Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зианы ӕгъдӕуттӕм цы цӕстӕй кӕсынц?
Зианы ӕгъдӕуттӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уый баст у, Библи цы дзуры, уыимӕ.
Зӕрдӕйӕн зынаргъ адӕймаджы мӕлӕтыл хъыг кӕнай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ-иу хъыг кодтой, сӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ чи уыд, уыдонӕй-иу исчи куы амард, уӕд (Иоанны 11:33–35, 38; Хъуыддӕгтӕ 8:2; 9:39). Уымӕ гӕсгӕ зиӕнттӕм фӕминас кӕныны тыххӕй не ’рбацӕуӕм (Екклесиаст 3:1, 4; 7:1–4). Зианмӕ ӕрбацӕуӕм, цӕмӕй зианджынӕн йӕ хъыгыл фӕхъыг кӕнӕм (Ромӕгтӕм 12:15).
Мӕрдтӕ ницыуал фембарынц. Бирӕты уырны, мӕрдтӕ алцыдӕр кӕй ӕмбарынц ӕмӕ сӕ бон кӕй у удӕгӕстыл фыдаудӕн кӕнӕ хӕрзаудӕн кӕнын. Уыцы ахуырад Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу (Екклесиаст 9:5, 6, 10). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, кӕмфӕнды ма цӕрӕм ӕмӕ цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уӕм, уӕддӕр нӕхи хизӕм уыцы ахуырадимӕ баст ӕгъдӕуттӕй. Уыдонмӕ хауы ӕхсӕвбадӕнтӕ кӕнын, хистыты ӕмӕ марды кӕндты стыр фынгтӕ ӕвӕрын, мардӕн истытӕ фӕлдисын, йемӕ ныхас кӕнын кӕнӕ дзы исты курын. Мах уыцы ӕгъдӕуттӕ нӕ кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ ӕххӕст кӕнӕм Библийы фӕдзӕхст: «Уӕхи фӕхицӕн кӕнут... ӕмӕ, чъизи цы у, ахӕмӕй мацӕмӕуал ӕвналут» (2 Коринфӕгтӕм 6:17).
Чи амард, уыдонӕн ис ныфс. Библи дзуры, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ, тагъд ахӕм рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн, ӕмӕ мӕлӕт нал уыдзӕн (Хъуыддӕгтӕ 24:15; Раргомад 21:4). Уыцы ныфс фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ махӕн дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу зианы рӕстӕг, цыма нын ницыуал ныфс ис, ахӕм митӕ ма кӕнӕм (1 Фессалоникӕгтӕм 4:13).
Библи нӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй бонзонгӕ уӕм (Ӕмбисӕндтӕ 11:2). Мах афтӕ нӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ зиан хорз фадат у, адӕймагмӕ цас мулк ис кӕнӕ ӕхсӕнады цы бынат ахсы, уымӕй «ӕппӕлынӕн» (1 Иоанны 2:16). Нӕ зиӕнттӕ бӕрӕгбӕтты хуызӕн нӕ вӕййынц. Тынг зынаргъ чырынтӕ дӕр нӕ фелхӕнӕм ӕмӕ мардыл дӕр ӕмӕ нӕхиуыл дӕр ахӕм дзаумӕттӕ не скӕнӕм, цӕмӕй нӕм адӕм ӕркӕсой.
Зианы ӕгъдӕутты тыххӕй цы хъуыды кӕнӕм, уый иннӕтӕн нӕ хъарӕм. Ацы хъуыддаджы мах архайӕм Библийы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ: «Алчидӕр Хуыцауы раз дзуапп ратдзӕн йӕхи тыххӕй» (Ромӕгтӕм 14:12). Фӕлӕ нын фадат куы фӕзыны, уӕд, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй иннӕтӕн «сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй» фӕдзурӕм (1 Петры 3:15).
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зианы хабӕрттӕ куыд фӕкӕнынц?
Бынат. Кӕд бинонтӕ аскъуыддзаг кӕной, зианы фӕдыл раныхас кӕй уыдзӕн, уӕд сӕ бон у равзарын, Паддзахады залы уыдзӕн, хӕдзары ӕви уӕлмӕрды.
Зианы фӕдыл раныхас. Раныхас радзурынц зианджынты зӕрдӕ бафидар кӕныны тыххӕй. Уым бамбарын кӕнынц, Библийы мӕлӕты ӕмӕ райгасдзинады тыххӕй цы фыст ис, уый (Иоанны 11:25; Ромӕгтӕм 5:12; 2 Петры 3:13). Раныхасы ма зӕгъӕн вӕййы, чи амард, уыцы адӕймаджы хорз миниуджыты тыххӕй ӕмӕ нын йӕ иузӕрдиондзинадӕй фӕзминаг куыд у, уый тыххӕй (2 Самуилы 1:17–27).
Азарӕн вӕййы Библийыл арӕзт зарӕг (Колоссӕгтӕм 3:16). Раныхасы фӕстӕ скувынц (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).
Ӕхца ӕмбырд кӕныны хабар. Дины ӕгъдӕуттӕ скӕныны тыххӕй, уыимӕ зиан ӕвӕрыны ӕгъдӕутты тыххӕй дӕр, не ’мчырыстӕттӕй ӕхца нӕ фӕисӕм. Стӕй не ’мбырдты дӕр ӕхца нӕ фембырд кӕнӕм (Матфейы 10:8).
Кӕй бон у ӕрбацӕуын. Паддзахады залмӕ зианы фӕдыл раныхасмӕ байхъусынмӕ сӕ бон у ӕрбацӕуын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕн дӕр. Нӕ иннӕ фембӕлдтӕм алкӕй бон дӕр куыд у ӕрбацӕуын, афтӕ ацы раныхасмӕ дӕр.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕндӕр диныл хӕст адӕмы зиӕнттӕм цӕуынц?
Алы Ӕвдисӕн дӕр йе ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ ахуыр кӕны, ӕмӕ ацы фарстайы фӕдыл уынаффӕ рахӕссы, йе ’фсарм ын цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ (1 Тимофеймӕ 1:19). Фӕлӕ нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ цавӕрдӕр ӕгъдӕуттӕ Библимӕ гӕсгӕ раст не сты, уӕд сӕ не ’ххӕст кӕндзыстӕм (2 Коринфӕгтӕм 6:14–17).