ куыннӕ бадис кодтаиккой, Фрэнк Райс сын йӕхӕдӕг ног литературӕ куы ӕрласта, уӕд.

Таньты бинонтӕ

Ӕфсымӕр Райс фӕстӕмӕ Джакартӕмӕ куы ацыд, уӕд Бандунгмӕ дыууӕ къуыримӕ ӕрцыд Клем Дешан, ӕрӕджы йӕ цард кӕимӕ баиу кодта, уыцы хо Джинимӕ. Феликс радзырдта: «Ӕфсымӕр Дешан нӕ хӕдзарыдзагӕй бафарста, донаргъуыд райсын уӕ нӕ фӕнды, зӕгъгӕ. Цыппарӕй – Додо, мӕ кӕстӕр хо Джозефинӕ (Пинь Нио), мӕ мад (Кан Нио) ӕмӕ ӕз – донаргъуыд райстам» *. Уый фӕстӕ иууылдӕр иумӕ – Таньты бинонтӕ ӕмӕ Клем ӕмӕ Джин – фараст боны дӕргъы хъусын кодтой хорз хабар. Клем сӕ сахуыр кодта хъусын кӕнгӕйӕ уацамынды карточкӕтӕй пайда кӕнын. Карточкӕйы цыбыртӕй фыст уыди хорз хабар ӕртӕ ӕвзагыл. Бандунгы цы гыццыл къорд фӕзынд, уый гыццыл фӕстӕдӕр сси ӕнӕхъӕн ӕмбырд. Уый уыди дыккаг ӕмбырд Индонезийы.

Ромы папӕйы худ

Хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ кӕй цӕуы, уый сауджынтӕ куы федтой, уӕд мӕсты кӕнын райдыдтой. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуыл ӕууӕндынц ӕмӕ цы куыст кӕнынц, уый фӕдыл се ’ххуысгӕнджытимӕ газетты цалдӕр фауӕн статьяйы рауагътой. Уыцы статьяты фӕстӕ Фрэнк Райсмӕ фӕсидтысты Дины хъуыддӕгты департаментмӕ. Сӕ фарстатӕн сын цы дзуапп радта, уымӕй разыйӕ баззадысты ӕмӕ бар радтой, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Индонезийы сӕ куыст дарддӕр кодтаиккой *.

1930 азты райдианы, колониалон хицауад кӕй сӕвӕрдта, уыцы хицӕуттӕн сӕ фылдӕрмӕ нымады дӕр нӕ уыди, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар кӕй хъусын кодтой, уый кӕнӕ та дзы ӕвзӕрӕй ницы уыдтой. Фӕлӕ Европӕйы нацистон Германи размӕ куы рацыд, уӕд хицӕуттӕй иуӕй-иутӕ, уӕлдайдӕр та католикон диныл тынг ӕнувыд чи уыд, уыдон, иннӕрдӕм фесты. Клем Дешан радзырдта: «Иухатт нын таможнӕйы кусджытӕй иу нӕ бӕстӕмӕ чингуытӕ ӕрбаласын нӕ бауагъта, нацизмы фыдкой, дам, дзы ис, зӕгъгӕ. Таможнӕмӕ уый тыххӕй хъаст куы бахастон, уӕд уыцы кусӕг уыди улӕфынмӕ, ӕмӕ мемӕ ныхас кодта йӕ хӕдивӕг, иу хӕларзӕрдӕ нӕлгоймаг. Уый католик нӕ уыд. Ӕнӕ уӕлдай ракӕ-бакӕйӕ нын нӕ чингуытӕ раласынӕн бар радта ӕмӕ нын афтӕ бакодта: „Ацы ран чи фӕбады, уый цалынмӕ ам нӕй, уӕдмӕ сӕ хӕсгӕ кӕнут!“»

«Ӕндӕр хатт та хицӕуттӕ ныллӕууыдысты ууыл, цӕмӕй чиныгӕй „Знӕгтӕ“ дыууӕ карикатурӕйы айстаиккам,– дзуры хо Джин Дешан.– Иуыл дзы уыд калм (Хӕйрӕг), иннӕйыл та – нозтджын хӕтаг сылгоймаг (мӕнг дин). Дыууӕтӕн дӕр сӕ сӕртыл уыд Ромы папӕйы худ (митрӕ) *. Мах тынг фӕндыд, цӕмӕй уыцы чиныг адӕм бакастаиккой. Уымӕ гӕсгӕ ӕртӕйӕ наулӕууӕны судзгӕ хуры бын сбадтыстӕм ӕмӕ цалдӕр мин чиныджы нывтыл Ромы папӕйы худ сау ахорӕнӕй ахуырстам!»

Чиныджы «Знӕгтӕ» хицауад фау цы дыууӕ нывмӕ ӕрхаста, уыдон

Европӕйы хӕст райдайынмӕ бирӕ нал хъуыди, нӕ публикациты та ӕргом ӕвдыст цыдысты чырыстон дунейӕн йӕ цӕстмӕхъус митӕ ӕмӕ, йӕхи политикӕйы куыд тъыссы, уый. Уӕд сауджынтӕ хицӕутты ардауын райдыдтой, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бартӕ фӕкъаддӕр кодтаиккой ӕмӕ нын нӕ публикацитӕй кӕцыдӕртӕ парахат кӕнын нал уагътой.

Фӕлӕ уӕддӕр ӕфсымӕртӕм сӕ къухтӕ ӕруадзыны фӕнд нӕ уыд, ӕмӕ, Австралийӕ цы мыхуыргӕнӕн станок ӕрластой, уымӕй пайда кӕнын райдыдтой (Хъуыд. 4:20). Уыцы зын рӕстӕджы цы мадзӕлттӕй пайда кодтой, уыдонӕй иуы тыххӕй Джин Дешан радзырдта: «Алы ног буклет ӕмӕ-иу алы ног журнал дӕр фыццаг хъуамӕ хицӕуттӕ федтаиккой. Гъемӕ-иу публикаци къуырийы райдианы ныммыхуыр кодтам ӕмӕ-иу ӕй ӕмбырдты байуӕрстам, къуырийы кӕрон та-иу дзы иу къопи Юстицийы министрадмӕ бахастам. Разыйы дзуапп-иу нын куы нӕ радтой, уӕд-иу нӕ сӕртӕ ӕруагътом, цыма нын тынг зын уыди, уыйау, ӕмӕ та-иу стӕй ног публикаци мыхуыр кӕнынмӕ бавнӕлдтам».

Парахат кӕнӕн кӕй нӕ уыд, уыцы литературӕ чи парахат кодта, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ арӕх пъӕлицӕимӕ «гӕды ӕмӕ мыстӕй» хъазыдысты. Зӕгъӕм, иухатт Кедирийы (провинци Скӕсӕн Явӕ) Чарлз Харрис бахоста иу хӕдзармӕ. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уым цард пъӕлицӕйы инспектор.

– Ӕз ӕнӕхъӕн бон сымах куы агурын,– загъта инспектор.– Иу гыццыл-ма фӕлӕуу, парахат кӕнӕн уын кӕй нӕй, уыцы чингуыты номхыгъд радавон.

Чарлз дзуры: «Цалынмӕ инспектор мидӕмӕ цыди, уӕдмӕ ӕз уыцы публикацитӕ мӕ пъалтойы миддӕггаг дзыппыты амбӕхстон. Фӕстӕмӕ куы рацыд, уӕд ын радтон 15 буклеты, уыдон номхыгъды нӕ уыдысты. Уымӕн дӕр ӕндӕр гӕнӕн нал уыди, ӕмӕ мын мысайнаг радта. Ӕз та, мӕ пъалтойы дзыппы кӕй бамбӕхстон, уыцы публикацитӕ уый фӕстӕ иннӕ хӕдзӕртты байуӕрстон».

Литературӕ мыхуыр кӕнынц змӕст рӕстӕджы

Дыккаг дунеон хӕст ӕнӕхъӕн Европӕйыл куы анхъӕвзта, уӕд Нидерландтӕй Индонезимӕ литературӕ нал цыди. Хабар афтӕ кӕй уыдзӕн, уый ӕфсымӕртӕ ӕмбӕрстой, ӕмӕ рагацау батыхстысты, цӕмӕй литературӕ мыхуыр кодтаиккой коммерцион компанитӕ Джакартӕйы. Журнал «Удӕнцой»-ы (ныр «Райхъал ут!») фыццаг номыр индонезиаг ӕвзагыл рацыди 1939 азы январы, ӕмӕ уый хӕдфӕстӕ та цӕуын райдыдта журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Иу цасдӕры фӕстӕ ӕфсымӕртӕ самал кодтой гыццыл мыхуыргӕнӕн станок ӕмӕ йыл журналтӕ мыхуыр кӕнын райдыдтой. 1940 азы сын Австралийӕ ӕрӕрвыстой стыр станок. Ууыл мыхуыр кодтой буклеттӕ ӕмӕ журналтӕ индонезиаг ӕмӕ нидерландаг ӕвзӕгтыл, уымӕй дӕр алцыдӕр арӕзтой сӕхи ӕхцайӕ.

Фыццаг мыхуыргӕнӕн станок ӕрхӕццӕ Джакартӕйы скъладмӕ

Ӕппынфӕстаг 1941 азы 28 июлы хицауад уынаффӕ рахаста, Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнады уагъд литературӕ парахат кӕныны бар кӕй нал ис. Хо Джин Дешан радзырдта: «Иу райсом офисы куыд куыстон, афтӕ мӕ дуар фегом ис, ӕмӕ мидӕмӕ сӕ сӕртӕ бӕрзонд сисгӕйӕ ӕрбахызтысты ӕртӕ пъӕлицӕйы кусӕджы ӕмӕ голландиаг стыр хицау бӕрӕгбоны дарӕсы – йӕ уӕлӕ уыди майдантӕ, урс ӕрмкъухтӕ, хъама ӕмӕ рӕсугъд коцораджын худ. Се ’рбацыд нӕм диссаг нӕ фӕкаст. Ӕртӕ боны раздӕр нӕм фӕхабарчындӕуыд, тагъд нын нӕ литературӕ парахат кӕныны бар кӕй нал уыдзӕн. Стыр хицау нын бакаст хицауады дӕргъӕй-дӕргъӕн уынаффӕ ӕмӕ ӕрдомдта, цӕмӕй йын нӕ мыхуыргӕнӕн станок равдыстаиккам – хъуамӕ нын ыл мыхуыр сӕвӕрдтаиккой, ӕмӕ йыл мауал куыстаиккам. Фӕлӕ йын мӕ сӕрыхицау загъта, кӕй байрӕджы кодта, уымӕн ӕмӕ станок ауӕй кодтам уый размӕ бон!»

Фӕлӕ Библи кӕсӕн уыд. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кодтой, ӕрмӕстдӕр-иу сӕм Библи уыди, афтӕмӕй. Стӕй Библи адӕмимӕ дӕр ахуыр кодтой. Фӕлӕ Азийы дӕр хӕст райдайынӕй тӕссаг уыди, ӕмӕ фӕсарӕйнаг пионерты фӕстӕмӕ Австралимӕ ӕрвыстой.

^ 1 абз. Фӕстӕдӕр ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систы Феликсы фыд ӕмӕ йе ’ртӕ кӕстӕр ӕфсымӕры дӕр. Йӕ хо Джозефинӕ смой кодта Андре Элиасмӕ ӕмӕ иумӕ каст фесты Галаады скъола. Йӕ биографи фыст ис 2009 азы сентябры «Райхъал ут!»-ы (уырыс.).

^ 1 абз. Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ Фрэнк Австралимӕ ацыд ӕмӕ бинонтӕ скодта. Ӕфсымӕр Райсӕн йӕ зӕххон цард фӕци 1986 азы.

^ 3 абз. Нывтӕ конд уыдысты Раргомады 12:9 ӕмӕ 17:3–6 гӕсгӕ.