Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иннӕ динты ныхмӕ не сты?
Библи куыд амоны, уымӕ гӕсгӕ «алкӕмӕн дӕр кад кӕнӕм» – уӕлдай нӕу, цавӕр диныл хӕст у, уый (1 Петры 2:17). Зӕгъӕм, иуӕй-иу бӕстӕты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты цалдӕр сӕдӕ мины. Фӕлӕ уӕддӕр политикты кӕнӕ закъонӕвӕрджыты иннӕ динты ныхмӕ никуы фӕардауӕм. Стӕй нӕ фӕархайӕм, цӕмӕй хицауадӕн ахӕм закъон рауадзын кӕнӕм, ӕмӕ адӕм иууылдӕр нӕ дины ’гъдӕуттӕм гӕсгӕ цӕрой. Мах иннӕ динты ныхмӕ не стӕм ӕмӕ сӕ бузныг вӕййӕм, уыдон дӕр нӕ ныхмӕ куы нӕ фӕархайынц, уӕд (Матфейы 7:12).