Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Информаци

Информаци

УАГДАРТӔ Уагдартӕн сӕ хӕс у сымахӕн ӕххуыс кӕнын. Уӕ хорзӕхӕй, хъусут сӕм ӕмӕ уын куыд зӕгъой, афтӕ кӕнут, зӕгъӕм, машинӕ кӕм сӕвӕрат, кӕм сбадат ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгты.

ДОНАРГЪУЫД Донаргъуыд чи исдзӕн, уыдонӕн бынӕттӕ рахицӕн кӕндзысты сценӕйы акомкоммӕ. Ӕмӕ хъуамӕ уыцы бынӕтты сбадой, сабаты райсомӕй донаргъуыды фӕдыл цы раныхас уыдзӕн, уый размӕ. Алкӕй дӕр сӕ ӕрбахӕссын хъӕудзӕн хисӕрфӕн ӕмӕ, ӕфсармыл дзурӕг чи уа, ахӕм найӕн дарӕс.

МЫСАЙНӔГТӔ Конгрессы ис фаг бадӕн бынӕттӕ, программӕ хорз кӕй фӕрцы хъуысы, ахӕм аппаратурӕ, экрантӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ. Ӕппӕт уыдӕттыл бахардз бирӕ ӕхца, фӕлӕ нын уыдӕтты фӕрцы ӕнцондӕр у программӕмӕ лӕмбынӕг хъусын ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын. Уӕ мысайнӕгтӕ стыр ӕххуыс сты уыцы хӕрдзтӕ бамбӕрзынӕн ӕмӕ ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн. Мысайнӕгты асыччытӕ лӕууынц алы рӕтты. Уӕ бон ма у бацӕуын сайтмӕ donate.dan124.com ӕмӕ мысайнаг афтӕмӕй раттын. Алкӕй мысайнаг дӕр у тынг зынаргъ, ӕмӕ уын Разамонӕг совет арфӕ кӕны, Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ рӕдауӕй кӕй дӕттут, уый тыххӕй.

ФЫЦЦАГ ӔХХУЫС Рох уӕ ма уӕд: ам ӕххуыс кӕнынц, тынг тыхст чи уа, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн.

ЧИ ФЕСӔФТ ӔМӔ КӔЙ ССАРДТОЙ, АХӔМ ДЗАУМАТӔ Чи фесӕфт, ахӕм дзауматӕ куы ссарат, уӕд-иу сӕ ацы хайадмӕ бахӕссут. Кӕд уӕ исты фесӕфт, уӕд ӕй ам агурут. Сывӕллон йӕ ныййарджыты куы нал ара, уӕд уый дӕр хъӕуы ардӕм ӕрбакӕнын. Фӕлӕ цӕмӕй ахӕм хабӕрттӕ ма цӕуа ӕмӕ дзӕгъӕлы мачи фӕтыхса, уый тыххӕй, уӕ хорзӕхӕй, уӕ сывӕллӕттӕм кӕсут ӕмӕ сӕ иунӕгӕй макуыдӕм уадзут.

БЫНӔТТӔ Уӕ хорзӕхӕй, иннӕтыл хъуыды кӕнут. Уӕ зӕрдыл дарут, бынӕттӕ бацахсӕн кӕй ис ӕрмӕстдӕр уӕ бинонтӕн, стӕй, уемӕ иу машинӕйыл чи ’рбацыд, иу хӕдзары кӕимӕ цӕрут кӕнӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕнут, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн. Курӕг уӕ стӕм, уӕ фарсмӕ бандӕттыл мацы ӕвӕрут, цӕмӕй иннӕтӕ афтид бынӕттӕ уыной.

ӔХХУЫСГӔНДЖЫТӔ Кӕд уӕ конгрессы истӕмӕй фӕкӕсын фӕнды, уӕд-иу информацийы ӕмӕ ӕххуысгӕнджыты хайадмӕ бацӕут.

Бацӕттӕ йӕ кодта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет

© 2023 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania