ИНДОНЕЗИ
Фылдӕр миссионертӕ ӕрцыд
1964 азы 9 июлы Индонезийы Юстицийы департамент регистраци скодта Библииртасджыты Ассоциаци – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы юридикон оргӕнӕй пайда кодтой, уый. Фӕлӕ цӕмӕй ӕфсымӕртӕ Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кодтаиккой, уый тыххӕй ма сӕ хъуамӕ регистраци скодтаид Дины хъуыддӕгты департамент дӕр. Уыцы департамент та баст уыди Чырыстон динты сӕйраг управлениимӕ. Уым чи куыста, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыдысты, йӕ диныл тынг ӕнувыд чи уыд, ахӕм протестанттӕ ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй се сӕфт уыдтой.
Иу бон ӕфсымӕртӕй иу базонгӕ ис, Дины хъуыддӕгты департаменты министримӕ чи куыста, иу ахӕм хицауимӕ. Уыцы нӕлгоймаг ӕмӕ ӕфсымӕр иу хъӕуӕй разындысты ӕмӕ сӕ мадӕлон ӕвзагыл зӕрдиагӕй фӕныхӕстӕ кодтой. Ӕфсымӕр ын радзырдта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Чырыстон динты сӕйраг управлени сӕ хъуыддаг кӕй къуылымпы кӕны, уый тыххӕй. Уӕд хицау афтӕ бакодта, цӕмӕй ӕфсымӕртӕй ӕртӕйӕ фембӕлдаиккой дины хъуыддӕгты министримӕ. Министр, пысылмон диныл хӕст нӕлгоймаг, разынд ӕмбаргӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг. 1968 азы 11 майы уый бардзырд радта, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ официалон ӕгъдауӕй диныл нымад ӕрцӕуой, ӕмӕ сын уый фӕрцы Индонезийы сӕрибарӕй архайынӕн бар фӕзынд.
Уыцы хицау ма бацархайдта, цӕмӕй фӕсарӕйнаг Ӕвдисӕнты миссионеры визӕтӕ райсынӕн Чырыстон динты сӕйраг управленийӕ бар курын ма хъуыдаид. Уыцы рӕстаг адӕймаджы ӕххуысӕй Индонезимӕ цалдӕр азмӕ ӕрцыд 64 миссионеры.
1968 азмӕ Индонезийы алы къуымты хорз хабар хъусын кодтой иу-300 миссионеры ӕмӕ сӕрмагонд пионеры, стӕй 1 200 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр. Миссионертӕ бынӕттон ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты кӕй ахуыр кодтой, уый фӕрцы сӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кодта. Уый уыди йӕ тӕккӕ афоныл, уымӕн ӕмӕ сӕм разӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты стыр фӕлварӕнтӕ.
Сауджынтӕ «Рождествомӕ лӕвар» райстой
1974 азы та Чырыстон динты сӕйраг управлени ногӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ архайын райдыдта. Сӕ сӕйраг директор Дины хъуыддӕгты департаменты регионалон хайӕдтӕм писмотӕ арвыста, ӕмӕ сын мӕнг ныхӕстӕ ныффыста, зӕгъгӕ, дам, ацы бӕстӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн закъонмӕ гӕсгӕ архайыны бар нӕй. Бынӕттон хицӕуттӕн та дзырдта, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бафхӕрынӕн алы фадатӕй дӕр пайда кодтаиккой. Хицӕуттӕн сӕ фылдӕр уыцы писмомӕ сӕ хъус не ’рдардтой. Фӕлӕ иннӕтӕ та уыцы
фадатӕй спайда кодтой, цӕмӕй сӕ ӕмбырдтӕ уадзын ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын мауал уагътаиккой.Раст уыцы рӕстӕг Аргъуанты дунеон совет спълан кодта Джакартӕйы ӕхсӕнадӕмон съезд скӕнын. Фӕлӕ бынӕттон пысылмӕттӕм уый фӕкаст тынг къӕйных ӕмӕ мӕстӕймарӕн ми. Динтӕ кӕрӕдзийӕн быхсын кӕй нал фӕрӕзтой, уый тыххӕй Аргъуанты дунеон совет съезд аивта. Фӕлӕ чырыстон дин райсыны фарста ахӕм ахсджиаг сси, ӕмӕ политиктӕй бирӕтӕ стыхстысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сауджынтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты номыл цъыф бакалыныл архайдтой, ӕмӕ сӕ алы ран дӕр хъаст кодтой, хорз хабар кӕй хъусын кӕнынц, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын чи райдыдта, уыцы хицӕутты нымӕц ноджы фӕфылдӕр.
1975 азы декабры, динтӕ ма кӕрӕдзимӕ тыххӕй-фыдӕй куы лӕууыдысты, уыцы рӕстӕг Индонези бабырста Скӕсӕн Тимормӕ, раздӕр уыд Португалийы колони. Авд мӕйы фӕстӕ Индонези Скӕсӕн Тимор йӕхимӕ ӕрбаиу кодта. Адӕм уымӕй афтӕ схъал сты, ӕмӕ сӕ бӕстӕйы тыххӕй амӕлыныл дӕр разы уыдысты. Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ политикӕйы хъуыддӕгты нӕ архайдтой, ӕфсадмӕ нӕ цыдысты ӕмӕ тырысайӕн нӕ табу кодтой, ӕмӕ сӕм уый тыххӕй ӕфсады хицӕуттӕн сӕ маст фыхти (Матф. 4:10; Иоан. 18:36). Сауджынтӕ уыцы уавӕрӕй спайда кодтой, ӕмӕ хицауадӕй ӕрдомдтой, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн исты сарӕзтаид. 1976 азы декабры ӕмбис хицауад сауджынтӕн «Рождествомӕ лӕвар» скодта – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар нал уыди.